Электроэнерги æмæ газы аргъ ног азæй кæй фæфылдæр уыдзысты, ууыл дзырд цыд ивгъуыд къуыри Хицацауады æмбырды. Уыцы фарст рагæй лæууыд Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы  комитеты раз. Хицауад адæмы уæззау экономикон уавæр æмбаргæйæ, архайдта цас гæнæн ис, уыйбæрц фарст фæстæдæрмæ аргъæвын æмæ афтæмæй хæстæ фылдæрæй фылдæр кодтой Уæрæсейы Федерацийы Энергетикæйы министрады раз. Хæстæ кæй рæзтысты афæдзæй-афæдзмæ, уымæн йæ аххосæгтæ канд физикон цæсгæмттæ не сты – коммерцион æмæ бюджетон организациты хæстæ дæр, дзæвгар уыдысты.

Ацы фарсты фæдыл нын радзырдтой РХИ-йы ГУП «Энергоресурс»-ы. Уым куыд зæгъынц, афтæмæй абон уæлдай карздæрæй лæууы фиддонты æмбырдкæнынады фарст. Уæлдайдæр та фæстаг мæйты. Районты разамонджытæ кæд архайынц, цæмæй физикон цæсгæмттæ афоныл бахардзгонд электроэнергийы фиддонтæ æмбырд кæной, уæддæр электроадæттæн хæххытыл электроэнергийæ дзæвгар сæфы. Уыцы мадзæлттæ рафæлгъауынæн хъæуы саразын сæрмагонд къамис, цæмæй уыдон архайой барадон бындурыл æмæ административон мадзæлттæ исой, электроэнергийы хæрдзты хыгъд æрнывыл кæныныл, куыд районты, афтæ горæты дæр. Нæ фарстæн, ома, электроэнергийæ куыд сæфы, уый тыххæй ахæм дзуапп райстам: «Прибортæ куыд амонынц, афтæмæй адæттæн хæххытыл цы электроэнерги цæуы, уый кæмдæр сæфы, чидæртæ дзы кæй давынц, уый аххосæй. Уыцы бахардзгонд электроэнергийæн фиддонтæ фыст нæ цæуы æмæ афтæмæй æвзæры проблемæ. Электроэнергийы хæрдзты мах æрмæст физикон цæсгæмтты аххос нæ кæнæм. Уыцы мадзал, гæнæн ис æмæ саразой коммерцион хæдзарадтæ дæр. фæнды нæ сбæлвырд кæнын, уыцы хъуыддæгтæ æмæ сыл ныридæгæн цæуы ахадгæ куыст».

Нæ  республикæйы цæрджытæ газ æмæ электроэнергийæн цы тарифтæ фыстой, уыдон, æндæр паддзахадтæм абаргæйæ, бæрзонд нæ уыдысты. Фиддонтæ æмбырдкæныны хайады нын куыд загътой, афтæмæй, статистикæ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ афæдзы фыццаг æмбисы цæрджытæй фиддонтæ æмбырд цыд афоныл, кæд æмткæй нæ, уæддæр фыстой цы электроэнерги æмæ газ хардз цыд, уымæн йæ фылдæр æмбис. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадтæ, цæрæн корпусты подъездты цы рухсытæ ис, уыдоны тыххæй фиддонтæ зивæггæнгæдæр фыстой. Уыдон уыцы хабар бастой бирæуæладзыгон хæдзæртты цы цæрджытæ цæры, уыдон коммуналон хæрдзтæ фидынхъом кæй не сты æмæ уый æмбырд кæныны процессыл мæгуырау кæй æндавы. Афтæмæй та уыцы тарифтæ дæр махмæ сты, стандартмæ гæсгæ куыд хъуамæ уой, уымæй бирæ хатт ныллæгдæр.

Цахæм мадзæлттæй архайын хъæуы, цæмæй адæм активондæрæй райдайой бахардзгонд электроэнергийы фиддонтæ фидын, уыцы фарстæн нын уæлдæр загъд комитеты кусджыты дзуапп ахæм уыд: «Адæм куыннæ фидой бахардзгонд электроэнергийы аргъ, уæд нæ энергоресурсæй чи ифтонг кæны, уыдонæн цы хъуамæ бафидæм? Цæмæй цæрджытæн фидын æнцондæр уа, уый тыххæй арæзт æрцыд æппæт дæр. Суанг дæрддзæф хъæуты дæр алы хæдзарыл æвæрд æрцыд электронымайæнтæ. Мæй иу хатт электриктæ разилынц, банымайынц бахардзгонд электроэнергийы аргъ, уымæй дæр хъæуы цæрджытæ фыстой къаддæр æмæ сын контролер бынаты рафыссы квитанци. Кæд дæ бон нæу æмткæй бафидын, уæд дын бар дæттынц бафидай сæ дыууæ хайæ. Уыдон  иууылдæр арæзт æрцыдысты адæмы хæрзиуæгæн. Раздæр æхсæвыгон хъæуты уыд саудалынг, ныр бирæ хъæуты уынгты арæзт æрцыдысты электрорухсытæ æмæ æхсæв уынгты адæм цæуынц æдæрсгæйæ. Æппæт уыцы мадзæлтты фæстæ ма ноджы дæ фиддонтæ дæр ма фид, уый мах нымайæм фыдракæндыл. Нæ комитет хицæнæй равзæрста æххуысхъуаг категоримæ цы æмбæстæгтæ хауы, уыдон. Уыцы къорды чи ис, уыдон та бахардзгонд электроэнергийæн фидынц æрмæст йе ‘мбис. Уыцы льготон категорийы æмбæстæгты хыгъд махмæ æрбарвиты азы райдианы Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министрад».

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.