Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы  къорды кусджытæ æмæ ветерантæн

Зынаргъ хæлæрттæ!

Айсут мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды сарæзтыл 27 азы сæххæсты цытæн.

РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд саразынæй фæстæмæ куысты бындурæн æвæрд æрцыд æхсæнады стабилондзинад æмæ сабырдзинад бахъахъхъæныны, не ‘мбæстæгты æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы службæйон хæстæ æххæст кæнынмæ бæрнджын æмæ профессионалон ахаст.

Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзыйы уæрæхмасштабон агрессийы зын азты Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæ уыдысты, Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты чи слæууыд, уыдоны фыццæгтæй сæ иутæ, сæ бон ссис æхсарджынæй æмæ хъæддыхæй бахъахъхъæнын нæ бæстæйы кад. Адæмы зæрдæты баззайдзысты уыцы хъайтарты нæмттæ, кæцытæ сæ цард снывонд кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ рухс сомбоны сæраппонд.

Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды ветеранты традицитæ абоны бон дарддæр кæнынц Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты ног фæлтæр. Паддзахаддзинады æнцой лæугæйæ, æвзонг æфсæддонтæ сабыр рæстæджы дæр цæсгомджынæй æххæст кæнынц сæ хæстæ, активон хайад исынц фыдракæндты ныхмæ тох кæныны хъуыддаджы.

Ныфс мæ ис, патриотизм, æфсæддон цæттæдзинады бæрзонд æмвæзад, службæйон хæстыл æнувыддзинад, Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджыты фæндвидардзинад æмæ хъæддыхдзинад дарддæр дæр кæй уыдзысты республикæйы сабырад æмæ барвæтк ифтонг кæныны гаранти.

Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ уæ профессионалон архайды, уæ бинонтæн æмæ уе ‘ввахс хиуæттæн та сабырад æмæ фæрныгад!

Республикæ Хуссар

Ирыстоны Президент Быбылты Анатоли

 

***

Уголовон-æххæстгæнæн системæйы кусджытæ æмæ ветерантæн

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Уголовон-æххæстгæнæн системæйы кусæджы боны цытæн!

Уголовон-æххæстгæнæн системæ у Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл закъондзинад æмæ барвæткы гарант, ахсджиаг нысаниуæг ын ис æхсæнады æдасдзинад æмæ стабилондзинад ифтонг кæныны  хъуыддаджы. Уæ куыст здæхт у раст тæрхон æххæст кæнынмæ. Æмæ сымах фæрцы раст фæндагыл слæууынц не ‘мбæстæгтæ, кæцытæ ахизынц закъоны фæлгæттæй.

Уголовон-æххæстгæнæн системæйы кусджыты бæрзонд профессионализм, хъуыддагыл æнувыддзинад æмæ принципиалондзинад сты аргъ æмæ кады аккаг. Ныфс мæ ис, уæ размæ кусджыты традицитæ кæй фылдæр кæндзыстут, раздæрау цæсгомджынæй кæй æххæст кæндзыстут уæ разылæууæг хæстæ.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, амонд æмæ æнтыстытæ уæ зын, фæлæ хъæуæг службæйы Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн!

Республикæ Хуссар

Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.