8 март махæн у иууыл сæйрагдæр æмæ зынаргъдæр бæрæгбонтæй сæ иу. Нæ ирон сылгоймаг у æцæг фæллойгæнæг. Уымæй кæнгæ у бинонты амонд, рæзгæ фæлтæры æнæниздзинад, кондады æнтыст, Райгуырæн бæстæйы дидинæфтыд, хæсты рæстæджы дæр йæ уæзгæ бавæрд хаста уæлахизы хъуыддагмæ.

Рæстæг тагъд цæуы, аз ивы азы, фæлæ сылгоймаг уæддæр баззайы рæсугъд æмæ æвæлхаттæй. Цардæмбал уа, мад æви æна – уый сæйраг нæу, сæйраг у, уыдон нын зынаргъ кæй сты. Нæ сылгоймæгтæ, хæсты цæхæрыл рацæугæйæ, хорз зонынц сабырады, амонды, сæрибары аргъ, адæмы ‘хсæн ахастыты сæм стыр нымады сты уарзт, аудындзинад, æмбарындзинад, кадимæ мысынц, сæ сæрыл сæ цард нывондæн чи æрхайстой, уыдоны рухс нæмттæ.

Нæ зынаргъ сылгоймæгтæ! Уадз, кæддæриддæр ут иууыл хуыздæр ныхæсты аккаг, уæ цæстытæй кæддæриддæр кæлæт амонды стъæлфæнтæ æмæ сæ кæд цæссыгтæ фæзына, уæд-иу уыдон дæр уæт цины цæссыгтæ. Макуыуал бавзарут хæсты хъизæмæрттæ æмæ æнамонддзинæдтæ.

Уадз, уæ номыл æрмæст ацы бæрæгбоны нæ, фæлæ æрвылбон дæр зæлæт иууыл фæлмæндæр, рæсугъддæр ныхæстæ. Ут амондджын, уарзт æмæ цинæй хайджын ут!

Газет «Хурзæрин»-ы коллектив

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.