Цытджын хæстонтæ-фидауынгæнджытæ, фидауынгæнæн миссийы ветерантæ! Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Арфæ уын кæнын сабырад бахъахъхъæныны фæдыл Хуссар Ирыстонмæ Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты æркондыл 27 азы сæххæсты цытæн.

Ацы бон Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы æнустæм баззайдзæн иууыл ахсджиагдæр бонтæй. Хæстонмæ цы хуыздæр миниуджытæ ис – хъæддыхдзинад, ныфсхастдзинад, хæсмæ иузæрдыгдзинад, уыдон равдисгæйæ, сымах никуы æрлæууыдыстут зындзинæдты раз, фидауынгæнджытæ баурæдтой нæ адæмы скуынæг кæныны хъуыддаг, фадат нын радтой сабырæй кусын æмæ рæзынæн.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын ацы нысаниуæгджын боны цытæн æмæ уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ!

РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

***

РХИ-йы Парламенты  Сæрдар Тадтаты Аланы арфæ

Цытджын хæстонтæ-фидауынгæнджытæ! Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Арфæ уын кæнын Фидауынгæнæджы боны цытæн! Мах бузныджы æнкъарæнтимæ æрымысæм 1992 азы 14 июль, уæд Хуссар Ирыстонмæ баконд æрцыдысты æртæварсон æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ сабырдзинад бахъахъхъæныны тыххæй, кæцытæ нæ адæмæн æрхастой сабыр царды цæрыны ныфс æмæ бæрæг стабилондзинад.

Мах бузныг стæм хæстонтæ-фидауынгæнджытæй сæ профессионализм  æмæ хъайтардзинад, быхсындзинад æмæ фæразондзинад, æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинады тыххæй, кæцытæ уыдон равдыстой, фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты службæ кæнгæйæ. Фидауынгæнæджы куыст у арфæйаг, цардæн зын æмæ тæссаг, фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, сымах кадимæ сæххæст кодтат уæ хæс, службæйон хæстæ æмæ ард бахæрдыл æнувыддзинад равдисгæйæ. Зындгонд у, Уæрæсейы фидауынгæнæг тыхты фæрцы арæзт кæй æрцыдысты уавæртæ знагиуæг фæрсты ‘хсæн диалог райдайыны тыххæй æмæ бирæ хъизæмæрттæ бавзарæг зæххыл сабырдзинад сфидар кæнынæн.

Æз мæхи фæлтæрддзинадæй зонын æппæт уыцы зындзинæдты тыххæй, кæцытимæ æмбæлдысты фидауынгæнæг тыхтæ, цæмæй конфликтон зонæйы хъахъхъæд æрцыдаид сабырдзинад æмæ стабилондзинад. Ацы нысаниуæгджын боны мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын хæстонтæ-фидауынгæнджытæн, кæцытæ службæ кодтой нæ республикæйы. Арфæ кæнын фидауынгæнджытæ æмæ не ‘мбæстæгтæн Фидауынгæнæджы боны цытæн. Мæ цæст сын уарзы æнæниздзинад, фæрныгад æмæ сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.