Баскетбол, мини-футбол, волейбол æмæ теннисæй дæр ахъазæн ис Сывæллæтты республикон комлексон спортивон скъолайы  территорийыл, цыран арæзт æрцыд гом спортивон фæзуат. Кæддæр æвзæр уавæры цы территори уыд, уый ныр ссис сывæллæтты уарзондæр бынæттæй сæ иу. Ардæм æрбацæуынц æрмæст ацы микрорайоны цæрæг рæзгæ фæлтæр нæ, фæлæ ма горæты æндæр районтæй дæр. Ацы фæзуаты фæрцы  спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæн фадат фæзынд гом арвы бын спорты æндæр хуызтæй хъазынæн.

«Раздæр ам уыд брондон. Бирæ азты дæргъы уый фæдыл хъаст кодтам профилон ведомствотæм, цæмæй дзы сарæзтаиккой спортивон фæзуат. Æмæ ивгъуыд аз райдыдтой фæзуаты арæзтадыл кусын. Иу аз дæр нæ рацыд, æмæ дзы фæзынд нырыккон спортивон фæзуат. Ныр нæ сывæллæттæн фадат ис гом арвы бын спортæй архайынæн», – цины æнкъарæнтимæ зæгъы ардæм æввахс цæрæг Мадинæ.

Спортивон фæзуатмæ бауагътой рухс дæр æмæ дзы хъазæн ис æхсæвыгон дæр. Йæ фарсмæ уыдзæн машинæтæ уромæн бынат. Афтæ ма дзы æвæрд æрцæудзысты  тренажертæ æмæ теннисы корт.

«Тынг æхсызгон нын у, ахæм спортивон фæзуат нын кæй сарæзтой, уый. Æрвылбон дæр мах ардæм æрбацæуæм Мамсыраты Хадзы-Умары уынгæй», – зæгъы 11-аздзыд Нодар.

Ардæм æрбацæуынц чысыл сабитæ дæр сæ ныййарджытимæ.  «Кæд раздæр  хъуыды кодтам нæ цæрæн бынат фæивын, уæд нæ ныр ацы микрорайонæй ацæуын нал фæнды», – банысан кодта сабиты ныййарджытæй сæ иу.

Универсалон спортивон фæзуаты проект бацæттæ кодта спортивон скъолайы къухдариуæгад. Йæ арæзтады тыххæй та йын æнæмæнгхъæуæг финансон фæрæзтæ  рахицæн кодта РХИ-йы Хицауад.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.