Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володинæн

Цытджын Вячеслав Викторы фырт!

Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ, Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы Сæрдары бынатмæ æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый цытæн.

Дæ профессионалон  æмæ адæймагон миниуджытæ, егъау цардуагон фæлтæрддзинад æмæ къухдариуæггæнæджы, авторитетон политикы курдиат ахъаз кæнынц, Уæрæсейы Федерацийы закъондæттæн органы раз цы хæстæ æвæрд цæуы, уыдон скъуыддзаг кæнынæн. Ахæм бæрнджын бынатмæ ногæй æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый нысан кæны дæ бæрзонд профессионализм æмæ Фыдыбæстæйæн æнувыдæй лæггад кæнын, бæрæг кæны парламентаризмы фадыджы зынгæ æнтыстытæ.

Ныфс мæ ис, дæ сæрмагонд миниуджытæ, аккаг квалификаци, къухдариуæггæнæджы зонындзинæдтæ, æцæг патриотизм дарддæр дæр фадат ратдзысты фарстытæ эффективонæй скъуыддзаг кæнынæн, кæ-цытæ здæхт сты уæрæсейаг паддзахаддзинад æмæ закъоны уæлиондзинад сфидар кæнынмæ.

Мæ цæст дын уарзы дæ бирæварсон архайды æнтыстытæ Уæрæсейы бирæнацион адæмы хæрзиуæгæн. Уадз, дæ профессионализм лæггад кæнæд стабилондзинады гарантийæн, уæрæсейаг æмбæcтæгты рæзт æмæ фæрныгадæн царды алы фадгуыты.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

 

 

Арфæ – Хъалонты органты

кусджытæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты органты цытджын кусджы-тæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Хъалонты орган-ты кусæджы боны цытæн!

Уæ æнгом æмæ раст куыстыл баст у ахсджиаг проектты реализаци, бюджет йедзаг кæнын, экономикæйы фæдфæдылон рæзт, социалон стабилондзинад æмæ æмбæстæгты царды гъæд фæхуыздæр кæнын.

Сымах æрвылбон архайут паддзахадон масштабы фарстытæ скъуыддзаг кæныныл. Куыстмæ уæ бæрнон ахаст, хъалонтæ æмæ æмбырдты тыххæй закъондæттынад æххæст кæнын гаранти дæтты паддзахады æмæ æхсæнады интерестæ хъахъхъæнынæн.

Фæстаг азты республикæйы хъалонты службæ бакодта егъау куыст. Æргом хъалонон куыст саразын, хъуыддагмæ сфæлдыстадон ахаст, хъалонфидджытимæ æмархайды æмвæзад фæхуыздæр кæнын фадат рад-той паддзахадон бюджетмæ хъалонон бацыдтытæ фæбæрзонддæр кæнын.

Ныфс мæ ис, уæ профессионализм æмæ фæлтæрддзинады руаджы дарддæр дæр æнтыстджынæй скъуыддзаг кæндзыстут уæ разылæууæг паддзахадон хæстæ.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, фæрныгад сымахæн æмæ уæ бинонтæн, ног æнтыстытæ уæ куысты республикæйы хæрзиуæгæн!

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади

 

 

 

Арфæ – Фæндагаразджытæн

Фæндагон хæдзарады цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Фæндагон хæдзарады кусæджы боны цытæн!

Абон кад кæнынц, фæндагон-уынгон хызæджы объекттæ чи аразы, ацы зын хæдзарад чи дары æмæ эксплуатаци кæны, уыдонæн.

Уæ куысты гъæдыл баст у фæндаджы змæлды æдасдзинад, стабилон транспортон бастдзинад, экономикæйы фадгуыты æмæ æхсæнадон инфраструктурæйы фæд-фæдылон рæзт.

Фæндагон хызæг фæхуыздæр кæнын, ног объектты арæзтад æмæ уæвæг объекттæм хъусдарынад  сты республикæйы Хицауады сæйраг хæстæ, æмæ ахсджиаг сты не ‘мбæстæгты фæрныгадæн. Фæстаг азты ирдæй зынынц ацы фадыджы æнтыстытæ.

Фæндагон службæйы цытджын кусджытæ!

Хицауады æмæ уын сæрмагонæй мæхи номæй арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн æмæ уын бузныджы ныхæстæ зæгъын уæ зын куыст, профессийыл æнувыддзинад æмæ хъуыддагмæ цы бæрндзинад æвдисут, уый тыххæй.

Мæ цæст уарзы сымахæн æмæ уæ бинонтæн фидар  æнæниздзинад, фæрныгад æмæ дарддæры эффективон куыст Республикæйы хæрзиуæгæн!

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

 Сæрдар Бекъойты Геннади

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.