23 июлы национ информацион фæрæзты боны цытæн Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты дунеон пресс-центры уагъд æрцыд хорзæхтæ дæттыны цытджын мадзал.

Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Хъотайты Мария йæ дæлбаруæвæг информацион фæрæзты æмæ рауагъдадты минæвæрттæн арфæ ракодта бæрæгбоны цытæн, Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй нæ бæстæйы хæдбардзинад банымадыл 10 азы сæххæсты цытæн юбилеймæ цæттæгæнæн куыстытæ кæй цæуынц, уымæ гæсгæ ацы профессионалон бæрæгбонæн стыр рæстæг лæвæрд не ‘рцыд Республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй.

«Абон мах фæхъулон кодтам, афæдзы дæргъы йæ куысты хорз æнтыстытæ кæмæн уыд, уыдоны. Æхсызгон нын у, алы къухдариуæггæнæг дæр бæрнон ахаст кæй равдыста уыцы хъуыддагмæ, уымæн æмæ уыдонæй алчи дæр хуыздæр зоны, хорзæхы аккаг æм чи у, уыдоны»,- дзырдта йæ арфæйы ныхасы Хъотайты Мария.

Комитеты сæрдары цæст сын бауарзта хорз ног хабæрттæ, бæстæйы хорз æнтыстытæ рæгъмæ цы хæссой æмæ нæ царды фæлхатт куыд никуыуал  æрцæуа хæст.

«Дæс азы размæ журналисты куыст цардæн тæссаг уавæрты кæнгæ уыд. Мах хъуыды кæнæм, куыд уæззау уавæрты куыстой нæ журналисттæ 2008 азы,  мæлæт-хæссæг нæмгуыты бын, цардæн тæссаг уавæрты дунемæ лæвæрдтой Хуссар Ирыстоны сæвзæргæ уæззау уавæр», – дзырдта уый.

Хъотайты Мария Националон информацион фæрæзты бæрæгбоны цытæн Кады грамотæтæ æмæ арфæйы фыстæджытæй цытджын уавæры схорзæх-джын кодта:  сæйраг национ ирон газет «Хурзæрин», журнал «Фидиуæг», паддзахадон телекомпани «Ир», информацион агентад «Рес», Полиграфион кондадон баиугæнд, агентад «Союзпечать», æмæ комитеты иуæй-иу кусджыты.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынады  ног хабæртты блокы редактор Лохты Дзамбулат бузныг загъта комитетæн, сæ куыстæн сын аккаг аргъ кæй кæнынц, уый тыххæй. Йæ коллегæтæн та йæ цæст бауарзта, цæмæй хорз хабæрттæ фыссой Ирыстоны хæрзиуæгæн.

Арфæйы фыстæджытæй хорзæхджын æрцыдысты,  æрæджы Цæгат Ирыстонмæ пресс-туры рæстæджы нæ бæстæйы информацион фæрæзты минæвæртты фæндагон æдасдзинад чи хъахъхъæдта, мидхъуыддæгты управленийы уыцы дыууæ кусæджы – Бестауты Бибо æмæ Тедеты Филипп.

Æрæджы журналистон æхсæнадæй фæ-хъуыд æвзонг, йæ куыстыл æнувыд журналист газет «Хурзæрин»-ы уацхæссæг Туаты Ларисæ. Йæ рухс ном ын мадзалы хайадисджытæ ссардтой æмырæй алæугæйæ. Бæрæгбоны цытæн комитеты Кады грамотæ æмæ  премийæ уый хорзæхджын æрцыд йæ амæлæты фæстæ.

Националон информацион фæрæзты боны цытæн ма арфæйы ныхæстæ æмæ хорзæх-тимæ мадзалмæ фæуазæг сты республикæйы Уæлвæткон уавæрты æмæ Мидхъуыддæгты министрадты минæвæрттæ. Министрадты къухдариуæгад æмæ сæрмагонд сконды номæй арфæты фæстæ, уыдон цытджын уавæры хорзæхтæ радтой сæ хицæуттæн.

Мадзалы сæйраг хайы фæстæ Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитет информацион фæрæзты минæвæрттæн сорганизаци кодта бæрæгбонон фуршет.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.