Бако Саакянæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Арцахы Президент Бако Саакянæн йæ гуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Президент!

Дæ гуырæн боны цытæн мæ фæнды дæуæн зæрдиаг арфæ ракæнын.

Уæлдæр паддзахадон бынæтты дæ бирæазон архайдæй ды саккаг кодтай кадкæнынад де ‘мбæстæгты ‘хсæн æмæ зынгæ авторитет, куыд фæлтæрд æмæ дардмæуынæг паддзахадон архайæг, кæцы йæ бæстæйы социалон-экономикон рæзтæн бирæ сарæзта æмæ дунеон аренæйы йæ интерестæ хъахъхъæны. Æмæ абон дæ къухдариуæгады бын Республикæ Арцах фидарæй дарддæр кæны йæ фæндаг стабилондзинад æмæ дидинæфтыдмæ.

Зонын дæ, куыд Хуссар Ирыстоны æцæг хæлар, нæ бæстæты ‘хсæн æмцæдисон ахастытæ сфидар кæныны принципиалон фарсхæцæг. Ныфс мæ ис демæ конструктивон диалог æмæ дыууæварсон æмгуыстады активон куыст дарддæр кæнынæй.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Бако Саакы фырт, фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ æвидигæ энерги дæ паддзахадон архайды Арцахы адæмы хæрзиуæгæн».

Митрополитæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Сербаг Патриарх, Митрополит Белград-Карловы Иринеяйæн йæ гуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Дæ бæрзонддзинад. Арфæ дын кæнын дæ гуырæн боны цытæн.

Бирæ азты дæргъы ды хъусын кæныс æнусон æцæгдзинады тыххæй, кæцытæ æвдисынц Чырыстондзинады тых, архайды уырнындзинадмæ, хæрзаудæндзинадмæ, æхсæннацион æмразыдзинадмæ адæммæ сидгæйæ. Адæммæ дæ лæмбынæг ахастæй, монондзинад сæндидзын кæныны тыххæй аудындзинадæй, Чырыстон аргъуантæ æмæ традицитæ æндидзын кæныны ды стыр хъусдард здахыс хæрзнамысон уавæр фæхуыздæр æмæ æхсæнад монон æгъдауæй сног кæнынмæ.

Дæ сыгъдæгдзинад, ацы нысаниуæгджын боны дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзианд, царды æппæт хæрзиуджытæ æмæ Сыгъдæг Аргъуаны лæггкадкæныны ног æнтыстытæ.

Тæрхондоны приставты службæйы кусджытæн

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Тæрхондоны приставты боны цытæн!

Тæрхондоны приставты службæ у тæрхондоны системæйы иууыл ахсджиагдæр хай, кæцы РХИ-йы барадон системæ сфидар кæнынмæ хæссы стыр хайбавæрд, закъондзинад æмæ барвæтк æххæст кæнын, не ‘мбæстæгты конституцион æмæ социалон бартæ бахъахъхъæнын.

Тæрхондоны приставты фæллойад æмæ бæрзонд дæсныдзинады фæрцы тæрхондоны уынаффæты æххæсткæнынад рæстæгыл ифтонг цæуы, кæцы у барадон паддзахады уæвынады ахсджиаг уавæр. Стыр райгондæй мæ банысан кæнын фæнды, службæйы хуыздæр минæвæртты кæй хицæн кæны арф зонындзинæдтæ, бæрзонд хъуыддагон миниуджытæ æмæ сæрмагонд хæрзæгъдаудзинад.

Бузныг уын дзурын профессионалон хæсыл æнувыд-дзинады тыххæй. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр кæй ахъаз кæндзыстут расттæрхоны эффектиовондзинад фæбæр-зонддæр кæнын æмæ Фыдыбстæйæн лæггад кæныны хъуыддаджы бæрзонд фæстиуджытæ сæххæст кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ дарддæры куысты æнтыстытæ, сабырад, хорздзинад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

***

 Цытджын ахуыргæнджытæ, ахуырады кусджытæ! Зынаргъ сывæллæттæ æмæ  ныййарджытæ!

Ахуыры азы райдиан у алы скъоладзау, студент, ный-йарæг, ахуыргæнæгæн хорз æмæ æнкъарæнтæй йедзаг рæстæг. Уый у ныфсыты, ног идеяты æмæ перспективæты рæстæг. Уадз æмæ уыдон иууылдæр сæххæст уой! Мæ цæст уарзы, зонындзинæдтæм чи тырны, æппæт уыдонæн æнтыстытæ. Уадз æмæ æрбалæугæ ахуыры аз нысан æрцæуа профессионалон æмæ сæрмагонд уæлахизтæй, æрхæсса циндзинад хæлæрттимæ æмæ æмхъуыдыгæн-джытимæ ныхас кæнынæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны ахуырад æмæ

зонады комитеты Сæрдар Уырыгаты Инал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.