Æрлæугæ азы фыццаг бон нæ газеты коллектив æрмæст Ног азы æрбалæудыл нæ цин кодта, фæлæ нæ зынаргъ ирон газет «Хурзæрин»-ы фыццаг номыры рацыдыл 99 азы сæххæсты боныл дæр. Газет йæ гуырæнбоныл, уал азы сæрты хизгæйæ, æмбæлы уæзгæ хуынтимæ – хорз, фарны хабæрттæ хæсгæйæ, бæстæйы æндидзынады æхсызгон хабæрттæ мыхуыр кæнгæйæ.

Нæ газеты истори хъæздыг у – уымæн æмæ дæргъвæтин фæндæгтыл рацыд – кæм сабыр царды уавæрты, кæм хæст, кæм рацарæзты, Советон Цæдисы ныппырхы, кæм гуырдзиаг-ирон ныхмæлæууынады æмæ куыдфæстагмæ хæдбардзинады æмæ сабырдзинады дуджы. Уыцы историон рæстæджыты уый æвдыста æмæ сæ алы газеткæсæджы размæ хаста цæсгомджынæй.

«Хурзæрин» радон юбилеймæ Плиты Гацыр фыста, зæгъгæ, йыл дзырд дæр нæй, ацы газеты райгуырд стыр бæрæгбон кæй у нæ адæмæн. Уымæн æмæ ныфсджын æмæ уæндон уыд кæдфæндыдæр. Афтæ уыд ивгъуыд æнусы кæрон æмæ ног æнусы райдианы дæр.

Дарддæр ма уый йæ уацы фыссы: «Нæ газетæн йæ ном дæр кæуылты дзурæг у. Рæсугъд æмæ мидисджын ном». Уый тыххæй райгондæй фыста уæды рæстæджы нæ куырыхон прозаик Дзесты Куыдзæг дæр: «Æнустæм арфæйаг фæцис «Хурзæрин». Фæрнджын уæт нæ газетыл уыцы цæхæркалгæ бæллиццаг ном чи сæвæрдта, уый. «Хурзæрин» æцæг дыккаг хуры тын у Ирыстонæн».

Газет æдзух архайдта, адæмы разæнгард кодта, цæмæй Ирыстон рæза, цæуа размæ, йæ къабæзтæ иваза алы фадыджы дæр, фидаргонд цæуой не ‘гъдæуттæ, не ‘взаг æцæгæй уа нæ хæзна, адæм рухсмæ цæуой.

Уый кæддæриддæр цæстуарзонæй нæ адæмы зондахасты биноныг кодта Къостайы куырыхон фæдзæхст: «Ме фсымæртæ, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут». Йæ фæзындæй фæстæмæ Иры интеллигенци æнгом æрбалæууыдысты «Хурзæрин»-ы алыварс. Уыдон фæрцы Ирыстоны талынг къуымтæм хæццæ кодта нæ газет…Бафæрæзта дуджы фыдæвзарæнтæн дæр æмæ ныр рæдау æмæ цæстуарзонæй æвдисы нæ республикæйы размæцыды хабæрттæ, цы стыр ивындзинæдтæ цæуы хорзæрдæм, æппæт уыдæттæ.

«Хурзæрин» кæддæриддæр сиды сабырадмæ, хæлардзинадмæ, æнгом цардмæ, хæларсыхагон ахастытæм».

Газеты алы райгуырæн бонмæ дæр интеллигенцийы бирæ минæвæрттæ нæ бахæлæг кæ-нынц зæгъын сæ уæздан æмæ хъарм ныхæстæ нæ уарзон газеты номыл. Ацы газет арвы рухс цæмæй фена, ууыл æрвылбон чи фыдæбон кæны, уыцы зиууæттæй бирæтæ рæнтæджыты хорзæхджын цæуынц паддзахадон хорзæхтæй. Уый æмрæнхъ ацы газеты фæллойгæнгæйæ систы Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналисттæ æмæ йæ абон дæр сæрбæрзондæй хæссынц.

Нæ хъæздыг газеты историйыл бирæ дзурæн ис, уымæн æмæ дæргъвæтин фæндæгтыл рацыд. Фæлæ хи схъауын ирон адæммæ раст нæу, уымæ гæсгæ ууыл æрлæудзыстæм. Æгæрон бузныг æмæ райгонд стæм, газеты радон номыр цæмæй арвы рухс куы фена, ууыл чи архайы æмæ йæ дарддæр посты руаджы газеткæсджытæм чи хæццæ кæны, уыдонæн.

Хъыгагæн, ныры дуджы ис ахæм тенденци æмæ бирæ æмбæстæгтæ уæлæхох кæнынц сæ мадæлон æвзагыл æмæ газет рафыссыны компанийы рæстæджы хуыздæрæн равзарынц уырыссаг æвзагыл мыхуыры фæрæзтæ. Уыдоны дæр хъæуы рафыссын, фæлæ ирон æвзагыл цæуæг газеты дæр нæ хъæуы æвæрын. Уæддæр нæ газетæн ис ахæм æнувыд хæлæрттæ, кæцытæ сæ хæсыл нымайынц ирон периодикон мыхуыр рафыссын. Уыдонæй, «Хурзæрин»-ы хæлæрттæй, мах стæм стыр бузныг сæ иузæрдиондзинадæй æмæ сæ æнувыддзинадæй. Бузныг стæм, посты хайадты кусджытæй, кæцытæ æрмæст нæ продукци нæ парахат кæнынц, фæлæ ма районты цæрджыты разæнгард кæнынц газет рафыссынмæ.

99 азы сæрты акæсгæйæ абоны коллектив мысы газеты уыцы кусджыты, кæцытæ не ‘хсæн нал сты, фæлæ нын мысынæн ныууагътой сæ рухс нæмттæ. Ныууагътой нын æй фæзмынынæн, уыдон куыстхъомдзинад æмæ фарн цæуы фæлтæрæй фæлтæрмæ æмæ йæ дарддæр кæндзыстæм мах дæр.

Рагæй фæстæмæ Ирыстоны хуссар хайы ирон газетæн хъарм ахастытæ ис æфсымæрон цæгаттаг ирон газет «Рæстдзинад»-имæ. Уыдон сорганизаци кæнынц сфæлдыстадон фембæлдтытæ.

Газет «Хурзæрин»-ы хъæздыг историйыл цымыдисон афæлгæст æмæ йын йæ алы рæстæджы мысинæгты сæрмагонд чиныг ис.

Нæ газеты фыццаг номыр мыхуыры куы рацыд ууыл 99 азы сæххæсты цытæн ма нæ газеты арфæйаг кæсджытæ æмæ иузæрдион хæлæрттæй курæг стæм, цæмæй нæм фыссой, сæ алыварс цы рæгъмæхæссинаг цаутæ цæуы, уыдоны тыххæй.

Гуырæн боны зæрдæйæн арфæтæ фæкæнынц. Ахæм арфæты аккаг сты, «Хурзæрин»-ы чи фыдæбон кодта æмæ дзы абон чи кусы, уыдон дæр. Не ‘хсæн чи нал сты, уыдон дзæнæты бадæт. Фæллойадон архайд чи кæны, уыдон та фæрнæй кусæт, арфæгонд уæт æмæ газеткæсджытæм хорз хабæрттæ хæссæг уæт.

                                                                                      КЪÆБУЛТЫ Маринæ