Цытджын фидауынгæнджытæ! Зынаргъ æмзæххонтæ!

Арфæ уын кæнын Хуссар Ирыстоны сабырад бахъахъхъæныны фæдыл æртæварсон Æмхæццæ тыхты æрбакондыл 30 азы сæххæсты боны цытæн.

Абон мах нысан кæнæм нæ республикæйæн ахсджиаг бон, кæцы 1992 азы июлы уыд нæ зæххыл сабырад сфидар кæныны фæдыл Æмхæццæ тыхты æрабкондæй. Хæстонтæ-фидауынгæнджытæ систы Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинады гарант.

Ацы бон Хуссар Ирыстоны цæрджытæ кад кæнынц фидауынгæнджытæн, æппæт уыдонæн, йæ зын службæ республикæйы сабырад бахъахъхъæныны тыххæй кадимæ чи æххæст кодта. Хуссар Ирыстоны адæм кад æмæ хъуыды кæнынц, уæлдæр профессионализм æмæ удуæлдайдзинад чи равдыста, нæ адæмы куынæг кæнын чи  нæ бауагъта,  уыдоны.

Зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, уыцы нымæцы царды тасдзинадимæ баст, фидауынгæнджытæ цæрджыты ифтонг кодтой сабыр цард æмæ фæллой кæныны фадатæй.

Цытджын фидауынгæнджытæ!

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, ног æнтыстытæ уæ куысты – сабырад æмæ Райгуырæн зæххæн службæ кæныны.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар  ДЖУСОЙТЫ Константин

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фидауынгæнæг тыхты зынаргъ фидауынгæнджытæ æмæ ветерантæ!

Арфæ уын кæнын – Фидауынгæнæг тыхты боны цытæн.

Растдæр 30 азы размæ, Цхинвал æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æндæр цæрæн пункттæ æрвылбон дæр æййæфтой артиллерион æхстытæ, 14 июлы гуырдзиаг-ирон конфликты зонæмæ конд æрцыдысты æртæварсон Æмхæццæ тыхтæ сабырад сфидар кæны-ны тыххæй.

Фидауынгæнæг тыхты бакондæй рæстæгмæ урæд æрцыдысты хæстон архайдтытæ, нæ зæххыл урæд æрцыд тугкалд, адæмæн фадат фæцис сæ хæдзæрттæм æрыздæхын æмæ сабыр цард кæнынæн. Фидауынгæнджыты сæйраг хæс уыд конфликты зонæйы сабырад бахъахъхъæнын, æмбæстæгты æдасдзинад сифтонг кæнын. Фидауынгæнджытæ сæ хæстыл фæтых сты, æмæ 1992 азæй 2008 азмæ нæ зæххыл тугкалд кæй не ‘рцыд æмæ дзы сабырад æмæ стабилондзинад кæй уыд, уый уыд фидауынгæнæг миссийы сæйраг хатдзæг. Фидауынгæнæг тыхтæн, кæцытæ систы æдасдзинады сæйраг гарант, не ‘мбæстæгты æхсæн ис кадкæнынад.

Æз хорз зонгæ дæн хæстонтæ-фидауынгæнджыты службæимæ æмæ зонын, конфликты зонæйы службæйы рæстæджы цы зындзинæдтæ æййæфтой, уыдон, æмæ мæ уыдонæн фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын  зын æмæ тæссаг службæ, хъайтардзинад, намысæмæ удуæлдайдзинады тыххæй.

Мæ цæст уарзы æппæт фидауынгæнджытæн æнæниздзинад, сабырад æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты    Сæрдар ТАДТАТЫ Алан 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.