Информацион фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин раарфæ кодта Гаглойты Аланæн Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ æвзæрст кæй æрцыд, уый тыххæй æмæ йын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ.

«Ныфс мæ ис, ахæм бæрзонд бынаты дæ архайд кæй ахъаз кæндзæн нæ бæстæты ‘хсæн ахастытæ дарддæр фидардæр кæнынæн, кæцытæ бындуриуæг кæнынц æмцæдисад æмæ стратегион партнерондзинады принциптыл», – дзырдæуы арфæйы телы.

Уæрæсейы Федерацийы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе дарддæр дæр æххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты актуалон фарстытæ скъуыддзаг кæнынæн, афтæ ма национ æдасдзинад ифтонг кæнынæн. Уæрæсейаг лидерæн Гаглойы-фыртæн йæ цæст бауарзта æнтыстытæ, фидар æнæниздзинад æмæ фæрныгад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.