2017 азы Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстытæ, æдасдзинады, экономикæйы æмæ республикæйы ном аивыны фарстытæ уыдысты радио Sputnik Хуссар Ирыстонæн Тыбылты Леониды эксклюзивон интервьюйы темæтæ.

Хуссар Ирыстоны Президент радио Sputnik Хуссар Ирыстонæн йæ эксклюзивон интервьюйы радзырдта, цæмæн аскъуыддзаг кодта республикæйы уæлдæр бынатмæ йæ кандидатурæ раразмæ  кæнын, йæ æвзæрстыты агъоммæ кампанийы тезисты тыххæй, афтæ ма фехъусын кодта, цал цæрæн пункты баиу кæндзысты æрдзон газмæ æввахсдæр фондз азы дæргъы, цас бахардз уыдзæн газификацийыл æмæ йæ чи бафиддзæн.

– Леонид Харитоны фырт, ды фехъусын кодтай, хайад кæй исдзынæ 2017 азы президентон æвзæрстыты. Бакуыст æрцæудзæнис æвзæрстыты агъоммæ программæ æмæ цæуыл æнцой кæндзынæ радон фондз азы, куы фæуæлахиз уай, уæд?

– Ахæм хъусынгæнинаг саразыны размæ æз бирæ хъуыды кодтон, анализ арæзтон президенты бынаты мæ куысты азтæн. Æз федтон, цы мын бантыст саразын, бамбæрстон, цы мын нæ бантыст æмæ ахъуыды кодтон, куыд ис аскъуыддзаггæнæн, æз æмæ мæ командæйæн сæххæст кæнын цы нæ бантыст, уыцы хæстæ. Æз æмбарын, нæ адæмы хæрзиуæгæн, паддзахады рæзтæн ахъазгæнæг скъуыддзагкæнинаг фарстытæ куыд скъуыддзаггæнгæ сты, уый. Æмæ ацы хъусынгæнинаг у ахъуыдыгонд, бындуриуæг кæны ууыл æмæ президенты бынаты куысты рæстæджы райсгæ фæлтæрддзинад æмæ практикæйæ дарддæр спайдагæнæн кæй ис республикæйы раз лæууæг хæстæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы. Æвзæрстытæм æнæ программæйæ цæуæн нæй. Ахæм программæйыл хъуыды кæнæм, уымæ бацæудзысты æхсæнадон- политикон стабилондзинад бахъахъхъæнынмæ хауæг фарстытæ. Нæ адæм хъуамæ æдыхст уавæрты бацæуой хъæлæс дæттыны кампанимæ, саразой сæ равзæрст æмæ дарддæр  сæ æрвылбонон хъуыддæгтæ кæной.

Ацæугæ фондз азы мæ куысты сæйраг хæс уыдис нæ æхсæнады сконсолидаци кæнын. 2011 азы æмæ 2012 азы райдианы цаутæ æркодтой адæмы дихтæ кæнынмæ, уымæ гæсгæ мæ сæйраг хæсыл æз нымадтон æмæ нымайын адæмы, æхсæнады æппæт фæлтæрты æрбангом æмæ консолидаци кæнын. Уый уыдзæн мæ фидæны æвзæрстыты агъоммæ программæйы бындур.

Мах план кæнæм паддзахаддзинад рæзын æмæ фидардæр кæныны фæдыл куыстмæ фæсивæды æрбахонын. Æмæ мыл адæм кæд сæ дарддæры хъысмæты тыххæй сæ æууæнк бафтауой, уæд сæйраджыдæр пайда цæудзæн æрыгон потенциал æмæ резервæй, æрыгон адæймæгтæ хуынд цæудзысты паддзахадон структурæтæм.

Мах бирæ бакусын хъæуы, цæмæй рæза æмæ фидардæр кæна Республикæ. Фæстаг фондз азы мах куыстам ныппырхгонд хæдзарад æндидзын кæныныл. Æмæ сæйраджыдæр та – бацæттæ кодтам базæ нæ паддзахады рæзты радон этапæн. Ам мах хъуамæ аиуварс кæнæм цахæмфæнды ныхдуртæ дæр – арæзтадимæ, фæндæгтимæ, инфраструктурæимæ баст проблемæтæ. Уыдон куынæ рæзой, уæд паддзахадæн йæ бон цæрын нæ уыдзæн.

Кæд æмæ æз æвзæрст æрцæуон, уæд радон фондз азы дæргъы мах кусдзыстæм, цæмæй инвесторты æрбахонæм, саразæм хæрзвадат инвестицион климат, цæмæй фæзыной ног кусæн бынæттæ. Ацы фарсты фæдыл нырма цъус проблемæтæ нæй æмæ фидæны разамынады хæс ис уый мидæг, цæмæй цæрджытæ ифтонг æрцæуой кусæн бынæттæй, цæмæй адæм мызд исой æмæ сæ бинонты дарын сæ бон уа.

Уымæй дарддæр ма мах æппæт дæр хъуамæ саразæм, цæмæй æххæстæй реализаци æрцæуа Æмцæдисады тыххæй Уæрæсеимæ бадзырд, рахизæм интеграцийы ахæм æмвæзадмæ, кæцыйы рахонæн уа уникалон.

– Райгонд дæ президенты абоны командæйæ, ведомствоты къухдариуæггæнджытæ иууылдæр бахъахъхъæндзысты сæ бынæттæ, æвзæрстыты куы фæуæлахиз уай, уæд?

– Абоны командæ аразгæйæ, æз сæйрагыл нымадтон, кæй хъæуы сæххæст кæнын мæ раздæры æвзæрстыты агъоммæйы программæйы сæйрагдæр пункттæй сæ иуы – специалисттæй, патриоттæй куыстхъом командæ саразын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ мын бантыст уый саразын æмæ нымайын, ацы пункты кæй сæххæст кодтон.

Райгонд дзы дæн æви нæ, ууыл куы дзурæм, уæд афтæ никуы вæййы æмæ командæ æппæт домæнтæн дæр дзуапп дæтта. Мах зонæм, Республикæ уæззау фæлварæнтыл кæй рацыд æмæ адæмæн сæ æнхъæлмæкаст стыр кæй у. Фæлæ мах æрвылбон дæр æмбæлæм ахæм проблемæтыл, кæцыты уайтагъд нæ аскъуыддзаг кæндзынæ. Иттæг ахсджиаг у, мах уыдоны иууылдæр кæй сахуыр кодтам æмæ командæимæ иумæ ахъуыдыгондæй кæй скъуыддзаг кодтам æппæт хæсты дæр. Куыд фæзæгъынц, хуыздæрдзинадæн арæнтæ нæй, фæлæ абон мæ бон зæгъын у, иууылдæр дзуапп кæй нæ лæвæрдтой президенты æмæ адæмы домæнтæн, иутæ хуыздæр æххæст кодтой сæ хæстæ, иннæтæ та – æвзæрдæр.

Кæд æвзæрст æрцæуон, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, сæйраджыдæр æнцой кæндзынæн фæсивæдыл, уыцы специалисттыл, кæцытæ ахуырдзинад райстой Уæрæсейы престижон уæлдæр ахуыргæнæндæтты, цæмæй ногдзинæдтæ хæссой хицауады куыстмæ. Уый иттæг ахсджиаг у. Фæлæ ма уыимæ Хуссар Ирыстонæн бирæ чи сарæзтой, уыцы адæймæгты потенциалæй дæр хъæуы спайда кæнын. Æрыгæтты фарсмæ хъуамæ лæууой фæлтæрд кусджытæ, кæцытæ сын дæттой сæ фæлтæрддзинад æмæ æвзыгъддзинæдтæ.

Ныры командæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, чидæртæ ацæудзысты, фæлæ куыдфæнды ма уа, уæддæр пайда цæудзæн бынæттон потенциалæй. Мах нæхиуæтты нæ иуварс кæнæм.

Мæ бон у рахицæн кæнон Финансты министрады архайд. Президенты бынатмæ цæугæйæ, æз мæ разы хæс æрæвæрдтон ацы къабазы ситуаци рарст кæнын æмæ дзы фæтк æрæвæрын. Æмæ нын уый рауад. Мах сарæзтам казначейство, кæцы кусы тынг эффективонæй. Йæ фæстиуджытæ разындысты Уæрæсейы Нымайæн палатæйы хатдзæгты, цыран бæлвырдæй нысан æрцыд, фæстаг азты махмæ кæй нæ рабæрæг финансон фæрæзтæ æнæнысанмæздæхтæй хардз кæныны цаутæ.

Гæнæн ис Ахуырады министрад æмæ Культурæйы министрады архайд дæр банысан кæнын. Фæстаг азты ацы ведомствотæ бирæ сарæзтой, цæмæй сæхи базонын кодтаиккой. Контакттæ æрбæстон кодтой уæрæсейаг коллегæтимæ æмæ уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у.

Мæ бон у Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады тыххæй зæгъын. Ам, куыд æндæр структурæты, афтæ алцы нырма æмбæлон æмвæзадыл нæу, фæлæ куыдфæнды ма уа, уæддæр æрвылбонон куыст цæуы æнæрынцойæ.

Фæнды мæ банысан кæнын барадхъахъхъæнæг органты куыст. Криминогенон уавæр у сабыр, адæмæн сæ бон у сæрибарæй, сæ æдасдзинадæн нæ тæрсгæйæ цæуын æмæ сæ æрвылбонон фарстытæ скъуыддзаг кæнын.

Кæй зæгъын æй хъæуы, иуæй-иу министрадтæ – хъæууон хæдзарады, экономикæйы, бастдзинады къабæзты – хъуамæ сæ архайд фæрæвдздæр кæной. Махмæ ис иуæй-иу претензитæ, кæцытæн хъуамæ райсæм дзуаппытæ.

– Ивгъуыд сæрды ды æмæ уæрæсейаг «Газпром» райстат уынаффæ Хуссар Ирыстоны дæлкуыстуат саразыны тыххæй. Цахæм стадийыл ис уыцы куыст? Æмæ кæд хъуамæ райдайа республикæйы газификаци?

– «Газпромы» минæвæрттимæ фембæлгæйæ, мах уынаффæ кодтам дарддæры газификацийы фарстытыл. Нæ фембæлдтыты агъоммæ республикæйы куыста куыстуат «Газпром – Хуссар Ирыстон» æмæ ныр мах «Газпром»-æй нæ коллегæтимæ уынаффæ кæнæм ацы куыстуаты дарддæры архайды фарстытыл.

Газификаци у иттæг хъæуæг æмæ ахсджиаг хъуыддаг. Æххæст газификаци нысан кæны инвестицитæ æрбакæнын, æнæ æрдзон газæй махæн алы рæтты нæ бон саразын нæ уыдзæн цавæрдæр кондадон хъомысадтæ. Мах æмбарæм республикæйы газификацийы нысаниуæг. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ æз бахатыдтæн Уæрæсейы Федерацийы Президентмæ ахæм курдиатимæ, цæмæй нын ацы фарстаты баххуыс кæна. Æмæ ахæм хæс радта Уæрæсейы «Газпром»-ы сæрдарæн, кæцыимæ дæр æз фембæлдтæн. Нæ баныхæсты фæстиуджытæм гæсгæ республикæйы куыстой «Газпром»-ы специалисттæ æмæ бакуыст æрцыд «Газпром – Хуссар Ирыстон»-ы куыстуаты дарддæры архайды фæдыл нæ хицауадты ‘хсæн сразыдзинады проект. Йæ хæс ис уый мидæг, цæмæй контроль кæна газификацийы дарддæры куыстыл.

Ацы фарстыты фæдыл дарддæры куыстæн сæйраг базæ у уый æмæ Хуссар Ирыстоны Хицауады закъонмæ гæсгæ Уæрæсейы «Газпром» бацæттæ кæндзæн Хуссар Ирыстоны территори газификаци скæныны программæ. Уый бындурыл мах бакусдзыстæм хицæн плæнттыл æмæ сæ реализаци та кæндзæн «Газпром – Хуссар Ирыстон».

Цæмæй куыстытæ райдайой, уый тыххæй ис  бæрæг домæнтæ, кæцыты хъуамæ сæххæст кæна хуссарирыстойнаг фарс. Уæрæсейы Федерацийы раз махæн хæс бафидинаг ис 105 милуан сомы.  Уæрæсе нын нæ уавæр бамбæрста æмæ сразы, цæмæй уыцы хæс бафидæм фондз азмæ. Ис реструктуризацийы план æмæ уыцы планмæ гæсгæ кусдзыстæм. Ныртæккæ нæ хæс у ног хæстæ мауал скæнын. Уый у домæнтæй сæ иу, кæцыйы хъæуы сæххæст кæнын, цæмæй 2017 азы «Газпром» æрæвнала газификацийы практикон куыстытæм.

Уæрæсейаг фарс цæттæдзинад равдыста 2019 азмæ 124 цæрæн пунктмæ газ бауадзыны фæдыл. Газификацийы генералон схемæйы развæлгъау нысан æрцыд,  зæгъгæ, фондз азы æмгъуыдмæ газификаци хъуамæ æрцæуа 188 цæрæн пункты. «Газпром» арæзтæрцæуæг бадзырдтæм гæсгæ фæнд кæны Хуссар Ирыстоны æппæт цæрæн пункттæм газ бауадзын. 2006 азы Цхинвал æнæхъæнæй газæй ифтонг æрцыд, фæлæ газуадзæн хахх афтæ арæзт у, цæмæй уым цы газ цæуы, уый уа æнæхъæн республикæйы фаг.

Ацы проект уыдзæн 2,5 – 3 миллиард сомы аргъ. Хæрдзтæ йæхимæ райсдзæн уæрæсейаг фарс, сæрмагондæй «Газпром».

– Ацы аз Инвестицион программæ куыд æххæст цæуы, уымæн куыд аргъ кæныс æмæ йæм фидæн аз хаст цы мадзæлттæ æрцæудзысты?

– Фæстаг азты мах куыст афтæ хорз равæрдтам, цæмæй Инвестицион программæ æххæст цæуа. Уый æртæ азæн фидар æрцыд 2014 азы. Инвестицион программæ сæххæст кæныны куыстæн мах аргъ кæнæм хорз. Æмæ уый æрмæст мах аргъ нæу. Ацы аз Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ хаст æрцыдысты 43 объекты, уыдонæй 26 эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцыдаиккой ацы аз. Абоны бон уыдонæй цæттæ сты 19 объекты, уыцы нымæцы горæты фæндæгтæ, Гуфта-Къуайсайы фæндаджы иу хай 12 километры дæргъæн, Синагур-Карзманы фæндаг. Эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты Цхинвалы бирæпрофилон колледжы æрмадзтæ, горæты базар, кæронмæ фæхæццæ кæны горæты чысыл парчы арæзтад, цæттæ у Æвзонг натуралистты станцы бæстыхай, Сфæлдыстады галуан. Азы кæронмæ фæнд цæуы эксплуатацимæ ноджы цыппар объекты радтын. Фидæн азмæ чи рахызт, ис ахæм объекттæ дæр. Уыдон та сты паддзахадон театр, Хъайтарты уынгыл бирæфатерон хæдзæрттæ æмæ дыууæ фарастуæладзыгон корпустæй рацарæзт цы дыууæ фондзуæладзыгон корпусы æрцыд, уыдон.

Театры бæстыхайы куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Ныфс нæ ис фидæн азы марты мæй цæттæ объект райсын. 2017 азы Инвестицион программæмæ хаст æрцыд паддзахадон университеты æмæ Ленингоры астæуккаг скъолайы арæзтадтæ. 2017 азы Инвестицион программæйыл куы дзурæм, уæд мах кусдзыстæм уынгты схæрзарæзт кæныныл. Цхинвалы дæс уынджы бæрц хъуамæ капиталонæй сцалцæг кæнæм, адарддæр кæндзыстæм Гуфта-Къуайсайы фæндаджы хæрзарæзтадон куыстыты дæр. Уым ис тæссаг фадгуытæ, кæцыты хъæуы сæдас кæнын. Мах адарддæр кæндзыстæм æндидзынгæнæн куыстыты дæр. Республикæйы æппæт территорийыл æндидзынгæнæн куыстыты мах хъуамæ фæуæм 2017 азы кæронмæ. Æндидзынадимæ иумæ мах параллелонæй куыстам экономикæйы рæзтыл дæр, æнæ экономикæ æндидзынадыл нæй дзурæн. Куыст цыд республикæмæ инвестицитæ æрбакæныныл дæр.

Фидæн азы марты мæй цæттæ уыдзæн дзидза куыстгæнæн завод дæр. Завод аразы фирмæ «Растдон», не ‘мбæстаг, кæцыйы æрхуыдта  Инвестицион агентад. Ацы завод тахынæджы продукци уадзынæй дарддæр бынæттон фермертæй æлхæндзæн фос. Уый дæр чысыл хъуыддаг нæу. Мах кусæм ууыл, цæмæй республикæйы фæзына йæхи хъæууонхæдзарадон продукци. Куыст цæуы дыргъдæттæ ныккалыныл, сагъд цæуынц фæткъуыйы æмæ æндæр дыгъты талатæ. Банысан кæнын хъæуы спецдарæс хуыйæн фабрикæйы куыст дæр, кæцы 2013 азы бакодта нæ зындгонд æмбæстаг Боллоты Таймураз. Куыстуаты хорз уавæрты кусынц 530 адæймаджы бæрц. 35 кусæгон бынатæн чысыл филиал фабрикæйы къухдариуæгад бакæндзæн горæт Къуайсайы дæр.

Банысан кæнын хъæуы Инвестицион агентады куыст, кæцы арæзт æрцыд 2014 азы. Уый арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны амалиуæгады рæзтæн баххуыс кæныны тыххæй. Агентады бындурæвæрджытæ сты æртæ стыр банчы иу миллиард сомæй фылдæр уставон капиталимæ. Уыцы агентады уылты, гæнæн ис, æххуыс рæнхъон амалиуæггæнæгмæ ма фæхæццæ уа, уымæн æмæ бангæн стыр домæнтæ ис. Бæрæг плантæ цы бынæттон амалиуæггæнæгæн ис, цæмæй уымæн баххуыс чындæуа, уый тыххæй æз бахатыдтæн Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадмæ, цæмæй экономикæйы реалон секторæн цы 800 милуан сомы банысан кодта, уыдонæй 250 милуаны рахицæн кæна хъæууон фермертæн æххуысæн. Хъæуы цæрджытæ куы бацæттæ кæниккой бизнес-плантæ, уæд сын мах бакæниккам финансон æххуыс. Финанстæ рахицæн кæныны фарст æз æрæвæрдзынæн уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æхсæнхицауадон къамисы рабадты. Уыимæ иумæ ма мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ нын Дзауы районы ис радоны суæрттæ, сæ базæйыл сын фæнд кæнæм бальнеологион  комбинат  саразын. Æз бахатыдтæн Инвестицион агентадмæ, цæмæй баххуыс кæна амалиуæггæнджытæн æмæ 2017 азы райдайой уыцы объекты арæзтадон куыстытæ. Инвестагентад баххуыс кодта Цхинвалы модæйон кафе «Винченцо»-йы  фæзындæн дæр.

Æртæазон Инвестицион программæйы реализацийæн 2017 аз у фæстаг аз. Æмæ 9 миллиарды цы программæйæн рахицæн æрцыд, уый æнтыстджынæй кæронмæ бахæццæ уыдзæн.

– Уæрæсеимæ Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды фæлгæтты къухтæ фыст æрцыд  уæлæмхас сразыдзинæдтыл практикон æгъдауæй се ‘ппæтыл дæр. Сразыдзинæдты сæйрагдæртæй сæ иу – хъахъхъæнынады фæдыл – нырма кæронмæ куыстгонд не ‘рцыд. Нæ радзурдзынæ къухтæ йыл æрфыссыны развæлгъау æмгъуыдты тыххæй æмæ нæ бамбарын кæндзынæ, номхуындæй кæцы æфсæдонтæ  баззайдзысты æмæ кæцытæ (хицæнтæй, æви дæлхæйттæй) рахиздзысты Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады дæлбармæ?

– Уæрæсеимæ Æмцæдисад æмæ интеграцийы бадзырдыл къухтæ æрфыстæуыд 2015 азы æмæ абон фæндвидарæй зæгъæн ис, Хъахъхъæнынады министрады фæдыл уæлæмхас сразыдзинадæй дарддæр уый реализацигонд æрцыд. Бадзырды развæлгъау банысангонд уæлæмхас сразыдзинæдтыл къухтæ фыст æрцыд æмæ ратификацигонд æрцыдысты. Ацы фарстмæ ис иууон ахаст.

Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ хицæн дæлхæйтты бацыды фæдыл сразыдзинад рацыд Уæрæсейы æмбæлон инстанциты, баззадис ма цалдæр юридикон фарсты, кæцытæ баст сты терминологитæ баивынимæ. Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты барадон базæйы нысан нæй се скондмæ цыфæнды дæлхайы комкоммæ бацыд. Уый фæстиуæгæн куыстæуы æмбарынад «бацæуын»-ы  æмбарынад «райсын»-æй баивыныл. Уый у сæйраг момент, кæцыйы аскъуыддзаг кæныны фæстæ сразыдзинад бавдыст æрцæудзæн дыууæ фарсмæ дæр, къухтæ йыл æрфыссыны нысанæн. Æппæт фарстатыл бакусыны фæстæ мах зондзыстæм, Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ райст кæцы дæлхæйттæ æрцæудзысты.

– Амæй размæ Ды иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтай Хуссар Ирыстоны ном Аланийæ баивыны тыххæй. Уымæн куыд æмæ кæд ис сæххæстгæнæн? Уыцы фарст рахаст æрцæудзæн референдуммæ, æви уый тыххæй фаг у æххæстгæнæн кæнæ закъондæттæг хицауиуæгады уынаффæ?

– Президенты сисы иу хаххæй ацы фарстæн нæй аскъуыддзаггæнæн, уыцы хъуыды та ног нæу. Ном аивыны фæндоныл уынаффæ кодта нæ Сæйраг Совет дæр Республикæ расидыны рæстæджы. Æз уыдтæн дыккаг сæвзæрст Парламенты депутат æмæ хайад истон ацы фарст аскъуыддзаг кæныны дискусситы. Мах стæм аланты байзæттаг, æмæ раст уаид, республикæйæн йæ историон ном куы раздахиккам.

Уыимæ иумæ ма, мах стæм дихгонд адæм, не ‘фсымæртæ цæгаты сæ республикæ схуыдтой Цæгат Ирыстон-Алани, æмæ нæ паддзахады Хуссар Ирыстон-Алани куы схонæм, уæд уый уавæртæ æмæ разæууæлтæ сараздзæн Уæрæсейы Федерацийы скондмæ Иууон Аланийы бацыдæн. Æз æй федтон, уыцы хъуыдыйæн адæм æвæрццаг аргъ кæй скодтой, уый æмæ бамбæрстон, куыст фæактивондæр кæнын кæй хъæуы. Мах фæнд кæнæм республикæйы политсовет æрæмбырд кæнын, æмæ уыцы советы сконды чи нæй, уыцы æхсæнадон архайджытæ æмæ политикон партиты æрхонын, республикæйы ном раивыны фарстыл æрныхас кæныны æмæ йæ политсоветы уынаффæйæ референдуммæ рахæссыны нысанæн. Цы формæ æмæ цы рæстæджы ацæудзæн плебицит, уый аскъуыддзаг кæндзæн политсовет, кæцы уыдзæн январы æмбисы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.