Адæмы царды  цы æгъдау ныфидар уа, уымæн вæййы арф  æмæ æнусон уидæгтæ. Ир скифты байзæддаг кæй сты, уый ахуыргонд адæмтæн рагæй бæрæг у.

1882 азы Миллер раиртæста, скифты  Хъайтарты кæхц æмæ нарты Уацамонгæ иу кæй сты, уыцы æцæгдзинад. Миллеры хатдзæгæн ис ахъаззаг æвдисæнтæ нартологийы дæр æмæ Иры историйы дæр. Ирон нуазæны тыххæй Хæбæлаты Иван ныффыста сæрмагонд чыныг, фæлæ йын баззад, уыцы чиныгмæ чи нæ бахауд, ахæм уацтæ дæр ирон нуазæны фарн æмæ æгъдауы тыххæй.

Ирон фынджы æгъдæуттæ бынтондæр никæй æгъдæутты хуызæн сты. Ирон фынгы рæсугъддæр æгъдæуттæй иу у нуазæн. Уый у рагон æгъдау, цæуы æнусты арфæй. Ǽнусон æмæ  традицион æгъдау вæййы мидисджын æмæ цардхъом, зæронд нæ кæны, цæуы ногæй ногмæ. Нуазæн у фынгæн йæ фидауц æмæ йæ кад, уый у ахъаззаг фæрæз æгъдауæн, лæгдзинадæн æмæ намысæн.

Ирон фынгæн цы стыр кад уыдис, уый бæрæг у мæнæ ацы æмбисæндтæй: «Ирон фынг – зондамонæг», «Фынг хистæрæй фидауы». 

Ирон царды нуазæн ахсджиаг хъуыддаг кæй у, уымæн бирæ æвдисæнтæ ис адæмон сфæлдыстады.  Алыккаты Хазби мæйдар æхсæвы сцæйцыди Кæсæгæй. Æрджынарæгмæ куы схæццæ, уæд кæсы æмæ йæ фæндагыл хæйрæджытæ хъазт сарæзтой. Лæг хъуыды кæны: «Размæ цæуон, æмæ мæ ацы дæлимонтæ æвыдæй нæ ауадздзысты; фæстæмæ аздæхон æмæ ацы хабар Хъобан куы базоной, уæд мын нуазæн  ничиуал ратдзæн. Раирвæзт æхсар æмæ зонды фæрцы.

Геродот фыста, зæгъгæ, скифты фыдæлтæн Хуыцау æрæрвыста æртæ сыгъзæрин хæзнайы, æртæ мигæнæны: гутон, кард æмæ кæхц. Ацы æртæ дзаумайы сты царды фæрæзтæ, сæ хъуыддæгты символтæ, уыдон сты кусæнгарз, хæцæнгарз æмæ кувæнгарз. Ацы хабарæй зыны, нæ рагфыдæлтæм кувæн дзаума куыд кадджын уыд, уыцы фæтк. Сызгъæрин кæхц уыди хуымæтæг нуазæнгарз нæ, фæлæ уаз хæзна, табуйаг кусæнгарз. Кувæн кæхц хъуыди æрвон тыхтæн табу кæнынæн, цыт кæнынæн. Скифтæ цардысты хæстон дугы, стæр æмæ æхсары заманты. Уым кад æмæ цыт кæнын хъуыди хъайтартæн æмæ сгуыхт лæгтæн. Хъайтартæн стырдæр кады нысан у кадæг – кады зарæг. Геродоты фæрцы мах базыдтам, скифтæ хъайтарон нуазæнæй кæй кад кодтой, уый. Уыцы кæхц сгуыхт лæгæн уыди цыты нуазæн, кады нысан, стыр хæрзиуæг.

Скифты кæхцæн йæ нысан уыд сгуыхтæн кад кæнын,  хъайтартæ хъомыл кæнын. Хæстон цардæй цы адæмтæ цардысты, уыдоны æгъдæуттæ уыдысты хæстон хъуыддагмæ разæнгардгæнæн мадзал, сæ нысан уыд ныфс, æхсар æмæ лæгдзинад рæзын кæнын. 

Скифты царды дæр æмæ нарты царды дæр Уацамонгæ свæййы æцæг хъæбатырдзинад бæлвырдгæнæг.

 Цардимæ ивгæ цæуы æгъдау дæр. Нæ рæстæджы адæм нуазæнæй кад æмæ цыт кæнынц сгуыхты бирæ хуызтæн: разагъды лæгæн, ахуыргондæн, зæхкусæгæн, спортсменæн, артистæн. Нуазæны функцитæ фылдæр кæй фесты, уый зыны эпосы дæр. Нарты афæдзы æмбырды дæттынц æртæ нуазæны: 1) хæстон хъæбатырæн; 2) сылгоймагимæ æгъдауджын чи у, уымæн; 3) гуыбыныл уæздан чи разыны, уымæн.

Иу варианты Созырыхъо æртæ нуазæны дæтты: 1) хъаруджын гуырд кæй хæдзары ис, уымæн; 2) сылгоймаджы хорз цы хæдзары ис, уымæн; 3) цæхх æмæ кæрдзыныл рæдау чи у, уымæн. Ацы æууæлтæ æвдисынц ирон адæмы этикон зондахаст, сæ намысон идеалтæ, уыдоны зыны бæрзонд культурæ.

Ам ис иу цымыдиссаг æгъдау. Нуазæн кæмæ æрхауа, уымæн Созырыхъо зæрдæ æвæры: «Йæ нозт ын – Хуыцауы хæлар, йæ мигæнæн та – мæнæй лæвæрдгонд». Уый уыд рæсугъд æгъдау. Фæлæ йын ис фæзилæнтæ дæр. Иу куывды Нарт рахастой уынаффæ: «Уый чи баназа, уый йæ ахæссæд». Уырызмæг сагъæсы бацыд: «Куы йæ баназон, уæд мæлгæ кæндзынæн, кæд æй нæ бануазон, уæд та мæ фыдæлты хæзна исчи хæсдзæн». Иу дзырдæй рæсугъд æгъдау йæ мидис аивта. Абон нуазæнгарз рамбулыныл ерыс цæуы гуыбыны тыххæй. Æниу, стыр нуазæн афæлдах æмæ дæ къæхтыл лæуу, уымæн дæр хъару хъæуы.

Нарты кадджыты сфæлдыстой куырыхон адæм. Кардæн чи куывта, уыцы фыдæлтæ Сырдоны фæндыр схуыдтой æппæты зынаргъдæр хæзна.

Эпосы ис æмбисонды эпизод. Чындзæхсæв кæны Хуыцауы хæрæфырт, æмфынг сты зæдтæ æмæ Нартæ. Ацæмæз уадындзæй цæгъды, гуыппырсартæ кафынц. Уæд Хуыцауы хæрæфырт ныббузныг йæ уазджытæй. Кады нуазæнтæ сæм ратты æмæ зæгъы: «Кадджын уыдыстут, нæртон адæм, æмæ кадджынæй фæцæрут».

Уый Нартæн лæвар кæны дзæвгар фос, фæлæ Нартæн бирæ фосæй нуазæн уыди бирæ зынаргъдæр.

Нæ адæмы зонд курдиат скодта æхсары æмсæр, хъайтары æмрæнхъ æрæвæрыны аккаг сси аивады кусæг. Ацы фæткыл амад у Къубалты Алыксандры уацмыс «Куыр Бибо». Фæрныг фысым фыццаг нуазæн дæтты фæндырдзæгъдæгæн, кадæггæнæгæн. Уазæг буц кæнынæн ахъаззагдæр фæрæз сси нуазæн. Фыдæлтæ дзырдтой: «Нуазæн дæм кæм нæ хауа, нуазæн раттыны бар дын кæм нæ уа, ахæм фынгыл макуы сбад» ирон фынгыл ис фидар æгъдау: хистæр 3-4 сидты фæстæ сæрмагонд гаджидауæй ссары уазджыты ном æмæ сæм ратты нуазæнтæ. Уазджытæ сыстынц, лæугæйæ райсынц нуазæнтæ, сæ хистæр арфæ ракæны, стæй сæ баназынц æмæ сбадынц. Уæд бадты хистæр рæгъ рауадзы уазджытæн сæ цæрæнбоны тыххæй.

Фысым уазæгæн нуазæн нæ радта, зæгъгæ, уæд æй уазæг йæхицæн нымайы æгад æмæ æфхæрдыл. Ам æрымысæм иу сюжет. Иу хæдзармæ æрбафтыд, йæ туджджынтæй чи лыгъд, ахæм уазæг. Хæдзары хицау æй бахуыдта мидæмæ, фынг ын æрæвæрдта, базыдта йын йæ уавæр. Фæлæ диссаг – фысым нæ тагъд кæны, не сты йæ фынгæй. Фысым аивæй рацыд кæртмæ,  хабар ракодта сыхæгты зæронд лæгæн. Уый йæ фæрсы: «Нуазæн ын радтай, нуазæн?» фысым бамбæрста хъуыддаг, баздæхт æмæ уазæгмæ авæрдта нуазæн. Уазæг фæгæпп ласта,  арфæ ракодта,  æмæ йæ цæст дæр нал ауыдта, – асхуыста йæ фæндагыл. Куыд уынæм, афтæмæй нуазæн ирон лæгæн йæ цардæй зынаргъдæр у, уымæн æмæ уый æгъда у, кады нысан æмæ цыт. Æгъдау та мæлæтæй тыхджындæр у.

Адæмы фарн рæзы фæлтæрты бастдзинадæй. Нæртон куырыхон лæг зæгъы: «Нæ адæм адæм уæд уыдысты æмæ сæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой, кæрæдзийæн аргъ куы кодтой».  Кæстæртæ адæмæн сæ ныфс æмæ сæ фидæн сты. Ирон фынджы фидауц у кæстæрты цæрæнбон ракувын æмæ уыдонæн нуазæн раттын. Ацы æгъдау нæ хъæуы хæццæ кæнын, фæстагмæ кусарты хъусимæ цы нуазæн раттынц, уыимæ. Хетæгкаты Къостайы кадæг «Хетæг»-ы уæздан хистæр Солтан, фыццаг рæгъы фæстæ æрымысы сгуыхт кæстæрты æмæ «æфхæры» йæхи: «Барасыг, срасыг дæн, афтæмæй лæппутæй ничима фæци мæ нуазæны хъæстæ». Алы æгъдауæн дæр ис кад æмæ рад. Фæндзæм æхсæзхæм рæгъыл хистæр гаджидау рауадзы кæстæрты номыл, фæдзæхсы сæ Уастырджийыл æмæ сын хаимæ дæтты нуазæн. Кæстæртæй иу (сæ хистæр) цыбырæй арфæ кæны хистæртæн. Нæ йын æмбæлы бирæ дзурын – кæстæры дзыхы «омменæй» хуыздæр ницы фидауы. Ирон æгъдаумæ гæсгæ кæстæр хистæртæн нæ дзуры «уæ цæрæнбон бирæ уæд». Дзуры: «Фæрнæй уæле бадут, уæ кæстæртæй уæ зæрдæ рухс уæд».

Ацы рæгъы хистæртæм нæй нуазæн фæстæмæ дæттæн. Нуазæны фæстæ хистæртæ сисынц Фæндагсæры зарæг, кæстæртæ хъырнынц. Радон рæгъыл кæстæрты хæс у хистæртæн æртæ нуазæны бахæссын (æнæ хайæ), арфæ ракæнын. Иугæр хистæртæ нуазынц, уæд сын кæстæртæ зарынц: «Айс æй, аназ æй». Ацы дыууæрдæм нуазæнтæ сты, æмбал кæмæн нæй, ахæм рæсугъд æмæ мидисджын æгъдауыл дзурæг, уый дыууæ фæлтæры кæны æнгом, æмзонд æмæ æмзæрдæ; амоны кæрæдзимæ хъусын, кæрæдзийæн аргъ кæнын; уый фынгыл нæ уадзы ронбæгъдæй бадын, домы фидар æмæ хæстæлвæст уæвын.

Цины хъуыддаджы хицæн фынгтæ куы вæййы, уæд сæйраг фынгæй иннæмæ æрвитынц нуазæн – æртæ нуазæнгарзы æмæ хай. Уыцы фынгæй  дæр фæстæмæ цæуы дзуапп.

Ис ма уæздан æгъдау: зианджын лæг фыццаг хатт цины фынгмæ куы бацæуы, уæд ын дæттынц арфæйы нуазæн.

Фынджы бæркад цæуы æфсинтæй. Кæд æфсины нуазæн домы æгъдау, уæд чындзы нуазæны та ис ноджы фылдæр æфсарм. Ирон адæмæн чындзы фарн табуйаг уыди. Уырызмæг зоны, Борæтæ йæ марынмæ хонынц, уый, фæлæ чындз-хонæгæн йæ бон нæ уыди «нæ» зæгъын, – ацыд хуынды æмæ бахауд фыдывзарæны.

Æгъдауæн ис рæсугъдæй хæссæн, ис ын халæн дæр. Кадæг нын дзуры: «Нартæн сæ хорзы кой дардмæ уæд хъуысти, сæ гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъахъхъæдтой, ронгæй сæ бæрц куы зыдтой».

Фырнозтæй сæфынц æгъдау, зонд, æхсар. Мах хатгай кæрæдзийыл нал ауæрдæм, кæрæдзи «буц кæнæм» хъæбæр нозтæй. Бирæтæ тыхми кæнынц уазæгæн, кæд æй фæзонынц, уый хæдтулгæйыл бадын хъæудзæн, уæддæр.

Дæ хæдзармæ уазæг куы  æрбацæуа, уæд æй уадз йæхи бар. Æцæг хъуамæ уазæгæн нуазæн авæрай. Йæ бон куы нæ уа, уæд ын тыхæй ма нуазын кæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.