Хуссарирыстойнаг богалтæ Дзæгъиаты Сослан æмæ Бестауты Андрей систы 2003-2005 азты гуырд спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзаутæ. Ерыстæ уагъд цыдысты Наро-Фоминскы. Тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинæгтæ финалон тохы рамбылдтой Дагъыстаны минæвæртты. Дзæгъиаты Сосланæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 92 кг уæзы категорийы, Бестауты Андрей та фыццаг ссис 110 кг уæзы.

БОКС

Цъинагарæй рацæугæ боксер Хуриты Рубен ссис 2004-2005 азты гуырд спортсменты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты уæлахиздзау. Рубен архайдта РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæйы сконды. Ирон боксер акодта 3 тохы. Нырма уал нокауты арвыста цæцæйнаг спортсмены, æрдæгфиналы рамбылдта Стъараполы крайы минæвары æмæ финалы та тыхджындæр уыд Стъараполы крайы иннæ минæварæй.

Афтæмæй Рубен райста ацы кары спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты хайад райсыны бар.

Хуриты Рубен ныртæккæ тренировкæ кæны Беслæны тренер Кокойты Хъазбегы къухдариуæгады бын.

ДЗЮДО

Цхинвайлаг дзюдоисткæ Æлборты Аланæ ссис,Тюмены уагъдцæуæг 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменкæты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты бронзæйон призер. Иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+78 кг) архайгæйæ, Аланæ акодта 5 тохы æмæ дзы цыппары фæуæлахиз æмгъуыдæй раздæр. Æртыккаг бынат бацахсыны сæраппонд фембæлды рамбылдта Мæскуыйы областы минæвар Светлана Селезневайы.

Æлборты Аланæ у тренертæ Тъуриты Тенгиз æмæ Гæбæраты Автандилы хъомылгæнинаг.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.