1934 азы 16 апрелы СЦКП-йы Централон комитеты уынаффæмæ гæсгæ фидар æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты нæ чысыл Хуссар Ирыстонæй ацы стыр хорзæхы аккаг систы аст адæймаджы. Уыдон уыдысты: Остъаты Алексей, Хъоцыты Константин, Кобылты Сергей, Цоциты Уасил, Цхуырбаты Иван, Къозонты Сардион, Сабанты Григол æмæ Беруашвили (Беруаты) Георги. Ирон адæм; проценттæм ракæнгæйæ, бацахстой 1-аг бынат хъайтарты нымадæй.

Уыцы бæрзонд хорзæхы аккаг уыдысты, хъайтардзинады сгуыхтдзинæдтæ чи арæзта, уыдон, куыд хæстон, афтæ сабыр рæстæджыты дæр.

Ацы хорзæх сфидар кæныны бонæй рацыд 85 азы. Хъайтарты ном æмæ сгуыхтдзинæдтæ æрымысын, кад сын скæнынмæ нæ горæты Æнусон арты раз Кады Аллеямæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Россотрудничествойы минæвæрттæ, министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ, ветерантæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Бæстæйы къухдариуæгад æмæ мадзалы иннæ хайадисджытæ цытджын уавæры веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой Кады Аллеяйы Советон Цæдисы Хъайтарты цыртыты æмæ Æнусон арты раз

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли мадзалы ныхасгæнгæйæ, банысан кодта, ацы бон кæй мысынц, фыццаджыдæр, уыдоны, кæцытæ хæссынц æмæ хастой Советон Цæдисы Хъайтары стъалы. Фæсхæсты фæлтæр хъомыл кодтой уыдоны æхсардзинад, хъæбатырдзинад æмæ сгуыхтдзинадыл. Æмæ, зæгъгæ, мæн фæнды, цæмæй не’взонг фæлтæр зоной, советон адæмæн сæ къухты уæлахиз цахæм аргъæй бафтыд, уый.

«Мах хъуамæ хъуыды кæнæм уыдон, кæцыты руаджы ис Республикæ Хуссар Ирыстон. Уыдон сты зындгонд адæм, кæцытæ сæ царды аргъæй, егъау фæллой æмæ хъарутæй фæуæлахиз сты знагыл, Сталинград æмæ Берлины онг тох кодтой уæлахизы тыххæй», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Уый бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй æмырæй алæугæйæ ссарой, Фыдыбæстæйы сæрибардзинады сæрыл сæ цард нывондæн чи æрхаста, уыцы хъайтарты нæмттæ.

Дарддæр йæ ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, нæ фыдæлты хъайтардзинад рæзгæ фæлтæрмæ мах хъуамæ хæссæм не’ппæт тыхтæй дæр. Æвзонг фæлтæр хъуамæ зоной – хъайтартæй кæй нæ райгуырынц, фæлæ хъайтартæ кæй свæййынц. Æмæ уый тыххæй, зæгъгæ, фыццаджыдæр, хъæуы уарзын нæ Фыдыбæстæ æмæ нæ адæмы.

Хуссар Ирыстоны Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг, историон зонæдты кандидат Пухаты Къоста дæр банысан кодта ахæм мадзæлттæ уадзыны æнæмæнгхъæуындзинад æмæ ахсджиагдзинад. Йæ ныхæстæм гæсгæ йын æхсызгон уыд, ацы мадзалы Хуссар Ирыстоны цалдæр фæлтæр хайад кæй исынц, уый. Уый, зæгъгæ, нысан кæны адæймагады мысынад кæй цæры   æмæ фæлтæрæй фæлтæрмæ кæй хизы.

Пухаты Къоста чысыл историон афæлгæст сарæзта паддзахадон хорзæхтæ æмæ нæмтты историйыл.

«Нацийы хаттмæ нæ кæсгæйæ, алчи дæр æмхуызон тох кодта раздæры иумиаг Фыдыбæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл. Æмæ ныртæккæйы политикон цаутæ аиуварсгæнгæйæ, мах нæ сæртæй ныллæг кувæм, абоны онг чи нал фæцард æмæ нæ сæрибардзинады тыххæй мах кæмæй стæм хæсджын, уыдон мысынады раз»,- дзырдта Президенты уынаффæгæнæг.  

Уый мадзалы хайадисджыты зæрдыл æрлæууын кодта уый дæр, æмæ ирон адæмы минæвæрттæй иу дæр йæхи кæй нæ фæхудинаг кодта тохы быдыры.

«Ирæттæй Советон Цæдисы Хъайтары ном лæвæрд кæмæн æрцыд, уыдонæй аст сты Хуссар Ирыстонæй. Ис ма ирон нацийæ Хъайтары ном чи хæссы, ахæм фондз Хъайтары, кæцытæ  Хуссар Ирыстоны нæ цардысты. Афтæмæй нæ хъайтартæ сты 13», – дзырдта ныхасгæнæг.

Кады Аллеяйы территорийыл æвæрд уыд информацион стендтæ, кæцытыл фыст уыдысты Советон Цæдисы Хъайтарты нæмттæ, зæлыдысты хъайтарты сгуыхтдзинæдтыл, лæгдзинад æмæ ныфсхастдзинадыл дзурæг ныхæстæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.