Ахуыргæнæг… Цас æхцон æмæ зæрдæмæхъаргæ мысинæгтæ ис баст ацы дзырдимæ алы адæймагæн дæр. Æвæццæгæн, нæ разындзæн ахæм адæймаг, ацы дзырд фехъусгæйæ, йæ сабибонты дуг чи нæ æрымысы, йæ фидæны рæсугъд цардмæ йын фæндаг чи амыдта, уыцы ахуыргæнæджы сурæт кæй цæстытыл нæ ауайы.

Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Танделаты Дуня бирæ фæлтæр рауагъдонтæн у ахæм уарзон ахуыргæнæг. Æрдæг æнусы дæргъы уый цæсгомджын æмæ сабитыл æнувыдæй æххæст кæны, ахуыргæнæг суæвгæйæ, фыццаг хатт йæ разы цы стыр æмæ ахсджиаг хæс сæвæрдта, уый.

Дуня Ессейы чызг райгуырд Дзауы районы Теделеты хъæуы. Астæуккаг скъола каст фæцис сыхаг хъæу Синагуры. Хæххон хъæуты уавæртæ кæддæриддæр зын уыдысты, уæлдайдæр та – зымæгон рæстæджы. Кæд Дуня дæр иннæ сабитау зындзинæдтæ æй-йæфта, хъæуæй хъæумæ скъоламæ цæу-гæйæ, уæддæр уый уыд æвзыгъд æмæ ахуырмæ тырнæг саби. Райдиан кълæсты ма куы ахуыр кодта, уæд æргомæй равдыста, фидæны цахæм фæндагыл слæууинаг уыд, уый. Йæхæдæг йæ мысинæгты радзырдта: «Скъолайы ахуыргæнгæйæ кæддæриддæр уарзтон ме ‘мкъласонтимæ «ахуыргæнджытæй» хъазын. Уæлдай тынгдæр мæ зæрдæмæ цыд мæ «ахуыргæнинæгтæн» хæслæвæрдтæ дæттын, нысæнттæ сын æвæрын. Мæ фыццаг ахуыргæнæг уыд Теблойты Аннæ. Ахуыргæнинæгтæ йæ уарзтой тынг бирæ, йæхæдæг дæр нæм аудгæ æмæ фæлмæн ахаст кæй дардта, уый тыххæй. Æвæццæгæн уыцы уарзондзинады æнкъарæнты фæстиуæгæн, мæ сабион зæрдæйы æрфидар ис  ахуыргæнæг суæвыны бæллиц».

Дуня астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы Паддзахадон педагогон институты ирон æмæ фæсарæйнаг æвзæгты факультеты. Ам дæр нымад уыд хуыздæр студенттæй сæ иуыл.

Институт каст фæуыны фæстæ Дуня йæ фæллойадон куыст райдыдта Цхинвалы 10-æм астæуккаг скъолайы фæсарæйнаг æвзæгты ахуыргæнæгæй. Æвзонг, æвæлтæрд уæвгæйæ, Дуняйæн бантыст скъоладзаутимæ иумиаг æвзаг ссарын. «Фыццаг хатт ахуыргæнинæгты раз æрлæууын, фыццаг урок æнтыстджынæй ауадзын алы ахуыргæнæгæн дæр свæййы æнæферохгæнгæ бон. Фæзынынц, куыд æхцондзинады, афтæ дызæрдыгдзинады æнкъарæнтæ дæр, фæлæ уыдон уайтагъд айсæфынц, ног коллективы зондамындтæ æмæ хорз ахаст банкъаргæйæ», – зæгъы Дуня Ессейы чызг.

Фæстæдæр  Дуня йæ цард баиу кодта Битеты Валериимæ, фæзынд сын хъæбул-тæ. Царды сæвзæргæ уавæрты тыххæй Ду-няйы бахъуыд йæ куыст 9-æм астæуккаг скъоламæ аивын æмæ нырыонг дæр кусы уым.

Æрдæг æнусы дæргъы Танделаты Дуня фæлтæрæй фæлтæрмæ рæдауæй амоны йæ зонындзинæдтæ рæзгæ фæлтæрæн. Уымæй дарддæр ма семæ кæны хъомыладон куыст дæр. Йæ дзырд – фæлмæн, йæ амынд – зондзонæн, ахæм ахуыргæнæг у Дуня Ессейы чызг.  Бирæ хорздзинæдтæ ис  зæгъæн Дуняйæ, куыд йæ куыстмæ, ахуыргæнинæгтæм йæ аудгæ ахасты,  афтæ йæ удыхъæды тыххæй дæр.  Коллективы ‘хсæн æмæ сыхбæсты дæр у æнувыд æмгар. Схъомыл кодта дыууæ фырты, уыдонæй сæ иу Битеты Вадим, у нæ республикæйы зындгонд нывгæнæг.

28 ноябры Дуня банысан кодта йæ райгуырæн бон. Уый тыххæй йын 9-æм астæуккаг скъолайы  1990 азы 10 «б» къласы рауагъдонтæ арфæ кæнынц: «Дуня Ессейы чызг, ды махæй алкæй тыххæй дæр бахардз кодтай дæ тых, арæзтай æппæт дæр, цæмæй махæн нæ зонындзинæдтæ уой бæрзонд æмвæзадыл, цæмæй мах суæм Ирыстонæн аккаг хъæбултæ. Рацыд 30 азы, фæлæ ныртæккæ махæй алкæйы зæрдæты дæр дæумæ, нæ зынаргъ ахуыргæнæг, ис хъарм ахаст, дæ зондамындтытæ та дын æрымысæм ныййарæг мады зондамындау. Арфæ дын кæнæм дæ райгуырæн боны цытæн, нæ зæрдæ дын зæгъы æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ бинонты амонды фæндиæгтæ. Ноджы дæр бирæ азты дæ уарзон куысты кус уæнгтæрæуæг æмæ зæрдæрайгæйæ».

Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъолайы

1990 азы 11 «б» къласы рауагъдонты номæй

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.