Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Абхазы Адæмон Æмбырды Сæрдар Валери Бганбайæн Конституцийы боны цытæн.

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Валери Рамшухы фырт!

Айс мæ зæрдиаг арфæтæ Республикæ Абхазы сæйрагдæр паддзахадон бæрæгбонтæй иу – Конституцийы Боны цытæн.

Конституци бафидар кодта абхазаг адæмы историон равзæрст сæрибар, хæдбар паддзахады цæрыны сæраппонд æмæ бирæбæрцæй сбæлвырд кодта уæ бæстæйы рæзты фидæн. Сæйраг Закъоны позицитыл кæй лæуут, уый ахъаз у паддзахадон арæзтад æмæ социалон-политикон равæрды бындуртæ сæххæст кæнынæн, гаранти дæтты социалон рæстдзинады нормæтæ хъахъхъæнынæн, хъахъхъæны æмбæстæгты сæрибардзинад æмæ бартæ. Конституцийы принциптыл бындуриуæггæнгæйæ, Абхазы Парламент æппæт йæ хъарутæ здахы демократийы райрæзт æмæ цæрджыты интерестæ хъахъхъæнынмæ, æхсæнадæмон бастдзинæдтæ фидар кæнынмæ æмæ дунеон аренæйыл Абхазæн ном скæнынмæ.

Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц æфсымæрон Абхазы адæмимæ хæлардзинадæн æмæ стыр цымыдисимæ сæ хъус дарынц йе ‘нтыстытæм. Ныфс мæ ис, нæ парламентты æхсæн цы æнгом бастдзинæдтæ сæвзæрд, уыдон дарддæр дæр кæй рæздзысты æмæ фидар кæндзысты нæ адæмтæ æмæ нæ рсепубликæты хæрзиуæгæн.

Ацы бон дæуæн, цытджын Валери Рамшухы фырт, æмæ æфсымæрон  абхазаг адæмæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, æнтыстытæ æмæ хæрзиуджытæ».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.