Нæ зынаргъ сылгоймæгтæ – мæдтæ, нанатæ, æмкъæйттæ, хотæ, чызджытæ, æмбæлттæ, нæ иууыл æввахсдæр æмæ уарзондæр сылгоймæгтæ!

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын Сылгоймæгты æппæтдунеон боны цытæн. Къæлиндары бæрæгбонты ‘хсæн 8 март ахсы сæрмагонд бынат. Ацы диссаджы уалдзыгон бон йемыдзаг у сылгоймагæн аргъ кæныны æнкъарæнтæй, циндзинад æмæ хъармдзинадæй.

Уымæн æмæ сылгоймаг махæн лæвар кæны æрвылбонон æмæ æрвылсахатон амонд, циндзинад æмæ цард.

Зынаргъ сылгоймæгтæ-æмфыдыбæстæйонтæ!

Сымахæн, зæрдиаг арфæ кæнгæйæ, мæ бон нæу, цæмæй ма зæгъон сымахæй сæрыстыр уæвыны ныхæстæ. Хуссар Ирыстоны нæлгоймæгты зæрдæтæ сымах тыххæй йедзаг сты сæрыстырдзинады æнкъарæнтæй. Мæ бон нæу ма равдисон, сæрыстыр кæй дæн нæ ахуыргæндтæй, интеллигенцийы, æхсæнадон организациты минæвæрттæй, дохтыртæй, ахуыргæнджытæй, культурæйы архайджытæй, кæцытæ сæ куыст æмæ Райгуырæн бæстæ æмæ адæммæ уарзондзинадæй уæзгæ хайбавæрд хæссынц не’хсæнад æмæ республикæйы рæзтмæ. Мæ бон нæу ма скæнон Битарты Зояйы, Саулохты Тамарæйы, Уалыты Розæйы кой. Сымах уе ‘фсымæртæ æмæ цардæмбæлттимæ кад æмæ намысимæ ахызтыстут, нæ адæмы национ сæрибардзинады сæрыл тохы нæм чи æрхауд, уыцы ныхдурты сæрты.

Мах уын уæ кадджын нæмттæ ныффыстам Хуссар Ирыстоны ног азфысты. Мах сæрыстыр стæм не ‘мдугонтæй: Цоциты Зарæ, Плиты Мæдинæ, Шорена Декъаноидзе, Бестауты Майа æмæ бирæ æндæртæй, кæцытæ нæлгоймæгты æмрæнхъ æд хæцæнгæрзтæ ахъаз кодтой нæ иумиаг стыр уæлахизæн.

Æмæ дзы æндæр гæнæн нæ уыд. Уымæн æмæ сымах хайджын уыдыстут Нарты Сатанайы куырыхондзинад, легендарон ирвæзынгæнæг Задалескы Нана, æмæ орденхæссæг Плиты Мартайы хуыздæр миниуджытæй.

Кæддæр Владимир Высоцкий зарыд, чызджытæ сæ цинелтæ къабатæй кæм раивой, ахæм рæстæджы тыххæй. Мах хъайтар чызджытæн уыцы рæстæг æрмæстдæр æрбалæууыд 2008 азы. Фæлæ, æппæт фыдæвзарæнтæм æнæ-кæсгæйæ, сымах бахъахъхъæдтат, æрдз уæ рæдауæй кæмæй схайджын кодта, уыцы рæсугъддзинад æмæ сылыстæджы уæздандзинад.

Абон сымах, бинонты артдзæст хъахъхъæныны уæлдай стут паддзахадон службæйы, фæллой кæнут кондадон æмæ социалон къабæзты, аккаг хайбавæрд хæссут нæ бæстæйы паддзахадон арæзтадмæ æмæ, æппæтæй сæйрагдæр та хъомыл кæнут нæ фидæн – Ирыстоны хъæбулты.

Зынаргъ сылгоймæгтæ!

Мæ зæрдæ уын зæгъы фæрныгад, уæ хиуæтты тыххæй æдыхстдзинад, æнтыстытæ æмæ амонд. Ацы бæрæгбонон бон уæлдай актуалон сты нырыккон ирон поэт Плиты Сергойы рæнхъытæ:

Ды, сылгоймаг, цардамонд æрхæссæг,

Хуры тын æрмæст зæххыл ды дæ.

Уарзт монцы æнкъарæнтæм æркæсæг,

Цавæр дæ, уæларвон зæд, цы дæ?

Цасфæнды рæсугъд ныхæстæ хъарон,

Нæй, уæддæр дæ не сныв кæндзæн сис.

Мæн фæнды, цæмæй дыл ноджы зарон,

Кадджын ном дын Иры зæххыл ис.

Нæ зынаргъ сылгоймæгтæ!

Мады Майрæмæй фæдзæхст ут!

Амонд  æмæ уарзондзинадæй æххæст ут!

Абоны боны хорзæх уæ уæт!   

Республикæ Хусар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли                                          

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.