Президент Бибылты Анатоли арфæйы тел арвыста Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артисткæ, Новосибирскы Оперæ æмæ балеты академион театры солисткæ Джиоты Вероникæмæ йæ юбилейы цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Вероникæ Романы чызг!

Айс мын мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ æмæ фæндиæгтæ дæ юбилейы цытæн.

Мæнæн тынг æхсызгон у, Ирыстоны аккаг чызджы стæм вокалон курдиатæн кæй скад кодтой æмæ ноджыдæр кæй кад кæнынц æнæхъæн дунейы милуангай адæймæгтæ. Æппæт де сфæлдыстады ис уд, курдиат, зæрдæмæхъарындзинад æмæ фидар характер. Де сфæлдыстадон архайды дæргъы ды бирæ бæрзонд нæмттæ æмæ хорзæхтæ райстай, фæлæ уыдонæй иууыл сæйрагдæр у æппæтадæмон уарзондзинад.

Бар мын радт, цытджын Вероникæ Романы чызг, ацы нысаниуæгджын бон дын зæгъон зæрдиаг бузныг аивадæн дæ лæггады тыххæй æмæ дын зæгъон фидар æнæниздзинады, бирæ азты сфæлдыстадон архайды æмæ æвидигæ энергийы фæн-диæгтæ».

***

Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Бастдзинад æмæ массон коммуникациты комитеты сæрдар Джиголаты Хасанæн, 60 азы йыл кæй сæххæст, уый цытæн . Арфæйы дзырдæуы:

«Цытджын Хасан Иваны фырт!

Зæрдиагæй дын арфæ кæнын ахæм нысаниуæгджын боны цытæн –  60 азы дыл кæй сæххæст, уый сæраппонд.

Дæ куысты азты ды равдыстай къухдариуæггæнæджы иууыл хуыздæр миниуджытæ – хиуыл нæ ауæрдгæйæ, хъуыддагæн дæхи снывонд кæнын æмæ компетентондзинад. Дæ æгæрон куыстхъомдзинад æмæ нысанмæтырнындзинадæй дæхицæн скодтай авторитет æмæ дæ уыцы миниуджыты тыххæй уарзынц дæ коллегæтæ æмæ хæлæрттæ.

Ныфс мæ ис, дæ профессионализм æмæ хъуыддагыл æнувыд-дзинад дын дарддæр дæр кæй ахъаз кæндзысты Ирыстоны хæрзиуæгæн дæ бæрнон архайды.

Хасан Иваны фырт, мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ дарддæры æнтыстытæ, дæ профессийы æмæ дæм царды цы фæндтæ ис, уыдон æххæст кæныны хъуыддаджы».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.