Советон хицауад куы æрфидар, уæд Хуссар Ирыстоны дæр стыр куыст цыдис æнахуырдзинад скуынæг кæныны фæдыл, цæмæй алчи дæр кæсын-фыссын базыдтаид. Уыцы нысанæн бакодтой афтæхуыйнæг –  ликбезтæ. Дыууæ æмцахъхъæн лæппу Петкæ æмæ Къола цардысты хæларæй. Ликбезтæм цæуын бархийæ уыд æмæ йæм Къола æнæзивæгæй цыд. Нымæцтæ, дамгъæтæ фыссын-фæрсын уайтагъд сахуыр.

Йæхиуыл феввæрсыд æмæ Тбилисмæ ацыд, уым милицийы райдыдта кусын. Йæ отпускы рæстæджы-иу милицийы формæйы ‘рбацыд хъæумæ æмæ дын Петкæйы дæр сфæндыд Тбилисы кусын. Иуахæмы Къола фæстæмæ куы здæхт йæ куыстмæ, уæд йемæ ацыд. Кæм æрбынат кодтой, уырдæм 9-æм номыр трамвайы æрлæууæн уыд æввахс. Къола йын нымæц «9» иу хъæбæр гæххæттыл ныффыста æмæ йæ бафæдзæхста:

– Дæ риуы дзыппы йæ нывæр, горæты нæма зоныс æмæ цæмæй æндæр транспортыл бадт ма фæуай, уый тыххæй-иу æй сис дæ дзыппæй æмæ-иу трамвайы ныхыл кæд мæнæ ахæм фыст уа, уæд-иу ыл сбад æмæ дæ мæнæ не ‘рлæууæнмæ æрбаласдзæн».

Петкæ æнæхъæн бон хæдзары кæм бадтаид, æмæ горæты атезгъо кæнын сфæнд кодта. Цыдæртæ федта, цæуылдæрты бадис кодта. Рæстæг дæр йæ цыды хай кодта æмæ фæстæмæ сæ цæрæн бынатмæ аздæхын сфæнд кодта. Уæдмæ йæ уæлхъус æрбалæууыд трамвай, йæ ныхмæ йын куыд скаст, афтæ йæ дзыппæй гæххæт фелвæста æмæ бацин кодта, цы трамвайыл бадын æй хъæуы, уый куы ауыдта, уæд. Бабадт æмæ горæты куы ‘рзылд æмæ дзы йæ цæст, кæм хъуамæ рахызтаид ахæ-мыл куынæ схæцыд, уæд тыхстгъуызæй рудзынгæй ракæс-бакæс систа. Кондуктор ын йæ тыхст хуыз æнæ бафиппайгæ нæ фæци æмæ йæ афарста.

– Куыд бирæ бадыс, цалдæр æрзылдæн куынæ ахызтæ уæд? Кæд мыййаг æндæр трамвайыл бадт нæ фæдæ?

Петкæ йæ риуы дзыппæй гæххæтт фел-вæста æмæ йæ кондуктормæ бадардта.

– Ды хъуамæ «9»-æм трамвайыл сбадтаис, ацы трамвай та «6»-æм у, – бацамыдта йын кондуктор кæм рахизын хъæуы, уый æмæ тых амæлттæй бынатыл сæмбæлд.

Иугæр ацæуæнтæ – ‘рбацæуæнтæ куыддæртæй базыдта, уæд æй  Къола милицийы кадрты хистæрмæ  бакодта. Бæзæрхыг, фидæртæконд æвзонг лæппу йæ разы куы ‘рлæууыд, уæд ма цин дæр бакодта кадрты хицау. «Ахæм хъæддых лæппутæ хъæуы йе органты».

Куыд, цы, фæлæ йæ æхсызгонæй райстой кусынмæ. Снысан æй кодтой фадыгон милиционерæй. Хистæртæ-иу ын арæх бахæс кодтой, фыдгæнæг ахæм адресыл цæры æмæ нæм æй куыд æркæнай. Адрес æм бæргæ раттынц, фæлæ дзы цы фыст ис, уый хæйрæг бакæсæт.

Адрес чи бакæса, чи йын феххуыс кæна, уыдон йæ хъуыды ацахста – горæты уынг-мæрзджытæ. Уыдон талынгæй ‘рывналынц сæ куыстмæ.

Петкæ дæр-иу уыцы афон фæгæпп кодта æмæ-иу сæм гæххæт æвдисгæйæ, лæгъстæ мхасæнты бахатыд, цæмæй кæдæм хъæуы бацæуын, уый йын бацамоной. Гуырдзиаг æвзагыл рæвдзæй кæй дзырдта, уый йæ æрцардта. Фæлæ цас хъуамæ лæгъзтæ кодтаид уынгмæрзджытæн дæр. Иу дзæвгар акусыны фæстæ йыл органты хистæртæ дызæрдыг байдыдтой. «Цæттæ адрестæ йæм радтæм æмæ хæслæвæрд рæстæгыл не сæххæст кæны. Ахæм ныхæстæ йæ хъустыл æрауадысты Петкæйæн.

Йæ бон куы базыдта милицийы куыстæй, уæд Къолайæн балæгъстæ кодта, мæнæ мын цы формæ радтой, уыдон стыхтон, ронæй сæ балвæстон æмæ мæ кæд хатыр кæныс, уæд æз уырдæм цæуæг нал дæн, бахæсс æмæ сæ кæцæй райстам, уырдæм радт.

– Хорз уый мæ быгъдуан, фæлæ афтæмæй ма ацу, худинаг у хъæубæстæй, зонгæтæй. Искæцы заводмæ уæддæр бацу кусынмæ.

Йе ‘рдхорды уынаффæмæ гæсгæ бацыд заводмæ куыстагур. Куыстуаты хицау ын йæ уынд æмæ асмæ куы бакаст, стæй сын се ‘взагыл ахæм дæсны дзырд кæй кæны, уымæ гæсгæ, æвæццæгæн, хинымæр загъта, мæнæ цахæм кусæг агуырдтон – ахæм.

Уадид цехы хистæрæн бабар кодта: акæн æй æфтауцдонмæ æмæ йын куыст фенын кæн. Цехы хистæрæй барæны цур æрлæууын кодта æмæ йын зæгъы, зæгъгæ, ам уыдзæн дæ куысты бынат. Мæнæ дын барæн, бандон æмæ цы æрмæг исай, уый цехтæм барстæй уадздзынæ, журналы-иу сæ фæнысан кæнгæйæ.

Петкæ цæмæй тарст, уый та ам дæр йæ сæр сдардта. Цы хъуамæ сбара, цы хъуамæ ныффысса журналы? Йæ бон та ам дæр базыдта æмæ фæстæмæ уæнгтæхъилæй æрбаздæхт йæ хъæумæ. Хъæубæстæ йæ фæрсынц, куыд тагъд æрбаздæхтæ горæтæй, зæгъгæ, нæ фæцыд дæ зæрдæмæ, æви аккаг куыст не ссардтай?

– Горæт фæцыд мæ зæрдæмæ, куысты бынæттæ дæр бирæ, фæлæ йæ аххосаг уый мидæг ис æмæ хъæубæсты цæрджытæ зæрондæй, æвзонгæй ликбезты куы ахуыр кодтой, уæд æз та мæ къамбецты фæстæ сæрвæтты рацу-бацу кодтон.  Ахуырæн дзы æмбал нæй!

ЧЕХОЙТЫ Вася

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.