Цытджын фидауынгæнджытæ! Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Арфæ уын кæнын Хуссар Ирыстоны сабырад сифтонг кæныны фæдыл æртæварсон æмхæццæ фидауынгæнæн тыхты æрбаконды 26 азы боны цытæн.

Ацы бæрæгбоны Хуссар Ирыстоны цæрджытæ кад кæнынц фидауынгæнджытæн, республикæйы сабырад сифтонг кæныны фæдылкадимæ чи æххæст кодтой сæ зын службæ, уыдонæн.

Нæ адæмы царды фидауынгæнæн операцийы архайдтыты нысаниуæгæн зын саргъгæнæн у. Тугкалд урæд æрцыд æрмæстдæр УФ-йы фидауынгæнæн тыхты фæрцы, кæцытæ  хуссарирыстойнаг зæххыл сæ фæзындæй сифтонг кодтой сабырад. Æфсæддонты фæрцы мах цæрæм сабыр арвы бын, нæ хъуысынц æхстытæ, адæм нæ мæлынц. Ирон адæмæн УФ-йы фидауынгæнæн тыхтæ сты стабилондзинад, æдасдзинад æмæ фæрныгады символ.

Ацы нысаниуæгджын бон уын, зынаргъ æмбæстæгтæ арфæ кæнын, Фидауынгæнæджы боны цытæн.

Арфæ кæнын хæстонтæн-фидауынгæнджытæн, кæцытæ хайад райстой Хуссар Ирыстоны зæххыл сабырад ифтонг кæныны хъуыддаджы. Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, сабырад æмæ дидинæфтыд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

***

Зынаргъ фидауынгæнджытæ, зынаргъ хæлæрттæ!

Хицауады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Хуссар Ирыстоны сабырад сифтонг кæныны фæдыл æмхæццæ фидауынгæнæн тыхты æрбаконды боны цытæн.

Нæ историйы уыцы ахсджиаг бонæй рацыд 26 азы. Уыцы азты дæргъы Хуссар Ирыстоны адæм хъуыды кæнынц стыр профессионалондзинад æмæ удуæлдайдзинад æвдисгæйæ, адæмы куынæг кæнын чи æрурæдтой æмæ сæхимæ бæрн чи райста республикæйы сабырад бахъахъхъæныны фæдыл, уыдоны.

Зындзинæдты, уыцы нымæцы цардæн тасдзинады раз дæр нæ фæтасгæйæ, фидауынгæнджытæ цæрджытæн ифтонг кодтой сабыр уавæрты рæзын æмæ кусыны фадат.

Ацы бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы æнтыстытæ, фидар æнæниздзинад æмæ бинонты фæрныгад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

 

 

***

Цытджын фидауынгæнджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй уын арфæ кæнын Фидауынгæнæджы боны цытæн!

Фидауынгæнæг у стабилондзинад, æмбæстаджы бартæ æмæ сæрибардзинадæн аргъ кæнын, конфиликты зонæйы закъондзинад бахъахъхъæныны символ.

1992 азы 14 июлы нæ адæмы ныхмæ гуырдзыйаг агресси урæд æрцыд хæццæ фидауынгæнæг тыхты руаджы. Уыдоны профессионалон архайдтыты фæрцы урæд æрцыдысты хæстон архайдтытæ бирæ зындзинæдтæ бавзæрæг Хуссар Ирыстоны зæххыл. Фидауынгæнджыты хъæбатырдзинад, æхсардзинад æмæ æфсæддон хæсыл иузæрдыгдзинад æрхастой нæ адæмæн сæрибардзинад æмæ сифтонг кодтой не ‘мбæстæгты æдасдзинад. Сабырады æрлæуд нын фадат радта æндидзынгæнæн куыстытæ кæнынæн æмæ ахъаз уыд нæ паддзахиуæгад дарддæр сфидар кæнынæн.

Зынаргъ фидауынгæнджытæ!

Мæ цæст уын уарзы сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ, æнæниздзинад, фæрныгад сымахæн, уæ бинонтæн æмæ уе ‘ввахс хиуæттæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны-Паддзахад Аланийы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.