Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик Республикæ Абхазы премьер-министр Валерий Бганбайæн раарфæ кодта Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Валери Рамшухы фырт!

Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ сæрмагондæй мæхи номæй зæрдиаг арфæ кæнын дæуæн æмæ æфсымæрон Абхазы адæмæн Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 25 азы сæххæсты сæраппонд.

1993 азы 30 сентябрь республикæйы историмæ бацыд куыд абхазаг адæмы хъайтарон уæлахизы символ, сæрибар, хæдбар, демократон паддзахад аразыны барты сæраппонд тохы. Уæдæй фæстæмæ цы азтæ рацыд, уыдон сбæрæг кодтой равзаргæ фæндаджы растдзинад.

Абоны бон Абхаз рæзын кæны экономикæ, реализаци кæны мидæггагон потенциал æмæ уæрæх кæны æддагполитикон фадæттæ. Ныфс мæ ис, Республикæ Абхазы хъайтарон, патриотикон, куыстуарзаг цæрджытæ сæ фæндаджы цыфæнды зындзинæдтыл дæр кæй фæтых уыдзысты, уый.

Иумæйаг хъысмæтæй иугонд чи у, нæ уыцы республикæтæм, историон æгъдауæй сæвзæрд æнгом бастдзинæдтæ, кæцытæ дарддæр дæр, ныфс мæ ис, фидар æмæ арфдæр кæй  кæндзысты.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны, Валерий Рамшухы фырт, дæуæн æмæ Абхазы æппæт адæмæн мæ цæст уарзы фæрныгад, дидинæфтыд  æмæ сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ!»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.