СИРИАГ АРАБАГ РЕСПУБЛИКÆЙЫ ПРЕЗИДЕНТ БАШАР АСАДÆН

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Сириаг Арабаг Республикæйы Президент Башар Асадæн, Сириаг Арабаг Республикæйы Хæдбардзинады боны цытæн.

Арфæйы  сæрмагондæй дзырдæуы:

«Цытджын  Президент!

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы æмæ дын сæрмагондæй мæхи номæй   зæрдиаг арфæ кæнын Сириаг Арабаг Республикæйы Хæдбардзинадыл 73 азы сæххæсты боны сæраппонд.

1946 азы 17 апрель  нысаниуæгджын бон ссис сириаг адæмы историйы, уый у паддзахаддзинады рæзтмæ фæндагыл ахсджиаг этап. Ацы бон у Сирийы адæмы иудзинады символ, кæцыйæн йæ бон бацис сæрибардзинадмæ йæ фæндондзинад сбæлвырд кæнын æмæ хисæрмагонд бæстæйы суверенон уæвыны бар сфидар кæнын.

Æхсызгон мын у банысан кæнын,  дæ къухдариуæгадæй  Сириаг Арабаг Республикæйæн йæ къухы кæй æфты стыр æнтыстытæ хæдбардзинад бахъахъхъæныны æмæ бæстæйы æдасдзинад сæндидзын кæныны хъуыддаджы. Æмзæрдæдзинад æмæ фарсхæцынад æвдисын дунейы терроризмимæ  дæ ныфсхаст тохы.

Ирыстоны адæм кæддæриддæр бузныджы æнкъарæнтимæ сæ зæрдыл дардзысты Хуссар Ирыстоны, куыд хæдбар æмæ суверенон паддзахад, афтæ йæ банымайгæйæ, Сириаг Арабаг Республикæ нæ республикæмæ цы æгæрон фарсхæцынад равдыста, уый тыххæй.

Фидарæй мæ уырны, хæларадон бастдзинæдты дарддæры рæзт кæй фæахъаз уыдзæн нæ бæстæты ‘хсæн дыууæфарсон партнерон ахастытæ фидар  æмæ рæзын кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын бон дын зæрдæбынæй мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, Президенты бынаты ног уæлахизтæ æмæ ног æнтыстытæ, Сириаг Арабаг Республикæйы адæмæн та – сабырад, фæрныгад, хæрзиуджытæ æмæ дидинæфтыд».

ЦЫРТДЗÆВÆНТÆ ÆМÆ ИСТОРИОН БЫНÆТТÆ ХЪАХЪХЪÆНЫНЫ ДУНЕОН БОНЫ ЦЫТÆН

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта цыртдзæвæнтæ æмæ историон бынæттæ хъахъхъæнджытæн сæ профессионалон боны цытæн. 

Арфæйы дзырдæуы:

«Культурæйы бынты цытджын хъахъхъæнджытæ!

Арфæ уын кæнын Цыртдзæвæнтæ æмæ историон бынæттæ хъахъхъæныны дунеон боны цытæн!

Хъæздыг ивгъуыды фæлгондзтæ зынынц истори æмæ культурæйы уникалон цыртдзæвæнты, тобæгонд бынæтты, динон дзуæртты æмæ нывæфтыд æргъадты, кæцытæ сты Ирыстоны алы рæтты. Æппæт уыцы уæрæх зындгонд бынæттæ æнусон кæнынц адæймæгты, ахсджиаг историон цауты, арæзтадты, рагон предметты æмæ сты, сфæл-хатгæнæн кæмæн нæй, Хуссар Ирыстоны уыцы культурон бынтæ.

Ирон историон объекттæн, æгæрыстæмæй,  сæ иу хайы фесафын, кæцытæн ис зонадон, аивадон, историон кæнæ мемориалон нысаниуæг, гæнæн ис, æркæна, баххæстгæнæн кæмæн нæй, ахæм зиæнттæм.

Музейты кусджытæ, архитектортæ, реставратортæ, экскурсиуадзджытæ архайынц, рагзаманы нысаниуæджы  музейон коллекциты нæ фæстагæттæн бахъахъхъæныныл, ахуыр сæ кæныныл æмæ сæ адæмы рæгъмæ рахæссыныл. Æнæ банысангæнгæ нæй, нæ фенддаг бынæттæ арæхстджынæй бахъахъхъæныныл æхсæнады ахуыр кæнынмæ уæ тырнындзинад.

Зынаргъ хæлæрттæ, зæрдиагæй арфæ кæнын  уе ‘ппæтæн дæр Цыртдзæвæнтæ æмæ историон бынæтты хъахъ-хъæныны дунеон боны сæраппонд! Сымах руаджы, аргъ кæмæн нæй,  Ирыстоны уыцы культурон бынтæ дарддæр дæр цæрдзысты æнустæм. Культурон бынтæ хъахъхъæнгæйæ, сымах хъахъхъæнут нæ бæстæйы монондзинад, хæрзæгъдаудзинад».

Сымахæн мæ фæнды царды хæрзиуджытæ: æнæниздзинад, уарзондзинад, æнтыстытæ, фæрныгад, дарддæры æнтыстытæ уæ хæрзиуæгон хъуыддаджы, æхсæнад æмæ паддзахады æрдыгæй фарсхæцынад æмæ æмбарындзинад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.