РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли инвалидон коляскæтæ балæвар кодта республикæйы цалдæр цæрæгæн, кæцытæ йæм бахатыдысты коляскæтæ самал кæныны куырдиатимæ. Фыццаг рады, паддзахады сæргълæууæг бацыд нæ горæты Хуыбылты Валерийы уынджы цæрæг Хуыгаты бинонтæм. Уый бацымыдис кодта  1-аг къорды инвалид Хуыгаты Алексейы æнæниздзинадмæ.

Алексейы мад Къудухты Иринæ ацы аз июлы мæйы райдианы бахатыд Президентмæ, цæмæй сын самал кодтаид тезгъогæнæн коляскæ. «Махæн уыд проблемæ. Зындгонд куыд у, уымæ гæсгæ 18 азы кæуыл сæххæст вæййы, уыцы æмбæстæтæн Цæгат Ирыстоны коляскæтæ нал дæттынц. Ныр проблемæ скъуыддзаг æрцыд. Стыр бузныг, Анатолий Ильяйы фырт, ахæм лæвары тыххæй», – загъта уый.

Хуыгаты бинонты хæдзар у дыууæуæладзыгон æмæ Алексейы хатæн дыккаг уæладзыджы кæй ис, уымæ гæсгæ паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта хæдзары лифт сæвæрыны тыххæй. Уыцы бон ма Бибылты Анатоли инвалидон коляскæтæ бахаста Мæскуыйы уынджы цæрæг, 1-аг къорды инвалид Гæджиты Светланæ æмæ Гафезы уынджы цæрæг Уалыты Зояйæн. Йæ хиуæтты ныхæстæм гæгæ, Уалыты Зоя тыхсы сæкæры диабетæй æмæ низы аххосæй фесæфта йæ къах. Президент Гæджиты Светланæмæ бахатыд, цæмæй уый 26-æм августы  æрбацæуа республикон стадионмæ.

«Хуыцаубоны мах нысан кæндзыстæм Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы боныл 10 азы сæххæсты бæрæгбон. Æз дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн стадионы», – загъта Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг ма бабæрæг кодта Сталины уынджы цæрæг Сатхъоты Екатеринæйы. Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы уый фесæфта  дыууæ фырты. Уымæй дарддæр ма, Президент бахæс кодта æмбæлон инстанцитæн, цæмæй бацамынд адрестыл тагъдыл æвæрд æрцæуой æвæргæ пандустæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ коляскæтæ иууылдæр æлхæд кæй æрцыдысты «Иугонд Алани»-йы хæрзаудæн фонды фæрæзтæй, кæцыйы иунæг бындурæвæрæг у Бибылты Анатоли. Фонды исады сæйраг гуырæнтæ сты йæ бындурæвæрæджы фæрæзтæ, хæрзаудæн æххуыс, бархионты гранттæ æмæ куыст.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.