Хуссар Ирыстон дæр ныр цалдæр азы æрбаиу «Æхсæв музейы», зæгъгæ, ахæм дунеон акцимæ. Уый Цхинвалы Национ музейы уагъд цæуы æртыккаг хатт. Ацы акцийы фæлгæтты уагъд æрцыд мадзал ахæм номи-мæ: «Сæххæст кæн дæ бæллиц».

19 майы ирон адæмы истори æмæ культурæйыл дзурæг зынаргъ экспонаттимæ базонгæ уæвынмæ сæдæгай адæймæгтæ æрбацыдысты республикæйы Национ музеймæ. Мадзалы цытджын уазæг уыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Музейы директор Зассеты Мераб куыд банысан кодта, афтæмæй ацы аз акцийы фенæн ис дыууæ ног экспонаты – «Ирон хæдзар» æмæ «Æрдзы хайад». Уыимæ иумæ та ныр дæр музеймæ æрбацæуджытæм рахастæуыд «Цыкурайы фæрдыг». Рагзаманты уырнынадмæ гæсгæ, «Цыкурайы фæрдыг» æххуыс кæны иууыл зæрдиагдæр бæллицтæ æххæст кæнынæн.  «Цыкурайы фæрдыг» Национ музейæн балæвар кодта зынгæ ахуыргонд Дзадтиаты Руслан 2015 азы. Музейы традицион ссис ирон национ хæринæгтæй ацаходын дæр, кæцытæ цæттæ æрцæуынц мадзалы рæстæджы. Уыцы традици æххæст æрцыд ацы хатт дæр.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта музейы кусджытæн, цы акци ауагътой, уый тыххæй.

«Музейы къухдариуæгад æмæ йæ кусджытæ стыр куыст бакæнынц, цæмæй махæн æмæ нæ сывæллæттæн цымыдисон уой, стыр историон нысаниуæг цы экспонаттæн ис, уыдон. Иууыл цымыдисондæр уыд ног хайад, цыран æвдыст æрцыд нæ æрдзы рæсугъддзинад. Нæ зæрдæтæ нын тынг барухс кодта «Ирон хæдзар»-ы хайад дæр», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Дарддæр раныхас кодта Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны университеты ирон литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр. Уый æрæмбырдуæвджытæн радзырдта, «Цыкурайы фæрдыг»-ы нысаниуæг рагзаманы таурæгъты куыд æвдыст æрцыд, уый тыххæй. Банысан кодта,   ирæттæ-иу ацы фæрдыгæн сæрмагонд бынат рахицæн кодтой. «Цыкурайы фæрдыг» цы хæдзары уыд, уый нымад цыд амондджын, бæркадджын æмæ æнтыстджыныл», – загъта ахуыргонд.

ХИПУ-йы Ирон æвзаг æмæ иумиаг æвзагзонынады кафедрæйы доцент Дзабиты Зарбег дæр банысан кодта Цыкурайы фæрдыджы нысаниуæг, ома йæ ном йæ уæлæ ис, «цы курай».

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.