Зынаргъ хæлæрттæ! Цытджын æмбæстæгтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын нысаниуæгджын бæрæгбон – Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадыл 10 азы сæххæсты боны цытæн!

Махæн 2008 азы 26 август ссис историон рæстдзинады бæрæгбон. Уыцы вазыгджын рæстæджы, дунейы æхсæнадæмон уавæр вазыгджын куы уыд, уæд Уæрæсе райста иунæг раст уынаффæ нæ бæстæйы хæдбардзинад банымайыны тыххæй, уымæй нæ адæмæн радта нæхи зæххыл, нæхи паддзахады сæрибарæй цæрын æмæ кусыны, хи паддзахаддзинад æмæ æдасдзинад фидар кæныны фадат.

Нæ хъæбатыр адæм ацы хæдбардзинад рамбылдта, нæ паддзахад-дзинады рæзты ныхмæ чи уыд æмæ ирон адæмы, йæ культурæ, æвзаг æмæ традицитæ скуынæг кæнынмæ чи æрæвнæлдта, уыцы тыхты ныхмæ уæззау, тугкалæн тохы. Гуырдзиаг фашистты къухæй сæдæгай фæмардуæвджытæ æмæ цæфтæ, мингай æнæхæдзарæй баззайджы-тæ, блокадæйы æмæ гарзджын хæсты уæззау азтæ, бирæнымæц хæстон æмæ æмбæстагон фыдракæндтæ уыдысты,  хи паддзахад саразынмæ нæ адæмы националон растад æмæ кæронмæ цæуыны сæйраг аххосаг. Фидардзинад, удуæлдайдзинад, Райгуырæн бæстæмæ æгæрон уарзондзинад æмæ хи сæрмагонд царды аргъæй йæ сæри-бардзинадыл тох кæнын  фадат радтой агрессоры ныхмæ фæлæу-уынæн æмæ уыцы тохы фæуæлахизæн. Мах цæрæнбонтæм бузныг уыдзыстæм æмæ цытимæ хъахъхъæндзыстæм уæрæсейаг салдатты хъæбатырдзинад,  Хуссар Ирыстоны чи хъахъхъæдта, ирон адæмы уыцы фыртты æхсар æмæ йæ цард нæ республикæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадæн чи радта, уыдоны рухс нæмттæ.

Абон Хуссар Ирыстон ныфсджын къахдзæфтæй цæуы йæ паддзахаддзинад сфидар кæныны фæндагыл, рæзынц  цардархайды æхсæнадон-политикон, социалон æмæ культурон фадгуытæ, уæрæх кæнынц æхсæнадæмон бастдзинæдтæ.

Зынаргъ хæлæрттæ! Ноджыдæр уын арфæ кæнын бæрæгбоны цытæн æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, хæрзиуджытæ, сабыр арвы бын цæрын, нæ Райгуырæн бæстæ – Республикæ Хуссар Ирыстоны хæрзæбонæн куысты æнтыстытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

 

***

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Арфæ кæнын дæуæн æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæ æмæ уазджытæн ирон адæмы 10-æм съезд-форумы байгомы   сæраппонд, кæцыйы нысан у адæмы æрбаиу кæнын, ирæтты историон-культурон бынтæ бахъахъхъæнын.

Символикон у уый дæр, æмæ юбилейон съезд уагъд кæй цæуы, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы боныл дæс азы сæххæсты размæ. Уый у кæрæдзийæн стыр кад кæныны æмæ хæлардзинады  диалог сфидар кæнынмæ тырнындзинады æвдисæн.

Свердловы область у Уæрæсейы бирæнацион регионтæй сæ иу. Абон Астæуккаг Уралы сабыр æмæ хæларæй цæрынц 160 нацийы хатты минæвæрттæ, уыцы нымæцы ирæттæ дæр. Мах уæлдай хъусдард здахæм уæ адæмы культурæ, традицитæ æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæнынмæ. Урайлæгтæ æхсызгонæй зонгæ кæнынц Ирыстоны литературæ æмæ аивад, музыкæ æмæ кæфтытимæ, национ уæлæдарæс æмæ къæбицимæ. Æрвылаз дæр адæмты боны фæлгæтты Астæуккаг Уралы Ирыстоны хæдбындур хæдзар вæййы уæлдай популярондæр свердловæгты ‘хсæн.

Уырны мæ, разæй махæн кæй ис бирæ цымыдисон проекттæ, кæцытæ здæхт уыдзысты нæ регионы цæрæг адæмты монон æмæ культурон æгъдауæй схъæздыг кæнынмæ, комфортон цардæн уавæртæ саразын æмæ æппæт адæмты хиреализаци кæнынмæ.

Арфæ уын кæнын, Свердловы областон æхсæнадон организаци «Развитие дружбы Урал-Осетия»-йæн кæй æххуыс кæнут, уый тыххæй, афтæ ма æппæт дунейы ирон баиугæндтæм уæ хъусдарды тыххæй.

Ныфс мæ ис, съезды куысты хатдзæгтæ кæй сфидар кæндзысты хæлардзинад æмæ хæларсыхагон бындур, уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмгуыстадæн динамикæ кæй ратдзысты, уымæй,  уыцы нымæцы Свердловы областимæ дæр. Мæ зæрдæ зæгъы дæуæн æмæ форумы æппæт хайадисджытæн æнтыстджын дискусситæ æмæ æнтыстытæ.

Цытимæ,

 Свердловы областы губернатор Евгений Куйвашев

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.