Стыр Фыдыбæстæйон хæст бирæ тухитæ бавзарын кодта Советон Цæдисы адæмæн. Фæлæ хæст йæ кæронмæ куыд хæццæ кодта, афтæ хорз хабæрттæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. 1945 азы 30 апрелы Берлины Рейхстагы бæстыхайыл сфæйлыдта Сырх тырыса. Уæлахизы Тырыса куполыл бафидар кодтой 150-æм æхсæг дивизийы развæдсгарджытæ Михаил Егоров æмæ Мелитон Кантария. Уый фæстæ æфсæддон къухдариуæгад фæндон рахастой, цæмæй Уæлахизы Тырыса æрласой Мæскуымæ парадмæ. Ацы Тырыса уыд тугæвдылд æмæ нæмгыутæй хуынчъытæ æмæ фæстæдæр ссис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы символ. 3 майы газет «Правда»-йы мыхуыргонд æрцыд Рейхстагы бæстыхайы къам судзгæйæ æмæ йыл фæйлыдта Уæлахизы Тырыса.

Историон бæлвырдгæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй Егоров æмæ Кантария фыццæгтæ нæ уыдысты, Рейхстагы Сырх Тырыса чи æрсагъта. Тынг бирæ къордтæ тырныдтой уыцы хъуыддагмæ, уымæн æмæ алкæцы æфсæддон дæлхайы дæр фæндыд, цæмæй фесгуыха. Уымæ гæсгæ бæстыхайы уæлхæдзармæ быргæйæ бирæтæ фæмардысты, бирæтæн та бантыст Тырыса бафидар кæнын, фæлæ-иу дзы кæцыдæрты дымгæ раппæрста, кæнæ та-иу æй немыцæгтæ фехстой. Æдæппæт Рейхстагы куполыл бафидаргонд æрцыдис 10 тырысайæ фылдæр, фæлæ дзы хъайтары нæмттæ райстой æрмæстдæр Егоров æмæ Кантария. Цæмæн афтæ рауад, уый абоны бон дæр бæрæг нæу.

Уæлахизы Тырысайы бафидаримæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хæстон архайдтытæ не ‘рлæууыдысты, – Берлины уынгты нырма цыд хъазуатон тохтæ. Фашисттæ нæ куымдтой басæттын, нæ сæ фæндыд сæхи уацары раттын. Советон хæстонтæн цалдæр боны мидæг бантыст Берлины гарнизонæй 70 мин хæстоны уацары сисын, уыдоны ‘хсæн инæлартæ Курт Веташ æмæ Вальтер Шмидт-Данкварты дæр, æмæ ма бирæ æндæр рангты афицерты. 2 майы Берлины гарни-зоны къухдариуæггæнæг инæлар Вейдлинг бардзырд радта йæ дæлбар хæстонтæн сæ гæрзтæ æрæвæрыны тыххæй æмæ сæхи уацары радтой.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.