15 июлы уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны  Парламенты 3-аг сессийы 10-æм рабадт. Уагъта йæ  Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан. Рабадты куысты хайад райстой Республикæйы Президент Бибылты Анатоли,  Хицауады уæнгтæ, афтæ ма ведомствоты æмæ министрадты къухдариуæггæнджытæ.

Сессийы рабадты боны фæткмæ хаст æрцыд 2019 азы куысты фæстиуджыты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады  тыххæй фарст æмæ «2019 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты сæххæсты тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект.

2019 азы РХИ-йы Хицауады архайды тыххæй депутатты раз хыгъд радта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ хыгъды текстимæ депутаттæ раздæр кæй базонгæ сты. Уымæ гæсгæ Хицауады Сæрдар бакст хыгъды цыбыр вариант. Фыццаг рады уый банысан кодта, зæгъгæ, азæй-азмæ хицауиуæгады æххæст-кæнынадон æмæ закъондæттынадон къабæзты иумæйаг куыст кæны æнгомдæр æмæ конструктивондæр.

«Никæмæн хъæуы æмбарын кæнын, абон цард нæ бæстæйы нырма дард кæй у, мах сымахимæ, цахæм партиты стæм, уымæ нæ кæсæгæйæ, цахæм идеалон царды тыххæй кусæм, уымæй. Уымæ гæсгæ хыгъд кæд-дæриддæр фадат дæтты бакæнгæ куыстæн анализ саразын, æвæрццаг динамикæ баны-сан кæнын,  æнæаскъуыддзаггонд фарстатæм критикон цæстæнгасæй акæсын, рæзты дард-дæры фæндæгтæ сбæлвырд кæнын», – загъта Хицауады сæргълæууæг.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хицауады Сæрдар йæ куыст арæзта ахæм приоритеттæ æмæ хæстæм гæсгæ, кæцыты æххæсткæнынадон хицауиуæгады раз æвæрдтой республикæйы адæм æмæ Президент Бибылты Анатоли.

Пухаты Эрикы ныхæстæм гæсгæ, хыгъдон рæстæджы Хицауад РХИ-йы Парламентмæ бавдыста 36 закъоны проекты, афтæ ма 2019 азы Паддзахадон бюджеты сæххæсты фæс-тиуджытæ.

«Паддзахадон бюджеты æфтиæгтæ уыдысты 8 873 301,48 мин сомы, хæрдзтæ та – 9 024 997,14 мин сомы, хыгъдон рæстæджы дефицит та уыдис 151 695,66 мин сомы. 2018 азимæ абаргæйæ Паддзахадон бюджеты æфтиæгты иумæйаг бæрц фæфылдæр 1 366 188,93 мин сомы», – загъта Пухаты Эрик.

Уый куыд загъта, афтæмæй Паддзахадон бюджеты фæрæзтæ хардз кæныны приоритетондæр здæхтытæ уыдысты: куыстмызд уæлæмхас бафыстытимæ фидын, цæрджытæн социалон æххуысы фæдыл хæрдзтæ, сывæллæтты иумæйагахуырадон æмæ хосгæнæн уагдæтты продукттæй ифтонг кæнын, медикаменттæ æмæ бæттæн фæрæзтæ амал кæнын.

Уымæй дарддæр республикæйы хи фæрæзтæй æххæст цыдысты куыстытæ горæты цæрæн хæдзæртты алыварс территоритæ схæрзарæзт кæныны фæдыл, капиталон цалцæг æрцыдысты, гуырдзыйы агрессийы рæстæджы чи бахъыгдард сты, ахæм 25 фатеры, цалцæг цыдысты цæрæн корпустæм бахизæнтæ, 7 бирæфатерон цæрæн хæдзæртты капиталон цалцæг æрцыдысты 14 лифты, капиталон цалцæг ма цыдысты хæдзæртты æмбæрзтытæ дæр. Афтæ ма материалон æххуыс цыдис республикæйы æмбæстæгтæн, фæфылдæр сты сывæллоны райгуырды тыххæй иурæстæгон бафыстытæ æмæ сывæллонмæ кæсыны тыххæй пособиты бæрцтæ.

«Стыр хъусдард здæхт цæуы арæзтады гъæдмæ æмæ цæрæнуат, социалон объекттæ æмæ æндæр бæстыхæйттæ æндидзын кæнынмæ, кæцытæ хорзæрдæм æндавынц не ‘мбæс-тæгты цардархайдыл. Ацы къабазы хыгъдон рæстæджы кусытытæ фесты æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты Цхинвалы Гуыбаты æфсымæрты уынджы дыууæ 75 фатерон цæрæн хæдзары. Перспективæйы ам план цæуы сывæллæтты цæхæрадоны арæзтад дæр, кæцы фадат ратдзæн ЦАРЗ-ы микрорайонæй хæрзвадат цæрæн микрорайон саразын йæхи инфраструктурæимæ», – загъта Хицауады Сæрдар.

Уымæй дарддæр ма, йæ ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ æххæст цыдысты социалон цæрæнуаты арæзтады фæдыл республикæйы райцентрты дæр – арæзт æрцыдысты дыууæ ны-рыккон 18 фатерон цæрæн хæдзары Дзау æмæ Знауыры поселокты.

Хицауады хыгъдмæ гæсгæ 2019 азы республикон рынчындоны территорийыл арæзт ф-цис Гуырæн хæдзар гинекологион хайадимæ, кæцыйы ис 35 бынаты. Куыстытæ объекты æххæст æрцыдысты гъæдджынæй, Гуырæн хæдзар рауад бæрзонд-технологион æмæ ифтонг у æппæт хъæуæг нырыккон ифтонггæрзтæй. Республикон рынчындонæн æлхæд æрцыдысты зынаргъ нырыккон медицинон ифтонггæрзтæ, уыдоны нымæцы – рæуджыты низæй хосгæнæн диспансерæн рентгенон-диагностикон комплекс, рынчындоны патологоанатомион хайадæн ифтонггæрзты комплекс æмæ цæстытыл операцитæ ара-зыны тыххæй факоэмильсификатор.

Хыгъдмæ байхъусгæйæ, депутаттæ Санахъоты Дауыт, Æлборты Алан, Бесаты Зитæ, Плиты Александр, Диакъонты Амиран æмæ Медойты Дзамболат радтой фарстатæ, кæцытæ хаудысты Паддзахадон арæныл ситуацимæ, чысыл æмæ астæуккаг бизнес кредит кæнынмæ, Инвестицион программæйы фæрæзтæ хардз кæнынмæ, инвестортæ æрбахонынмæ, демографимæ æмæ æмбæстæгты царды æндæр къабæзтæм.

Цæвиттон, депутат Санахъоты Дауыт банысан кодта, зæгъгæ, паддзахадон арæнты делимитаци æмæ деморкацийы фарстаты фæдыл парламентон басгæрсты къамисы доклады фæстиуджыты фæдыл РХИ-йы Парламенты номæй РХИ-йы Хицауадмæ æрвыст æрцыд уынаффæ æмæ бацымыдис кодта, цахæм куыст бачындæуыд ацы фарсты фæдыл, уымæ.

Пухаты Эрик дзуапп радта, зæгъгæ, докладмæ æркастæуыд æмæ уый фæдыл цæуы куыст. Ацы фарст æвæрд цæуы Женевæйы дискусситы дæр.

Фарсты фæдыл лæмбынæг æрдзырдта республикæйы Президент Бибылты Анатоли дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, паддзахадон арæнты делимитаци æмæ демаркацимæ, афтæ ма республикæйы æдасдзинадмæ хауæг æппæт фарстытæ дæр сты паддзахады сæргълæууæджы компетенцийы. Загъта, Уистæйы хъæуы гуырдзиаг блокпосты фарсты фæдыл куыст кæй цæуы.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, тыхы руаджы ацы фарстæн аскъуыддзаггæнæн кæй нæй, ам кæй хъæуы дипломатон механизмтæй спайда кæнын.

«Арæзт æрцыд къамис, кæцы ницы уынаффæтæ райста, зæ-гъæн ис, æппындæр кæй ницы бакуыста. Мæн æппындæр нæ фæнды, цæмæй раздæры азты цы рæдыдтытæ æруагъдæуыд, уыдон уæззау уаргъæй лæууой абоны разамынадыл. Абон арæнхъахъхъæнджытæ лæууынц 1922 азы райгсæ акты нысангонд арæныл. Афтæмæй Республикæйы разамынад сарæзта æппæтдæр, цæмæй нæ арæнтыл æрлæууæм. Уый нæ сарæзтæуыд 2008 азæй 2019 азмæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президент, куыд æххæстк-нынадон хицауиуæгады сæргълæууæг, афтæ дзуапп радта бирæ æндæр фарстатæн дæр. Банысан кодта, зæгъгæ, проблемæтыл хъæуы дзурын. Фæлæ йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон нал уаиккой, хицауиуæгады дыууæ къабазы ‘хсæн куыст æнгомдæр куы уаид, уæд.

Уый банысан кодта, зæгъгæ  йын ахсджиаг у, Хицауады куыстæн депутаттæ абон цы аргъ скæндзысты, уый. Уымæн æмæ уый у йæ архайдæн дæр саргъ кæнын, куыд æххæсткæнынадон хицауиуæгады сæргълæууæг, афтæ. «Хицауады куыст дих кæны дыууæ хайыл – æдасдзинад æмæ гуманитарон аспект-тæ. Уыдон хауынц мæнмæ дæр. Мæн нæ фæнды, цæмæй цавæрдæр ныхмæдзыдтæ уа хицауиуæгады дыууæ къабазы ‘хсæн. Уый хорзмæ не ‘ркæндзæн, æхсæнады сæвзæрдзæн æрмæстдæр æндыгъддзинад», – банысан кодта Президент.

Депутаттæ цалынмæ хъæлæс дæттынмæ не ‘рывнæлдтой, уæдмæ сæм Бибылты Анатоли æрсидт, цæмæй Хицауады куыстæн реалон аргъ скæной æмæ æндыгъддзинад ма æвзæрын кæной.

Хъæлæс дæттыны фæстиуджытæм гæсгæ Парламенты 34 депутатæй Хицауады куыстæн рæстæмбис аргъ скæныны ныхмæ рацыдысты 14 адæймаджы. 17 депутатæй йыл сразы сты. Æртæйæ та сæ хъуыды нæ равдыстой.

Дарддæр Бюджет æмæ хъалонты фæдыл РХИ-йы Парламенты комитеты сæрдар Джиоты Еленæ депутатты размæ æркæсынмæ рахаста «2019 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты сæххæсты тыххæй» РХИ-йы закъоны проект. Ацы закъоны проектыл раздæр уынаффæ цыдис комитеты æмæ Парламенты сессийы рабадтыты, фæлæ йæ фæстæмæ раздæхтой кæронмæ йыл бакусыны тыххæй.

Закъоны проекты фæдыл лæмбынæг информаци сарæзта РХИ-йы Финансты министры хæдивæг Тыбылты Маринæ. Закъоны проект ист æрцыд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.