ХÆСТОНТЫ  РУХС  НОМ  МЫСЫНÆН

Нæма фесты Стыр Уæлахизы 75 азы кадæн мысæн æмæ бæрæгбоны мадзæлттæ. Уæлахизы азы фæлгæтты цы бирæ конкурстæ уыд, уыдонæй иу скодта Уырыссаг æвзаджы дунеон академийы Австралиаг филиалы президент, зынгæ фыссæг, проекты координатор Алек-сандр Сидоров. Конкурсы домæнтæ сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæ равдисын.

Конкурсмæ сæ куыстытæ арвыстой дунейы алы къуымтæй, уыимæ Цæгат Ирыстонæй дæр. Йæ архайджыты кар уыд авд азæй 106 азмæ. Дунеон жюри æркасти конкурсы 150 бæрц куыстытæм æмæ равзæрста хуыздæрты. Нæ республикæйæ конкурсы чи архайдта, уыдон сæхи аккагæй равдыстой дунеон æмвæзадыл.

Конкурсы стырдæр хæрзиуæг «Гран-при»-йæ (се ʻппæты хуыздæр) хорзæх-джын æрцыд Дзæуджыхъæуы 45-æм гимназийы æвдæм къласы ахуырдзау Хетæгкаты Илья. Уый ныффыста документалон очерк «Пока я помню – я живу. Фронтовая дорога моей семьи» (йæ разамонæг – Виктория Паранянц).

Ацы гимназы æвдæм къласы ахуырдзау Æлборты Камилæ йæ документалон очерк «Солдатский треугольник – история героя»-йы тыххæй райста фыццаг бынат (йæ разамонæг  – Гуырцъыты Альбинæ).

 «Документалистикæ»-йы къабазы конкурсы дыккаг бынат бацахста поэт, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Касаты Батрадз, æмæ хорзæхджын æрцыд Дунеон литературон конкурсы дыккаг къæпхæны сæрмагонд дипломæй, йе ʻрмæг «Фыдыфыды зарæг»-ы тыххæй.

 «Сфæлдыстадон куыстмæ бæрнон ахаст»-ы тыххæй сæрмагонд дипломтæй хорзæхджын æрцыдысты фыссæг Гусалты Барис æмæ  Алагиры 3-æм скъолайы æвдæм къласы ахуырдзау Уататы Сæр-мæт (йæ куысты разамонæг – Пагæты Фа-тимæ).

Уæлахиздзаутæн дипломтæ радта журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор æмæ конкурсы организатор Цæгат Ирыстоны хайы Хетæгкаты Оксанæ. Уый ма сын дипломтæй уæлдай балæвар кодта  Ирон театры радон спектаклмæ хонæн билет-тæ.

 Оксанæ конкурсмæ стыр бавæрæн кæй бахаста, æхсæнадон царды активон хайад кæй исы, уый тыххæй йын арфæйы ныхæстæ загъта Пагæты Фатимæ.        

«БÆЛЛИЦТЫ  ЕЛКÆ»  ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ

  Ныр æртыккаг аз «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы залы æвæрд æрцæуы «Елка желаний». Уый у хæрзаудæн акци. Йæ нысан у æвæрæз æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн, стæй социалон уагдæтты хъомылгæнинæгтæн рæсугъд бæрæгбон скæнын æмæ сын сæ бæллицтæ сæххæст кæнын.

Сывæллæттæ елкæйыл сауындзынц открыткæтæ сæ бæллицтимæ. Уыцы открыткæтæ райсынц Паддзахадон Думæйы æмæ республикæйы Парламенты депутаттæ, Дзæуджыхъæуы Æмбырдгонды минæвæрттæ, амалхъомтæ… Открыткæ чи цы бæллицимæ райста, уый хъуамæ сæххæст кæна. Уыдон вæййынц алыхуызон: чи хъазæнмæ бæллы, чи зындгонд спортсментимæ фембæлынмæ, чи Сырх Фæзы атезгъо кæнынмæ æмæ афтæ дарддæр. Æрвылаз дæр сывæллæтты бæл-лицтæ æххæстгонд æрцæуынц мæйы æмгъуыдмæ.

«Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады Сæрдар Ортабайты Тимур бузныг загъта, акцийы хайад чи исы æмæ сы-вæллæтты бæллицтæ сæххæст кæныныл зæрдиагæй чи архайы, уыдонæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.