Зынаргъ хæлæрттæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордыл 30 азы сæххæсты цытæн.

ОМОН арæзт æрцыд республикæйы мидæг фыдракæндты тæмæны æмæ арæнтыл æфсæддон архайдтыты рæстæджы. Зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, кæцытæ æрхаудысты дæлхайадмæ, уæ профессионализм, уды хъæддыхдзинад фадат радтой хъысмæтæн дзуапп кæнын, знаджы ныхмæ цæуын æмæ фидар уартæй лæууын Хуссар Ирыстоны стабилондзинад æмæ нæ адæмы æдасдзинад бахъахъхъæнынмæ.

Æппæт ацы азты ОМОН лæууы Республикæ Хуссар Ирыстоны барвæтк сифтонг кæныны фæндагыл, кадимæ æххæст кæны хæстон æмæ оперативон-службæйон хæстæ.

Райгуырæн зæхмæ уарзондзинад, патриотизм æмæ хъæддыхдзинад систы мобилон специалон дæлхайады  æмбæлццонтæ æмæ фронты æддагон знагимæ тох кæнын. Гуырдзиаг агрессийы рæстæджы хæстонтæ цы æхсардзинад æмæ хъайтардзинад равдыстой, уыдон баззайдзысты Хуссар Ирыстоны цæрджыты зæрдæты. Хæст ахаста не ‘мслужбæгæнджыты цард. Æнусон кад, Республикæ Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад чи бахъахъхъæдта, уыдонæн.

Зынаргъ хæлæрттæ! Бузныджы ныхæстæ уын зæгъын уæ хæсмæ æнувыддзинад, æнтыстытæ уæ профессионалон архайды æмæ бинонты фæрныгад! Сабырад æмæ хорздзинад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.