Хорз хистæрæн æвзæр кæстæр никуы уыдзæн. Уый у царды æцæгдзинад, æмæ мын æндæр хъуыды   тыхæй чи хъара, йæхи чи раст кæна, æз хорз дæн, мæ фырт та æвзæр рауад, зæгъгæ, уый йæ «сыгъзæринтæ» доны ма калæд. Мацы æфсонтæ агурæд йæ аипп сраст кæнынæн. Адæймаг цардмæ куы рантысы, уæд ыл йæ мад æмæ фыдæй фылдæр фыдæбон ничи бакæны, цæмæй царды рæгъмæ рацæуа, адæмы хъæр бамбара. Уый даргъ æмæ зын   хъуыддаг у, фæлæ сæ æрдзон хæс у, æмæ йæ цыфæнды зынæй дæр æххæст кæнын хъæуы, иудадзыг æмæ йыл кæронмæ кусгæйæ. Æндæр тыхтæ, адæймаджы сайæн, царды раст фæндагæй иппæрдгæнæг тыхтæ дын дæ хъæбулы хъомылады цыдмæ гæппæввонгæй лæууынц æмæ йæ сæ фæдыл куы асайой, уый тас дæ иу уысм дæр хъуамæ рох ма уа. Уый æдзух йæ зæрдыл чи нæ дары, уымæн йæ цот дзæгъæл кæнынц æмæ рæдыд фæндагыл бафтынц. Ахæмтæ сæ ныййарджытæн сау мæт æмæ кæуинаг свæййынц.

Ацы зын царды дæ æппæт хъусдард дæ цоты хъомыладмæ куы скæнай, уæд сæ даргæ та цæмæй кæндзынæ, къæбæр амалы куыстæй нæ сæр сисын нæ бон куы нал у, зæгъгæ. Æмæ тынг раст уыдзысты. Ныййарджытыл бирæ хæстæ æвæрд ис, фæлæ сæ сæйрагдæр хæс у сæ цоты хъомылад. Æмæ сæм уыцы хъуыддаджы сæхи ныййарджытæ – нанатæ æмæ дада-тæ сæ фарсмæ æнгомдæр куы ‘рбалæууиккой, уæд сын сæ хæс фæрогдæр кæниккой. Æнæуый дæр æнусты дæргъы сывæллæтты хъомылад фылдæр фыд æмæ мады ныййарджытæм хауд. Сæхи мадæлты æмæ фыдæлты сæм сæ æрвылбон уæззау куыстæй не ‘вдæлд. Лæппутæ сæ дадатæй, кусæг бæхы фарсмæ бон-изæрмæ йæ байраг куыд ис, уыйау нæ хицæн кодтой, чызджытæ та – сæ нанатæй. Æмæ уыдоны фæрцы иуæй хæдзары куыстытыл ахуыр кодтой, иннæ-мæй та цардфæлтæрд адæмæй царды рæстдзинад æнкъардтой. Фыдæлты фарн сæ туг æмæ уæнгты хъарыд. Ахæм уавæрты фесæфынæй тæссаг нæ уыд нæдæр нæ нуарджын æвзагæн, нæдæр нæ рæсугъд æмæ мидисджын æгъ-дæуттæн. Нанайы æмæ дадайы фарнæй кадджын уыд, хи хъæбулæй хъармдæр цæстæй кастысты хæрæфыртмæ. Уый тыххæй нæм бирæ хорз хабæрттæ æрхæццæ нæ фыдæлтæй.

Ныр æндæр зондахастыл фæхæст сты нæ хистæртæй бирæтæ. Раздæрау уыцы хæс сæхимæ нал исынц, æз мæхиуæттæ схастон æмæ мын æгъгъæд фæуæд, зæгъгæ. Ахæм царды мидис нæй. Мидис, хъуыды æвæрд кæм нæ уа, уый та зæрдæйыл не ‘мбæлы. Хуыздæр нæ уаид дæ цоты цоты фарсмæ балæууын, царды йын бирæ æмбæхст диссæгтæм йæ цæстытæ байгом кæнын. Адæймаг горæты уынджы, скъолайы уа, парчы урссæр лæджы кæнæ дадалиджын усы къаннæг сабитимæ иронау ныхас кæнгæ куы фены, уæд ма уымæй рæсугъддæр, æхсызгондæр цы вæййы! Мæнæ дæ цæстыты раз рæзы, ирон æвзаг æмæ фарны, Ирыстоны фидæн кæмæ кæсы, уыцы лæппу кæнæ чызг!

Кæстæрты рæдыдтытæ сты хистæрты аххос. Кæстæртæ иумæйагæй сисгæйæ, райсгæйæ æвзæр никуы вæййынц. Æнæфыст гæххæттау сыгъдæг æмæ æнæлаз вæййынц. Сæ удты сын цахæм æвзар ныппарай, ахæм тау суадздзæн. Хорз æмæ æвзæр амонын, æмбарын кæнын хъæуы. Фæлæ хатт хистæр йæхæдæг хорз æмæ æвзæр кæрæдзийæ нал фæхицæн кæны. Ахæм хистæры кæстæр цас нæ уына, уыйас хуыздæр.

Хистæрты æмæ кæстæрты æхцон быцæу æнусон у, царды цыд размæ чи схойы, ахæм. Мингай азты размæ фыстыты дæр арæх бакæсæм: «Дуне рафæлдæхт – кæстæртæ сæфынц» кæнæ «Кæстæртæ нал бæззынц, цы уыдзæн нæ фидæн», фæлæ цард абоны онг æрхæццæ. Уыцы «æвзæр» кæстæртæ цард аразынц, зонады стыр диссæгтæ кæнынц, арвы тыгъдад гæрдынц, атом лыстæггай æвзарынц, компьютерон дуне сарæзтой. Хорз сты нæ адæмы абоны  кæстæртæ дæр. Алы хорз хъуыддæгты сгуыхтдзинæдтæ сæ къухы æфтынц. Фæлæ не сты хистæрты хуызæн, æмæ уый гæнæн дæр нæй. Уымæн æмæ сæ æрдзон равзæрды хъуамæ хæдхуыз уой, макæцы фæлтæры хуызæн сæ кæнут, сæ дуджы хъæбултæ сты. Æцæг сын амонын хъæуы иннæ фæлтæрты фæлтæрддзинад, фæзминаг хъуыддæгтæ æмæ рæсугъд æгъдæуттæ. Цæмæй царды даргъ æмæ уæрæх фæндагыл цæугæйæ сæ хызынты фылдæр уа «хæссынæн – рог, хæрынæн – адджын» фæндаггаг.

Фау æрхæссæн алкæмæ дæр ис. Фауинаг хъуыддæгтæ ис нæ кæстæртæм дæр. Хатт дзы иуæй-иутæ ирон æгъдæутты сæрты ахизынц, æхсæнадон бынæтты сæхи æнæуагæй февдисынц. Иу æрра фыс, дам, æнæхъæн дзуджы былæй акалдта. Бирæ не сты, сæхи æнæуагæй чи æвдисынц, уыдон дæр. Фæлæ сæ æндæр бæстаг уыцы хуызы куы фена, уæд нæ иууылдæр ахæмтæ нæ рахондзæн?

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.