Таможнæйон органты цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон  Таможнæйон кусæджы боны цытæн!

Таможнæйы службæ йæ сырæзтæй фæстæмæ стыр хайбавæрд бахаста Хуссар Ирыстоны паддзахиуæгад сæндидзын æмæ райрæзын кæныны хъуыддагмæ. Абоны бон уый ахъаз кæны республикæйы бюджет баххæсткæнынæн, ифтонг кæны экономикон æдасдзинад, ахъаз кæны Уæрæсейы Федерациимæ базарады рæзтæн. Мæ бон зæгъын у, Паддзахадон таможнæйон комитет азæй-азмæ кæй хуыздæр æмæ ног кæны, æмæ йæ бындур принципиалондзинд æмæ хæрзарæхст кæмæн у, уæ уыцы архайд та кæй у РХИ-йы национ интерестæ бахъахъхъæныны гарант.

Айсут мæ бузныджы ныхæстæ уæ службæйон хæстæ намысджынæй кæй æххæст кæнут, уый тыххæй. Ныфс мæ ис, уæ профессионализм æмæ бæрзонд бæрндзинад дарддæр дæр кæй уыдзысты уæ разылæууæг хæстæ æнтыстджынæй скъуыддзаг кæныны гуырæн.

Мæ цæст уын уарзы, зынаргъ хæлæрттæ, фидар æнæниздзинад, бæрзонд профссионалон æмæ æнтыстджын архайад Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

БИБЫЛТЫ Анатоли

* * *

Таможнæйон органты цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Айсут мын мæ зæрдиаг арфæтæ таможнæйон службæйы кусæджы боны цытæн!

Таможнæйы сæйраг функцитæ алы рæстæджы дæр вæййынц æнæивгæ. Уыдон сты паддзахадон казна æххæст кæнын, бархалджыты ныхмæ тох кæнын, бæстæйы экономикон тых сфидар кæнын.

Республикон таможнæйон службæ йæ сырæзтæй фæстæмæ аккагæй рацыд таможнæйон системæ райрæзын æмæ сфидар кæныны фæндагыл.

Ныртæккæ, куысты ног амæлттæй пайда кæнгæйæ, таможнæйы кусджытæ хуыздæр кæнынц сæ бæрæггæнæнтæ, таможнæйон процедурæтæ тагъддæр æмæ хуымæтæгдæр кæ-нынц, уыимæ иумæ сæ архайды схизынц иууыл гъæдджындæр æмвæзадмæ.

Бузныг уын уæ куысты тыххæй! Ныфс мæ ис, таможнæйон службæ дарддæр дæр йæ куысты ахадындзинад кæй бæрзонддæр кæндзæн, республикæйы рæзтмæ йæ хайбавæрд хæсгæйæ.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, оптимизм æмæ æн-тыстытæ уæ службæйы Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар ПУХАТЫ Эрик

* * *

Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон службæйы цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Та-можнæйон службæйы кусæджы боны цытæн!

Куыд æндæр бæстæты, афтæ нæ республикæйы дæр таможнæйон службæйæн ис ахсджиаг нысаниуæг бæстæйы национ интерестæ ифтонг æмæ экономикон æдасдзинад сфидар кæныны, паддзахадон бюджеты æфтиаджы хай æххæст кæнын, контрабандæ æмæ æндæр фæтк халæнты ныхмæ тох кæныны, республикæйы паддзахадон арæныл æнæзакъо-нонæй хизыны цаутæ иуварс кæныны хъуыддаджы. Ныфс мæ ис, уæ ведомствойы кусджыты иузæрдиондзинад æмæ арæхст уæ службæйон хæстыл æмæ закъоныл принципиалондзинад алыгъуызон уæлвæткон уавæрты раст фæндæт-тæ рахæссынмæ уе ‘взыгъддзинад кæй æвдисдзыстут дард-дæр дæр республикæйы эконмикæ æмæ йе ‘дасдзинад бахъахъхъæныны сæраппонд вазыгджын хæстæ æххæст кæн-гæйæ.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, фæрныгад, æвидигæ энерги æмæ стыр æнтыстытæ уæ зын куысты райгуырæн Ирыстоны хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Парламенты Сæрдар ГАССИТЫ Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.