Хæсты зынаргъ ветерантæ æмæ фæсчъылдымы фæллойгæнджытæ! Цытджын æмбæстæгтæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын егъау бæрæгбон – Уæлахизы боны цытæн!

9-æм май у уæлдай сæрыстырдзинад, кадкæнынад, бузныгдзинады бæрæгбон уæлахиздзауты фæлтæрæн. Ацы бон мах нæ зæрдыл дарæм, тохы быдырты чи фæмард, фæс-чъылдым удуæлдайæ чи куыста, æмæ абоны онг чи нæ фæцард, уыдоны. Нæ адæмæн Уæлахизы бон алыхаттдæр баззайдзæн ирд бонæй. Мах алы хатт дæр аргъ кодтам, æмæ аргъ кæндзыстæм ацы бæрæгбонæн, кæцы хæссы нæ адæмы æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинад. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Хуссар Ирыстонæй фронтмæ ацыд 23 736 мин адæймаджы, амардысты дзы 11,7 мины, 7 минæй фылдæр та æбæрæгæй фесæфтысты. Мах хъынцъым кæнæм, хæсты быдыры чи фæмард, уыдон тыххæй,  нæ зæрдæты алы хатт дæр уыдзæн бузныджы æнкъарæнтæ æмæ се сгуыхтдзинады тыххæй мысынад.

Цытджын ветерантæ, мæ сæрæй уын ныллæг кувын Стыр Уæлахизы, æхсардзинад æмæ хъæддыхдзинады, уæ æнувыддзинады тыххæй, кæцыимæ сымах рацыдыстут карз фæлварæнтæ хæстон рæстæджы сымах махæн цыдæриддæр сарæзтат, æппæт уый тыххæй.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, амонд, сабырад, хорздзинад, сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ.

Æнусон мысынад, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты чи фæмард, уыдонæн!

Уæлахизы боны хорзæх уæ уæд!

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.