ФУТБОЛ

Райдыдта РЦИ-Аланийы чемпионат футболæй. Йæ фыццаг хъазт акодта Цхинвалы «Спартак». Уый фембæлд дзæуджыхъæуккаг «Щит и меч»-имæ. Цхинвайлæгтæ архайдтой активондæрæй æмæ рамбылдтой 2:0 хыгъдæй. Дыууæ пурти дæр бакодта «Спартак»-ы размæбырсæг Къадзты Алан.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй, кæцы баст уыд дыууæ хатты Олимпион чемпион Андиаты Сосланы райгуырды 65 азы бонимæ. Ерысты сæ тыхтæ фæлвæрдтой 300 богалæй фылдæр. Чемпионат официалонæй байгом кæныны церемонийы хайад райстой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тусхъаты Таймураз, дыууæ хатты Олимпион чемпион Андиаты Сослан, дыууæ хатты Олимпион чемпион, Дзæуджыхъæуы муниципалон зылды сæргълæууæг Хæдæрцаты Махарбег, дыууæ хатты Олимпион чемпион, УФ-йы спортивон хъæбысхæты федерацийы вице-президент Фадзайты Арсен, Олимпион чемпион, РЦИ-Аланийы Физикон культурæ æмæ спорты министр Бæройты Хасан, РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков, УФ-йы спортивон хъæбысхæсты федерацийы вице-президент, хъæбысхæсты дунеон федерацийы уæнг Наталья Ярыгина.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы номæй юбиляр Андиаты Сосланæн Тусхъаты Таймураз радта сертификат 500 мин сомы номиналæй.

Ерысты дыккаг бон та йæ хайадисджытæн раарфæ кодта РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Ерыстæм ма æрбацыдысты уæгъдибар хъæбысхæстæй Олимпион чемпион Рæмонты Сослан, грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Олимпион чемпион Хуыгаты Алан, æртæ хатты Олимпион призер, уæгъдибар хъæбысхæстæй РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Гозымты Хетæг, Олимпион хъæзтыты бронзæйон призер Денис Царгуш, дыууæ хатты дунейы чемпион Æлдаттаты Ибрагим æмæ æндæртæ.

Ерысты Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ рамбылдтой 4 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 6 бронзæ майданы. Чемпионаты уæлахиздзаутæ систы Байты Давид (66 кг), Уалыты Радик (74 кг), Найфонты Артур (84 кг) æмæ Къозонты Зауыр (120 кг).

Æвзист майдантæ фесты Хæдæрцаты Алик (55 кг) æмæ Цæкуылты Батырбегы (96 кг).

Ерысты æртыккаг бынæттæ та бацахстой Сечъынаты Георги (60 кг), Уалыты Чермен (66 кг), Хуыбиаты Арсени (84 кг), Бадты Артик (84 кг), Хæбæлаты Чермен (96 кг) æмæ Хынцæгты Сослан (120 кг).

Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ ерысты хайад кæй райста цхинвайлаг богал Бекъойты Вадим дæр. Уый архайдта 120 кг уæзы категорийы.  Æрдæгфиналмæ   цæугæйæ  рамбылдта  3 тохы. Фæлæ стæй фæхæрд чемпионаты уæлахиздзау Къозонты Зауырæн. Хъыгагæн, ацы тохы тренертæ Хъесаты Петр æмæ Багаты Вадимы хъомылгæнинаг травмæ кæй райста, уый аххосæй нал рахызт 3-аг бынат бацахсыны тохмæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.