ХЪУАМÆ БÆРÆГ УА  АЛЫ ÆМБÆСТАДЖЫ ХЪЫСМÆТ ДÆР

Æппæт дунейы 30 август нымад цæуы æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты боныл. Ацы бон Хуссар Ирыстоны адæмæн дæр сæ зæрдыл лæууын кæны 130 æмбæстаджы хъысмæт, кæцытæ 1989-2008 хæстон азты фесты æбæрæг сæфт. Ацы боны цытæн Информаци æмæ мыхуыры комитет фæхуыдта Фæсконфликтон фарстатæ бæстонкæнынады фæдыл РХИ-йы президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат, æхсæнадон организаци «Память и надежда»-йы сæрдар Куыдзеты Лидæ, Адæймаджы барты фæдыл президенты цур æххæстбарджын минæвар Тасойты Инал, Хуссар Ирыстоны территорийыл архайæг Сырх Дзуары Дунеон Комитеты минæвæртты æмæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хиуæтты.

Куыдзеты Лидæйæн 1991 азы 18 марты æбæрæг сæфт фæцис йæ цардæмбал Къæбулты Павлик. Æмæ уæдæй фæстæмæ уый архайы æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт сбæрæг кæнын æмæ агурыны фарстатыл. Лæмбынæг æрдзырдта, йæ дæлбаруæвæг организаци йæ сырæзтæй фæстæмæ цы куыст кæны, уыдæттыл.

Куыдзеты Лидæйы ныхæстæм гæсгæ ныр 28 азы дæргъы кусы Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт рабæрæг кæныныл, кæд нырма уадиссаг фæстиуджытæ сæ къухты нæ бафтыд, уæддæр. Ацы хъуыддаджы сын стыр æххуыс кæны бæстæйы къухдариуæгад æмæ Сырх Дзуары Дунеон Комитет. Сырх Дзуары Комитет æбæрæг сæфт æмбæстæгты хъысмæт рабæрæг кæныны нысанæн æдзух ныхас кæны æмбæлон къухдариуæгады структурæтæ æмæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты бинонтимæ.

Уымæй дарддæр стыр куыст кæны æбæрæг сæфт æмбæстæгты бинонты контролон биологон хуызæгтæ æмбырд кæныныл, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгаты дæр. 2019 азы январæй июны мæймæ æмбырд æрцыд ахæм 29 хуызæджы, иумиагæй сисгæйæ та – 175.

«Бирæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгтæн ныридæгæн нал баззад хиуæттæ дæр, бирæтæ та бафæлладысты æнхъæлмæ кæсынæй æмæ ныхас кæнынмæ дæр нал цæуынц», – банысан кодта уый.

Ацы организаци, йæ ныхæстæм гæсгæ 2009 азæй фæстæмæ æмгуыстад кæны инæлар Лебедевы фидауынгæнæг миссиимæ. Ацы миссийы руаджы уыдонæн бантыст 82 ДНК анализы саразын, кæцытæ сты Мæскуыйы лабораторийы. Куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ДНК анализты руаджы ссардæуыд 2008 азы æбæрæгæй сæфт хуссарирыстойнаг æмбæстаг Тедеты Маиры. Уый стыр кадимæ ногæй ныгæд æрцыд йæ райгуырæн хъæу Малдайы.

Фæстаг азты активон архайд цæуы Сырх Дзуары Комитетимæ, уыдон дæр сын æххуыс кæнынц ДНК анализтæ аразыны хъуыддаджы. Лидæ ма куыд дзырдта, уымæ гæсгæ Фæсконфликтон фарстатæ бæстон кæныны хъуыддаджы президенты æх-хæстбарджын минæвар Джиоты Мурат æмæ Адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын Тасойты Иналимæ иумæ æмбæлынц дунеон организациты минæвæрттимæ, сæйраджыдæр, Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттимæ.

Ныфс нæ сæтты, цалынмæ алы æбæрæгæй сæфт æмбæстаджы хъысмæт нæ рабæрæг уа, уæдмæ

Ахæм ныхæстæй райдыдта йæ ныхас Джиоты Муратæн мадзалы рæстæджы. Ацы здæхты, зæгъгæ, цæуы куыст æмæ дарддæр дæр цæудзæн. Организаци «Память и надежда»-йы руаджы уагъд цæуы стыр куыст бæрæггæнæнтæ æмæ сæ хиуæтты ДНК-тæ æмбырд кæныныл. Æмæ уыцы хъуыддаг Мурат банымадта ахсджиаг хъуыддагыл, кæд дзы стыр фæстиуджытæ бахынцæн нæй нырма, уæддæр. Сырх Дзуары æмархайдæй цы ДНК-тæ уагъд цæуы, уыдон руаджы бæрæг цæуы, эксгумаци цы æмбæстæгтæ æрцæуы, уыдоны æхсæн нæ æмбæстæгтæ ис, æви нæ. Хъыгагæн, уыцы фæстиуджытæй уадиссаг райгондæй нæ баззайынц, фæлæ æппæрццаг фæстиуæг дæр фæстиуæг у.

 Уый ма радзырдта Женевæйы дискусситы фæлгæтты куысты тыххæй, зæгъгæ, æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт сбæрæг кæныны фарст у Женевæйы дискусситы ахсджиаг фарстытæй сæ иу. Уымæн æмæ хуссарирыстойнаг делегаци паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолийы бахæсмæ гæсгæ алы фембæлды, æппæт æмвæзадтыл рæгъмæ хæссынц ацы ахсджиаг фарст.

«Мах фадат нæ дæттæм гуырдзиаг фарс æмæ дунеон организациты минæвæрттæн, цæмæй ацы фарст рох кæной. Æнæмæнгæй хъæуы пайда кæнын æппæт фадæттæй дæр, цæмæй бæрæг æрцæуа ацы адæмы хъысмæт. 2008 азы Хуссар Ирыстонæй цы æмбæстæгтæ фесæфт, уыдоны тыххæй махмæ ис лæмбынæг информаци – уыцы авд æмбæстагæй фондзæй кæй уыдысты Гуырдзыстоны тыхон структурæты къухты.

Уыцы информаци бафидар кодта Томас Хаммарбергер 2010 азы йæ доклады, хæдбар эксперт Душан Игньятович дæр, кæцыйы æрхоны ЕÆÆО. Уымæ гæсгæ мах ноджыдæр курæм, цæмæй нæ æвзонг лæппутæ цы фесты, уый тыххæй гуырдзиаг фарс дзуапп радта», – дзырдта Джиоты Мурат.

Йæ ныхæстæм гæсгæ цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр куыст дарддæр кæндзæн, уымæн æмæ махæн ахсджиаг у нæ алы æмбæстаджы хъысмæт дæр.

Адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын минæвар дæр кæны стыр куыст

Тасойты Инал куыд дзырдта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны æдзух куыст цæуы, æбæрæгæй сæфт æмбæстæгтыл нымад чи сты, уыдоны хъысмæт сбæрæг кæныныл. Æдзух ныхас кæнынц сæ хиуæттимæ. «Память и надежда»-йы къухдариуæгадимæ, Фæсконфликтон бæстонкæнынады æххæстбарджын минæварад æмæ Сырх Дзуары Комитетимæ.

«Фæстаг азты махæн бантыст стыр куыст бакæнын, Куыдзеты Лидæ нын цы информаци æрбавдисы, уый бындурыл. Иумиаг хъарутæй уыцы стыр куыст у бæрæггæнæнтæ æмбырд кæнын, контролон æмæ биологон хуызæгтæ æмбырд кæнын. Цæмæй искæй баззайæццæгтæ куы ссарой, уæд сын абарынæн æрмæг уа цæттæ», – дзырдта Тасойты Инал.

Йæ ныхæстæм гæсгæ 2017 азы Гуырдзыстоны уагъд æрцыд дыууæ эксгумацийы – Гур æмæ Каспы, цыран бæрæг æрцыд 50 æмбæстаджы æбæрæг баззайæццæгтæ. Сырх Дзуары миссийы руаджы абарст арæзт æрцыд, уыцы рæстæджы сæм цы æрмæг уыд, уыдонимæ. Хъыгагæн, уыцы абарстытæн ницы фæстиуджытæ уыд. 

Цалдæр мæйы размæ ма лабораторимæ лæвæрд æрцыд æрмæджытæ иннæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты тыххæй. Уыдоны фылдæр хай сты, Цæгат Ирыстоны территорийыл чи цард, ахæмтæ.

«Мах Лидæимæ ацыдыстæм Дзæуджыхъæумæ æмæ æрæмбырд кодтам æрмæг. Уыдон лæвæрд æрцыдысты лабораторимæ, абарст цæуы, фæлæ фæстиуджытæ нæма райстам», – банысан кодта Инал .

Сырх Дзуары Миссийы куысты тыххæй

Сырх Дзуары Комитет дæр Хуссар Ирыстоны республикæйы къухдариуæгад æмæ æхсæнадон организаци «Надежда и память»-имæ кæны, æмгуыст æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы æмбæстæгты хъысмæт сбæрæг кæныныл. Сырх Дзуары минæварады Æмбæстагон цæрджыты хъахъхъæныны фæдыл хайады сæргълæууæг Рустам Ализаде мадзалы рæстæджы куыд ра-дзырдта, уымæ гæсгæ Сырх Дзуар у нейтралон æхсæнадæмон организаци, кæцы кусы, хæстон архайдтытæ æмæ æндæр ахæм цаутæ цы бæстæты æрцыд, ахæм бынæтты, цæмæй фæахъаз уой æмбæстагон цæрджыты бартæ бахъахъхъæныныл. Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фæдыл фарст та банымадта, вазыгджын æмæ бирæ рæстæг кусын кæуыл хъæуы, ахæмыл.

  Рустамы ныхæстæм гæсгæ хайад исынц, æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты ссарыны фæдыл цы Координацион механизм архайы, уым. Æмæ архайынц æппæт хъарутæй, цæмæй фæахъаз уой къухдариуæгадæн æмæ уыцы бинонтæн сæ æввахс хиуæттæй исты дзуапп базонынæн. Уымæй дарддæр архайынц бынæттон медперсоналы квалификаци фæбæрзонддæр кæныныл, цæмæй æбæрæг сæфт æмбæстæгты баззайæццæгтæ идентификацийы фæдыл куыст цæуа. Ацы фарстыты фæдыл ма лабораториты анализтæ аразыны хæрдзтæ райсынц сæхимæ æмæ кæнынц финансон æххуыс дæр.

Мадзалы кæрон Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Хъотайты Мария мадзалы хайадисджытæн балæвар кодта Хуссар Ирыстоны тыххæй комитеты рауадзгæ чингуытæ æмæ дидинджытæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.