Хуссар Ирыстоны цытджын цæрджытæ, зынаргъ æмбæстæгтæ!

2008 азы 26-æм августы æрцыд, æцæгæйдæр, эпохалон цау. Гуырдзыстоны фидыдадмæ æркæныны фæстæ, Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад райста фæндвидар уынаффæ – Хуссар Ирыстоны, куыд хæдбар паддзахад, афтæ банымайыны тыххæй. Уымæй кæрон æрцыд суверенитеты сæрыл, куыд этнос, афтæ хи бахъахъхъæныны тыххæй нæ адæмы бирæазон хъайтарон тохы историйæн.

Махæн нæ къухты бафтыдысты, дæргъвæтин рæстæджы дæргъы кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, уыцы сабырад æмæ æдасдзинад, кæцыйы руаджы махæн нæ бон ссис размæ цæуын, паддзахаддзинад фидар кæнын, экономикæ, социалон фадыг рæзын кæнын, царды плæнттæ аразын æмæ оптимизмимæ фидæнмæ кæсын. Уый тынг ахсджиаг у. Фæлæ, уыимæ иумæ мах хъуамæ æмбарæм уый дæр, æмæ не ‘взонг республикæйы кæй хъæуы хисæрмагонд цард аразыны нырма бирæ цæуылдæрты ахуыр кæнын, бирæ саразын хъæуы цæрджыты фæрныгады æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй. Уымæн æмæ бирæ азты дæргъы мах хъуыд рæзты, размæ цæуыны хæстæ æххæст кæнын нæ, фæлæ уæззау уавæрæй сирвæзын.

Зынаргъ хæлæрттæ!, Мæн уырны, Хуссар Ирыстонæн кæй ис рухс фидæн æмæ уый та у нæхицæй аразгæ. Егъау адæймагон æмæ æрдзон-ресурсон потенциал нæ къухты уæвгæйæ, махæн æнгомæй, æмуд фæллойæ нæ бон суыдзæн нæ уарзон республикæйы ноджы рæсугъддæр, нырыккондæр, цæрджытæн æмæ уазджытæн уарзондæр саразын.

Ацы нысаниуæгджын боны алы хæдзар, алы бинонтæн дæр мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ, амонд, кæрæдзиæмбарынад, æнæниздзинад æмæ сабырдзинад!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.