Æрвылаз дæр Инвестицион программæйы фæлгæтты нæ республикæйы арæзт æрцæуынц цæрæн хæдзæрттæ, фæндæгтæ, инженерон хызæгтæ æмæ æндæр нысаниуæджы объекттæ. 2019 азы нæ республикæйы цы арæзт æрцæудзæнис, уый тыххæй мах ныхас кæнæм РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергеимæ.

– 2019 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ горæты кæцы уынгтæ æрцæудзысты арæзт?

– Цхинвалы дарддæр арæзт æрцæу-дзысты 8 уынджы – Лермонтовы,  Уæлахизы,  Гаглойты Хазбийы, Харебаты Исахъы, (Сталины уынгæй Гаглойты Хазбийы уынгмæ), Гаглойты Рутены, Остъаты æфсымæрты, Джиоты Аланы проспекты фæзилæн æмæ Гафезы уынг. Фæлæ цалынмæ ацы уынгтæ хæрзарæзт не ‘рцæуой, уæдмæ уал уыцы уынгты бакæндзысты доны хæтæлтæ, газы, канализацийы хæххытæ баивыны æмæ сæ хæдзæрттæм баиу кæныны куыстытæ.

– Куыд зонæм, афтæмæй коммуникацион æмæ инженерон хызæгтæ ивд æрцыдысты республикæйы хицæн районты дæр. Кæд æрæвналдзысты сæ арæзтадмæ?

– Нæ  республикæйы  районтæй  горæт  Къуайсайы æмæ Ленингоры поселочы баивд æрцыдысты æппæт коммуникацион хæххытæ дæр, уымæ гæсгæ ныр хъæуы уынгтæ  хæрзарæзт скæнын, асфальт сæ скæнын. Раст зæгъгæйæ, адæм дæр сфæлмæцынц пырх уынгты цæугæйæ. Фæлæ æндæр гæнæн нæй. Цæмæй фæндаг æмбæлон арæзт æрцæуа, уый тыххæй домы бирæ куыст.

– Уыдонæй дарддæр ма республикæйы арæзт цæудзысты фæндæгтæ?

– Ацы аз ма Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт æрцæудзæн Гром-Цъинагары фæндаг. Уыцы фæндаг арæзт куы фæуа, уæд Цъинагарæй Цхинвалмæ фæндаг фæцыбыр уыдзæн æртæ хатты. Ныртæккæ кæд Громæй Цъинагармæ фæндаг 40  километры дæрддзæгæн у, уæд ног фæндаг та уыдзæн 15-18 километры.

– Гуыбаты æфсымæрты уынгыл цы цæрæн хæдзæрттæ арæзт цæуы, уыдонæй дарддæр ма ноджы арæзт цæудзæн цæрæн  хæдзæрттæ?

– Ацы азы кæронмæ арæзт фæуыдзысты дыууæ фондзуæладзыгон хæдзары Гуыбаты æфсымæрты уынгыл. Хæдзæртты арæз-тадæн бындурæвæрд æрцыд аивгъуыйгæ азы, уалдзæджы. Уыдонæй алы хæдзары дæр уыдзæн 150 фатеры, алы хæдзары дæр дзы ис иухатæнон, дыууæхатæнон æмæ æртæхатæнон фатертæ. Иухатæнон фатерты фæзуат у 43,5 квадратон метры,  дыууæхатæнонтæ – 60 квадратон метры æмæ æртæхатæнонтæ та 83,5 квадратон метры бæрц. Хæдзæрттæй сæ иу фæцис  агъуысты  бын æмæ мидæгæй кæнынц  бæстонгæнæн куыстытæ.

Дыккаг корпусы та арæзт цæуы фæндзæм уæладзыг. Æмæ та ацы азы кæрон дæр  фатерты хицæуттæ бауыдзысты ноджыдæр 300 бинонтæ. Цæрæн фатертыл тыхсынц канд горæты цæрджытæ нæ, фæлæ ма нæ республикæйы районты цæрджытæ дæр. Уымæ гæсгæ Дзау æмæ Знауыры арæзт æрцæудзысты 18 фатерон хæдзары.

– Хæсты фæстиуæгæн пырх чи æрцыдысты, уыцы рæвдауæндæттæ кæд æндидзыд æрцыдысты, уæддæр нырма нæ фаг кæнынц бынæттæ сабитæн. План цæуы, цæмæй ма ноджыдæр арæзт æрцæуой сабитæн рæвдауæндæттæ?

– Нæ горæты ма ноджыдæр ахæм рæвдауæндон сабитæн арæзт æрцæудзæн Суворовы уынгыл. Уый дæр бирæ фæрогдæр кæндзæн уавæр.

– Æнæниздзинады къабазы ма 2019 азы цахæм объекттæ арæзт æрцæудзысты?

– Кæронмæ арæзт æрцæудзæнис гуырæн хæдзар. Уыцы объект рахызт аивгъуыйгæ азæй. Уый арæзт æрцыд гинекологион хайадимæ. Ныртæккæ ам мидæгæй цæуынц æндæр æмæ æндæр бæстонгæнæн куыстытæ. Нæ горæты арæзт цæуы уазæгдон «Ирыстон» дæр. Арæзт фæуыдзæн азы кæронмæ. Уый æхсызгон цау у. Иуæй суыдзæн нæ горæты фидыц, иннæмæй та нæ республикæмæ æрцæугæ уазджытæн, йæ цæрджытæй кæй бахъæуа йæ сæр, уыдонæн фадат уыдзæн æмбæлон уавæрты бахсæвиуат кæнынæн.

Уазæгдоны сырæзт ма æхцондзинад хæссы уымæй дæр æмæ ам фæзындзæн куысты бынæттæ дæр.

– Нæ горæты цæрджыты бæллиц ссис, цæмæй арæзт æрцæуа Хуыбылты Валерийы номыл Стыр парк æмæ раздæр куыд уыд, афтæ та дзы сæ сæрибар рæстæг æрвитой. Кæд райсдзæн парк йæ раздæры хуыз?

– Хуыбылты Валерийы номыл парк раздæрæй ныр аивдæр хуыз райсдзæн. Уым арæзт æрцæудзæнис рухсытæ, теннисæй кæм хъазой, ахæм стъолтæ, спортивон æмæ хъазæн фæзуæттæ, арæзт дзы æрцæудзысты, велосипедыл скъæрæн фæндæгтæ. Паркы æвæрд æрцæудзысты фæхсбандæттæ, арæзт дзы æрцæудзæн чысыл цад. Иудзырдæй, паркæн фылдæр уыдзæн физкультурон-æнæнизгæнæн нысаниуæг. Æз æнхъæлын æмæ парк куы сырæза, уæд раздæрæй ноджы тынгдæр æл-васдзæн йæхимæ нæ горæты цæрджыты стырæй, чысылæй.

– Дзырд цæуы, нæ адæмы сæрибардзинады сæрыл йæ цард чи æрхаста, уыдонæн мемориалон комплекс саразыныл дæр.

– Мах хæсджын стæм æмæ уыцы æдзард лæппутæн кад æмæ аргъ кæнæм. Уымæн æмæ уыдон сæ цард æрхастой мах тыххæй, цæмæй сæрибар æмæ амондджынæй цæрæм нæ паддзахады. Уымæ гæсгæ сын сæ ном сæнусон кæныны тыххæй арæзт æрцæудзæн мемориалон комплекс.

– Бирæ дзырд цæуы брондон саразыны тыххæй. Ацы фарст скъуыддзаг æрцыд?

– Арæзт æрцæудзæн, нормативон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм брондон. Проектмæ гæсгæ брæттæ утилизаци кæныны тыххæй сырæздзæн æнæхъæн комплекс, кæцы нæ алфæмблайыл мæгуырауæрдæм нал æндавдзæн.

– Нæ горæты цæрджытæ нырма дæр æййафынц доны хъуагдзинад. Дзырд цæуы ног донуадзæн Уанат-Цхинвалы арæзтадыл. Кæд æрывналдзысты ацы куыстытæм та?

– Ацы фарст скъуыддзаг æрцыд. Инвестпрограммæйы фæлгæтты ацы аз цы мадзæлттæ арæзт æрцæудзысты, уыдонæй сæ иу у Уанат-Цхинвалмæ донуадзæн. Ныфс бавæрæн ис, нæ горæты цæрджытæ кæй нал æййафдзысты доны хъуагдзинад, уымæй.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты æддейæ ма горæты æмæ районты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадты æххуысæй арæзт цæудзысты доны хæтæлтæ баивыны, хъæутæм фæндæгтæ æмæ социалон нысаниуæджы объекттæ.

Ныфс мæ ис, ацы аз дæр та арæзтады фадыджы нæ разы цы хæстæ æвæрд сты, уыдон æххæст кæй æрцæудзысты, уымæй.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.