Ӕрæджы, Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстæгæнæг Пухаты Мераб, уыд кусæгон балцы Ленингоры районы æмæ йын бынæттон цæрджытæ рахъаст кодтой, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы паспорттæ райсын сын кæй нал æнтысы ныр цалдæр мæйы дæргъы, уый тыххæй. Пухаты Мераб хъастгæнджытæн бамбарын кодта, зæгъгæ, паспортонвизæйон службæйы æрдыгæй алцы дæр арæзт цæуы, цæмæй не ‘мбæстæгтæ сæ паспорттæ рæстæгыл исой. Уымæй уæлдай ма сын баныфсæвæрдта, ацы проблемон фарстмæ лæмбынæг кæй æркæсдзæнис æмæ йæ кæй æрæвæрдзæнис Хицауады раз.

Ӕмæ та ныр райдыдтой паспорттæ дæттын бынæттон цæрджытæн. Ивгъуыд къуыри уал лæвæрд æрцыдис 16 паспорты æмæ ацы къуыри дæр ратдзысты ноджы 16. Ленингоры районы мидхъуыддæгты управленийы паспортон-визæйон службæйы къорды инспектор Хынцæгты Лианæйы ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн районы цæрджытæн сæ 80 проценты бæрц райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы паспорттæ.

«Абоны бон нæм бынæттон цæрджытæй ис 200 куырдиаты бæрц паспорт райсыны тыххæй æмæ сæ гæххæттытæ æрвыст æрцыдысты Цхинвалмæ. Æмбæстагдзинад райсынæн фæхъæуы рæстæг æмæ уымæ гæсгæ кæддæрты ацы процедурæ адаргъ вæййы мæйгæйтты. Паспорт куыддæриддæр сцæттæ вæййы, афтæ йын фæдзурæм йæ хицаумæ æмæ йын æй раттæм. Районы нæм ис бирæ кардзыд адæм, кæдонæн сæ бон нæу милицийы управленимæ æрбацæуын æмæ сæ уы-донæн та нæхæдæг бахæссæм хæдзармæ. Бирæ хæттыты нæ бахъæуы ацæуын дæрддзæф хъæутæм дæр», – зæгъы Хынцæгты Лианæ.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.