Фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет цы дзæвгар цымыдисон мадзæлттæ бацæттæ кодта æмæ ауагъта, уыдонæй иу уыд, Бестауты Гиуæргийы райгуырдыл нæуæдз азы сæххæсты юбилей æмæ Цыбырты Людвиг Бестауты Гиуæргийы тыххæй цы чиныг «Шаги в бессмертие» рауагъта, уый презентаци.

Мадзалы уыдысты Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади, ахуыргæндтæ, фысджытæ, ахуыргæнджытæ, студенттæ æмæ æндæр бæрнон   кусджытæ.

Мадзал байгом кодта Дзудцаты Тамерлан, æмæ цытджын уазджыты президиуммæ фæхоныны фæстæ, ныхасы бар радта университеты ректор Тедеты Вадимæн.

Вадим банысан кодта, зæгъгæ, Гиуæргийы райгуырæн аз мæнæн  дыууæгъуыз циндзинад хæссы. Уымæн æмæ нæ университет дæр арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд, Гиуæрги а-дунемæ куы фæзынд, уыцы 1932 азы. Дарддæр Тедеты Вадим бузныджы ныхæстæ загъта Плиты Гацырæн, æппынæдзух Ирыстоны интеллигенцийы минæвæрттæ æмæ сфæлдыстадон кусджытæм ахæм стыр æмæ раппæлинаг хъусдард кæй здахы,  сæ юбилейон бонтæм сын мадзæлттæ кæй бацæттæ кæны, уый тыххæй. Бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны фыццаг Президент Цыбырты Людвигæн дæр, йæ уынаффæмæ гæсгæ институтæн университеты ном лæвæрд кæй æрцыдис, уый тыххæй, æмæ Хуссар Ирыстоны абоны Президент Бибылты Анатолийæн, университеты «Кады нысаны» орденæй кæй схорзæхджы кодта, уый тыххæй.

Йæ раныхасы Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли та банысан кодта, зæгъгæ, Бестауты Геуæргийы хуызæн гуырдтыл Хуыцау атыхсы.

– Афтæ уымæн зæгъын æмæ алкæй бон нæ бауыдзæнис раттæг адæмы уыйбæрц уарзын, уыйбæрц сын аргъ æмæ кад кæнын. Гиуæргийы йæ абоны бæрзæндтæм чи скодта, уыцы уацмыстæй иу у «Стайы цармдарæг»-ы тæлмац. Ахæм стыр уацмыс раивынмæ йæ ныфс чи бахаста, æмæ уыцы хæс æнтысгæйæ чи сæххæст кодта, уымæн æцæгæй дæр хъæуы стыр аргъ æмæ кад кæнын. Гиуæргийæн ма стыр аргъ æмæ кад кæнын хъæуы, уымæн æмæ уый йæ бæстæ æмæ адæмы уарзта æцæг уарзтæй. Уый та æнæхъæнæй дæр зыны йæ уацмыстæй. Гиуæрги йæ адæммæ ахæм ахаст кæй дардта, уый мах хæсджын кæны, цæмæй йын йе сфæлдыстад, цы хъæздыг бынтæ ныууагъта, уыдон уарзын кæнæм нæ æрыгон фæлтæртæн.

– Дзуринæгтæ Бестауты Гиуæргийы тыххæй ис тынг бирæ, фæлæ æз дæр мæ абоны ныхас райдайдзынæн бузныджы дзырдтæй, – загъта мадзалы раныхасгæнæг, университеты ирон литературæйы историйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, аразын нæ цы бафæнды, уымæ стыр хъусдард кæй аздахынц, нæ домæнтæ нын кæй сæххæст кæнынц, уый тыххæй.

– Стыр бузныг нæ Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади, ректор Тедеты Вадим æмæ æндæртæн. Стыр бузныг Цыбырты Людвигæн, Бестауты Гиуæргийы тыххæй цы чиныг «Шаги в бессмертие» рауагъта, уый тыххæй.

Дарддæр Плиты Гацыр банысан кодта, зæгъгæ, Нафи  кæд абон не ‘хсæн нал ис, уæддæр уымæн дæр зæгъын æмбæлы бузныджы ныхæстæ. Гиуæргийы сфæлдыстадон бынтæ кæй æрæмбырд кодта æмæ сæ æртæ чиныгæй мыхуыры кæй рауагъта, уый тыххæй.

– Уе ‘хсæн бирæ рæстæг арвыстон, æмæ куы ‘рцæуын, иумæ уæ ахæм рæсугъд æмæ райдзаст агъуысты куы фенын, уæд мæ цинæн кæрон нал вæййы, – ахæм дзырдтимæ йæ ныхас райдыдта историон зонæдты доктор, профессор Цыбырты Людвиг.

– Гиуæргийы райгуырдыл абон æххæст кæны нæуæдз азы æмæ мæ банысан кæнын фæнды, кæд бирæ кадджын адæймæгтæн сæ ном ссарæм, кæнæм сын стыр кад, раргом сын кæнæм  се стыр уарзт фыдыбæстæмæ, адæммæ, уæддæр мæм афтæ кæсы, цыма ацы ахсджиаг хъуыддаджы стæм хуыздæрхъуаг, домдæуы нæ фылдæр, æмæ уыцы домындзинæдтæ хъуамæ æххæст кæнæм ноджы хуыздæр ахастимæ.

Ирон литературæйы историйы кафедрæйы доцент, профессор Хъазиты Мелитон  та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Гиуæргийæн Хуыцау æрмæст поэты æвзыгъддзинæдтæ нæ балæвар кодта, фæлæ ма уый æнæкæрон уарзтæй уарзта йæ Ирыстоны, йæ радтæг адæмы, кусын. Æмæ æрмæст хъуыдытæ æмæ дзырдтæй нæ, фæлæ хъуыддагæй дæр. Кæддæриддæр цæттæ уыдис æххуысхъуаг адæймаджы фарсмæ балæууынмæ. Æвзонгæй фæцайдагъ, йæ разы цы хæстæ лæууыд, уыдон афоныл æмæ гъæдджынæй æххæст кæныныл æмæ уыцы хорз миниуджытимæ ацыд ацы дунейæ дæр.

Фыссæг Дзасохты Музафер та æрымысыдис æмæ залы уæвджытæн радзырдта, Ги-уæргиимæ фыццаг куы базонгæ ис, уыцы хабар:

– Иу фембæлды рæстæджы мæм, – зæгъы Музафер, – мæ раныхасы фæстæ æрбацыд æмæ мын афтæ зæгъы, зæгъгæ, ме ‘мрихи, Хуссар Ирыстон дын æддагон макуы суæд. Ацы дзырдтæй дæр бæрæг уыд, Гиуæргийæн фыды уæзæгмæ цахæм ахаст уыдис, уый. Гиуæрги æдых æмæ тæппуд нæ уыдис, фæлæ тынг тарст, зæххыл ирон æвзаг куы нал уа, уымæй æмæ æппынæдзух, кæмфæнды дæр ма уыдаид, уыцы хъуыдытæ уыдысты йемæ.

Уый фæстæ Музафер бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ Гиуæргийыл.

Журнал «Фидиуæг»-ы прозæйы хайады редактор, фыссæг Наниты Аситат та банысан кодта, зæгъгæ, Гиуæрги уыд æцæг ирон лæг. Уый алы ран дæр, куыд куысты, афтæ хæс-тæджыты, сыхæгты æмæ, æгæрыстæмæй,  кæй нæ зыдта æмæ йæ чи нæ зыдта, уыдон ‘хсæн дæр ирдæй æвдыста йæ адæймагдзинад.

Газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор, фыссæг Гæбæраты Юри та залы уæвджыты раз ралæугæйæ банысан кодта:

–  Расул Гамзатов Пушкинæй куыд загъта, уый нæхирдыгонау куы рацаразæм, уæд рауаид афтæ: Хуыцау Ирыстонмæ æнæ адрес фыстæг куы рарвыстаид, поэтмæ йæ радтут, зæгъгæ, уæд æй комкоммæ бахастаиккой Къостамæ. Къоста у нæ дзырдаивады бардуаг, фæлæ ма нын Хуыцауы цæст бауарзта, йæ комытæфæй кæй фæхайджын кодта, ахæм поэттæ дæр. Уыдоны фыццæгтæй иу у Бестауты Гиуæрги. Бузныг уын, йæ ном та йын кæй ссардтат, уый тыххæй, фæлæ махæн нæ сæйраг хæс у, цæмæй Гиуæргийы диссаджы поэзиимæ тынгдæр зонгæ кæнæм рæзгæ фæлтæры.

Мадзалы æвдыст æрцыдис цалдæр видео-роликы. Уыдоны Ирыстоны зындгонд адæймæгтæ, абон дзæнæттæгтæ Джыгкайты Шамил, Джусойты Нафи æмæ Ходы Камал дзырдтой сæ мысинæгтæ Гиуæргийы тыххæй.

Мадзалы Гиуæргийæн йæхи фыст æмæ Гиуæргийыл фыст  æмдзæвгæтæ кастысты университеты студенттæ Тедеты Игорь, Чехойты Зæлинæ, Къозонты Давид, Æлборты Сабинæ, Сиукъаты Иринæ, Зассеты Вадим æмæ æндæртæ.

Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы зарджыты къорд та сæххæст кодта «Антоны зарæг».

Мадзалы кæронбæттæн ныхас загъта Бестауты Гиуæргийы фырт Ацæмæз. Уый стыр бузныджы ныхæстæ загъта, мадзал чи бацæдтæ кодта æмæ йæм чи æрбацыд, æппæт уыдонæн, æмæ æрымысыдис йæ фыды цардæй цалдæр цауы.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.