Раздæрау нæ республикæйы актуалондæр проблемæтæй сæ иу у бахардзгонд электроэнерги æмæ газы тыххæй фиддонтæ æмбырд кæнын. Нæ горæт æмæ районты цæрджытæ пайда кæнынц ацы лæггæдтæй, фæлæ фиддонтæ æххæстбæрцæй нæ фидынц.

Электроэнерги æмæ газы фиддонты тыххæй цахæм ситуаци сæвзæрд, куыд тох кæнынц, чи сæ нæ фиды, уыдоны ныхмæ, уый тыххæй нын ГУП «Энергоресурс»-ы куыстуаты загътой:

«Не ‘мбæстæгты иу хай цæмæдæр гæсгæ хъæуæгыл нæ нымайынц, цы лæггæдтæй пайда кæнынц, уыдоны аргъ фидын. Ардыгæй цæуынц, фылдæрæй-фылдæр чи кæнынц, цæрджыты уыцы хæстæ æмæ афтæмæй йæ  рады та фылдæр кæнынц, энергоресурстæ кæмæй исæм, уыдоны раз дæр нæ хæстæ. Уый та уаргъау у паддзахадон бюджетæн, бахъæуы цæрджыты бирæмилуанон хæстæ бафидын. Афтæмæй та уыцы æхцатæй спайдагæнæн уыдаид æндæр ахсджиаг хъуыддæгты, алыгъуызон социалон программæты».

Уыдон ма куыд зæгъынц, афтæмæй республикæйы разамынады бахæсмæ гæсгæ ивгъуыд азæн арæзт æрцыд аналитикон бæлвырдгæнæн, газ æмæ электроэнергийы хæрдзтæ куыд фыст цыдысты, уый фæдыл. Куыд рабæрæг, афтæмæй, ивгъуыд азимæ абаргæйæ, ацы аз ныллæгдæр у фидыны уавæр. Афтæмæй та, иумæйагæй сисгæйæ, нæ экономикон цавæр азæй-азмæ хуыздæр кæны. Адæмæн сæ фылдæр агурынц æфсæнттæ, цæмæй сæ хæстæ ма фидой, æцæгæй та махмæ æндæр паддзахадтау тарифтæ нæ фылдæр кæнынц. Цæвиттон, Уæрæсейы цæрæнуатон-коммуналон хæрдзты фидыны федералон стандарт у бинонты æппæт æфтиæгты 22 проценты. Цæгат Ирыстоны та у 21 проценты. Ацы нымæц махмæ та у 6,69 проценты, районты та – ноджы къаддæр. Ардыгæй саразын хъæуы хатдзæг – не ‘мбæстæгтæн нæй бар, цæмæй ма фидой сæ фиддонтæ.

ГУП «Энергоресурс»-ы куыд зæгъынц, афтæмæй уый, фыццаджыдæр, у цæрджыты ныллæг культурæйы аххос. Ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæн æцæг сæ материалон фадæттæ сты къуындæг. Фæлæ уыдонæй фылдæр та сты, сæ фидын йæ бон кæмæн у, æмæ афтæмæй газ дæр æмæ электроэнерги дæр чи давынц, ахæмтæ. Уыдоны ныхмæ хъæуы исын карз административон мадзæлттæ. Бирæ бакусын хъæуы «Энергоресурс»-ы сæхи дæр. Хъæуы æдзух мониторингтæ уадзын. Цæрджытимæ  хъуамæ уадзиккой разæнгардгæнæн беседæтæ, активонæйдæр архаиккой организацитимæ, кæцытæй дæр бирæтыл вæййы стыр хæс-тæ. Ахсджиаг æрмæст бахардзгонд электроэнерги æмæ газ нæу, фæлæ ма æндæр бахардзгонд коммуналон ресурстæ дæр, уыцы нымæцы – дон, брон ласын æмæ æнд. Адæм цас раздæр бамбарой сæ бæрндзинад æмæ зоной, æрмæст паддзахад кæй нæу хæсджын, цæмæй ауда цæрджытыл, фæлæ мах нæхæдæг кæй хъуамæ архайæм, цы хæстæ ныл ис паддзахады раз, уыдон æххæст кæныныл, уыйас нæ паддзахады хъуыддæгтæ дæр рæвдздæр цæудзысты.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.