1992 азы 14 июлы нæ хæствæллад зæхмæ Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ æрхастой сабырад æмæ æнцойад. Уæд сулæфыдысты нæ адæмы хæствæллад зæрдæтæ æмæ сæ стырæй, чысылæй бацыд царды ныфс. Æрвгъуыз каскæты салдаттæ сæ тыхтæ радтой, цæмæй нæ республикæйы мауал хъуыстаид æхсæнгарзы хъæр, æмæ не ‘мбæстæгтæ мауал мардаиккой знаджы нæмыгæй. Уымæ гæсгæ, ацы бон нæ паддзахады ногдæр историмæ хаст æрцыд куыд бæрæгбон æмæ йæ æрвылаз дæр нысан кæнæм.

Ацы зæрдылдарæн боны нæ Республикæйы Президент Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан æмæ Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, фидауынгæнджытæ-ветерантæ, нæ горæты æхсæнады минæвæрттæ веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой, нæ горæты Фидауынгæнджыты уынджы Фидауынгæнджыты номыл цы цырт ис, уый раз. Уый фæстæ уагъд æрцыд митинг.  Митинг бацæттæ кодта нæ Республикæйы Культурæйы министрад æмæ йæ бакодта Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты ирон батальоны раздæры командæгæнæг Хацырты Филипп. Уый арфæйы ныхæсты фæстæ цыбыртæй æрдзырдта, нæ республикæ иууыл уæззау æмæ хæстон архайдтыты рæстæджы дæр стыр ныфс кæй æвæрдта Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæй. Æмæ, æцæгæйдæр, нæ адæмæн се ‘нхъæлмæкаст æнæхъуаджы нæ уыд. Уæды Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад райста раст уынаффæ, цæмæй нæ адæмы фервæзын кодтаид знаджы æбуалгъ митæй. Æмæ, æцæгæйдæр, Фидауынгæнæг тыхты бакондæй нæ зæххыл æрлæууыд сабырад, æмæ нæ адæм никуы ферох кæндзысты, хи царды аргъæй Хуссар Ирыстоны сабырдзинад, хæдбардзинад, сæрибардзинад æмæ æмбæстæгты æнцойад чи хъахъхъæдта, уыдоны нæмттæ, – банысан кодта Хацырты Филипп. Уый фæстæ ныхасы бар радта Президент Бибылты Анатолийæн.

– Мæ зынаргъ æмбæстæгтæ! Цытджын фидауынгæнджытæ! Махæй алчи дæр хъуыды кæны, 27 азы размæ, нæ горæты 8-æм июны уынджы куы æрбазындысты Æмхæццæ Фидауынгæнæг тыхтæ, уæд сыл цы æхсызгон зæрдæйы уагимæ æмæ ныфсы цæстысыгтимæ æмбæлдысты нæ горæты цæрджытæ, уый. Куы фæзæгъынц, ома, Фидауынгæнæджы мисси уникалон у, уæд уый æцæгæйдæр афтæ у, уымæн æмæ нæ Республикæйы бирæ азты дæргъы уыдон архайдтой хъаугъайы зонæйы сабырад хъахъхъæныныл дæр æмæ уымæй уыдон ноджыдæр равдыстой сæ миссийы уникалондзинад. Уыдоны фæрцы нæ хæствæллад адæм райдыдтой фæстæмæ здæхын сæ хæдзæрттæм, сабыр фидæны ныфс сæ зæрдæты бацыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæн нæ республикæйы сабырад бахъахъхъæнын сæ бон бирæ азты дæргъы бацис, фæлæ уæддæр нæ сыхæгты сусæг æмæ æбуалгъ митæн ахæм цаутæн кæрон нæ уыд. 2008-æм азы Гуырдзыстоны уæды къухдариуæгад та радон хатт спайда кодта паддзахадон террорæй æмæ гуырдзиаг-ирон конфликт радиколонæй аскъуыддзаг кæнын, уæд Уæрæсейæн æндæр гæнæн нал уыдис æмæ нæ республикæмæ конд æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы Æфсæддон тыхтæ. Уыцы фондз боны хæсты рæстæджы фæмард сты бирæнымæц фидауынгæнæг службæгæнджытæ, фæмард сты нæ горæты æмбæстæгтæ. Хъыгагæн, нæ бон нæ бацис бахъахъхъæнын бирæты.

Митингы фæстæ ма веноктæ æмæ дидинджытæ   сæвæрдтой фидауынгæнæг тыхты уæрæсейаг æмæ ирон батальонты раздæры æфсæддон хайы территоритыл.

Танделаты Вилена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.