Хъæбатырдзинады урок – 6-æм астæуккаг скъолайы

Нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы уагъд æрцыд хъæбатырдзинады урок. Урокмæ æрбацыдысты горæт Цхинвалы администрацийы ахуырады управленийы методист Тыбылты Эдуард, 1989 азы 23-æм ноябры цауты хайадисæг хъайтартæ Гаглойты Анатоли, Бестауты Æхсар, Пæрæстаты Михаил, Гæджиты Радион æмæ Тадтаты Æхсар. Хайад дзы райстой уагдоны директор Гæззаты Юринæ, ахуыры хайы сæргълæууæг Дыгъуызты Лианæ, ахуыргæнджытæ,  хистæркъласонтæ.

Нысаниуæгджын боны цытæн уазджытæн раарфæ кодта скъолайы хъомыладон куысты фæдыл директоры хæдивæг Рассохина Надежда. «Абон та радон хатт æрбамбырд стæм, цæмæй нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм 34 азы размæйы фæззыгон боны цауты тыххæй. 23-æм ноябры сабырадон митинг ауадзыны æфсон гуырдзиæгтæ сфæнд кодтой нæ сабыр горæтмæ æрбацæуын, фæлæ сын сæ фæнд фæсыкк кодтой цалдæр ирон сахъгуырд лæппуйы. Абон уыдоны фæрцы цæрæм сæрибар Ирыстоны», – загъта уый.

Мадзал амыдтой Габайты Сюзаннæ æмæ Бранских Егор. «23-æм ноябрь нысаниуæгджын бонæй баззайдзæн æрмæст историйы нæ, фæлæ ма хуссайраг ирæтты идеологийы дæр. Нæдæр раздæры æмæ нæдæр ног гуырдзиаг политиктæ æмæ æхсæнад дæр кæронмæ нæ бамбæрстой, номхуындæй, уыцы бон цы æрцыд, уый. Цхинвалмæ балц æнæнхъæлæджы нæ уыд. Ирæтты ныхмæ политикæйæн  Гуырдзыстоны уæдмæ уыд серьезон масштабтæ. Фæлæ  ирæтты цыдæр ныфс  уыд  Мæскуыйæ.

22-æм ноябры, газет «Сакартвело»-йы ныммыхуыр кодтой Звиад Гамсахурдияйы сидт: «Уыцы бон Цхинвалмæ ацæудзæн æнæхъæн  Гуырдзыстон. Æмбырд кæнæм райсомы 9 сахатыл Спорты галуан æмæ Кинойы хæдзары цур. Транспорт мобилизацигонд у. Иууылдæр Цхинвалмæ! Хуыцау немæ ис! Уæлахиз уæд хæдбар Гуырдзыстон!», – ахæм ныхæстæй фæуд кодта ныммыхуыргонд сидт. Уыцы балцы хайад истой Гуырдзыстоны уæды æппæт политикон тыхтæ. Партитæ иууылдæр уыдысты нацистон ориентациимæ æмæ дзы алкæмæндæр уыд йæхи гарзджын къордтæ. Се сконды уыдысты Гуырдзыстоны ахæстæттæй амнистимæ гæсгæ цы лæгмарты рауагътой, уыдон дæр. Митинг сабырадон кæй нæ уыд, ууыл басастысты йæ организатортæ сæхæдæг дæр. 1989 азы 23-æм ноябры æмæ уый фæстæ рæстæджыты æрцæугæ цауты фæдыл къамисы развæлгъау официалон хатдзæджы банысан кодтой: «Æмбæлон цæтæггæнæн куысты фæстæ 23 ноябры Цхинвалмæ 400 автобустыл æмæ рог машинæтыл æрбацыдысты 30 минæй фылдæр митинггæнæджы, фæлæ сæ нæ хъæбатыр лæппутæ не ‘рбауагътой. Ныхмæлæуд аххæссыд 27 сахаты. 24-æм ноябры изæры гуырдзиаг колоннæ аздæхт фæстæмæ. Фæлæ ууыл не ‘рлæууыдысты гуырдзиаг тыхæйисджытæ, сæ лæгмартæ æрбынат кодтой Цхинвал æмæ Знауыры районты хъæуты æмæ хъизæмар кодтой сабыр цæрджытæн», – дзырдтой мадзаламонджытæ.

Æнæхъæн мадзалы дæргъы экраныл æвдыст цыдысты уыцы бонты цауты кадртæ. Сæ мысинæгтæ радзырдтой  цауты хайадисджытæ.  «Мæнæн мæ мад уырыссаг уыдис. Иу хатт скъолайæ хæдзармæ куы æрбацыдтæн, уæд мын афтæ бакодта, зæгъгæ, дам, дæ мады уарзыс? Æз ын, кæй зæгъын æй хъæуы, загътон, дæуæй фылдæр никæй  уарзын.  Уæд мын уый загъта, зæгъгæ, дæ мадæй æртæ хатты фылдæр та хъуамæ уарзай дæ Райгуырæн бæстæйы. Пухаты Алихан уыдис нæ къорды хистæр. Уый нын загъта, гуырдзы, дам, горæтмæ куы æрбацæуой, уæд, зæгъ, дзы уыдзæнис стыр змæстытæ æмæ, дам, сæ хъæуы бауромын.  Тадтаты Æхсар, Бестауты Æхсар æмæ æндæртимæ ссыдыстæм, ГАИ-йы пост кæм ис, уырдæм æмæ сæм уым æнхъæлмæ кастыстæм. Уалынмæ фæзындысты æнæхонгæ уазджытæ, рахызтысты сæ тырысатимæ æмæ рацæуынц. Кæм сæ баурæдтам, уырдæм куы æрцыдысты, уæд сæхæдæг æрлæууыдысты, тыхсæгау кодтой. Уымæн æмæ разæй чи цыд, уыдон цъус уыдысты, фæлæ фæстийæ чи цыд, уыдон бирæ уыдысты. Колоннæ айвæзтис. Ахъуыды кодтон, зæгъын, нын момент фæзынд. Мæ фарсмæ чи лæууыд, уыцы лæппуйæн загътон, зæгъын, кæрæдзийы къухтыл ныххæцæм æмæ афтæмæй сырæзт цæг. Ацы цауы фæстæ дæр нæ цардæн тæссаг уавæрты бирæ хæттыты бахаудыстæм.  Сывæллæттæ, раст куы уат, уæд макуы мацæмæй фæтæрсут», – радзырдта Гаглойты Анатоли.

Бестауты Æхсар: «Горæты фæдисау ахъæр, гуырдзы, дам, æрбацæуынц. Æз Хъуылымбегты Торезы æфсымæр Жорикимæ Мегъврекисмæ ацыдыстæм, æмæ федтам, æцæгæйдæр кæй æрбацæуынц, уый. Сæ фæстæ та æрбацыд автобус æмæ дзы нæлгоймæгтæ хæцæнгæрзтимæ рахызтысты. Фæлæ сæ Гумбаридзе фæстæмæ схизын кодта автобусмæ. Уый фæстæ дыууæ боны фæлæууыдыстæм кæрæдзийы ныхмæ, фæлæ махæй  хъуыды дæр ничи акодта фæстæмæ алæууыны тыххæй. Абон бирæ хъайтартæ нæ фарсмæ нал сты, бирæтæн дзы сæ ном рох кæны æмæ уый раст нæу».

Уыцы цауты тыххæй цымыдисон хабæрттæ радзырдтой Гæджиты Радион æмæ Тадтаты Æхсар дæр æмæ сæм сывæллæттæ хъуыстой цымыдисимæ.

Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ис организаци «Раззагонтæ» æмæ йын йæ къордмæ райстой цалдæр ахуырдзауы. Галстуктæ сыл бабастой æрхонгæ хъайтартæ. Кафджыты къорд сын акафыдис «Хонгæ».

Скъолайы директор Гæззаты Юринæ йæ арфæйы ныхæсты загъта:  «Нæ чысыл Ирыстоны хъæздыг историйы, хъыгагæн,  ис бирæ трагикон фæрстæ. Сывæллæттæ, кад кæнут уæ радтæг адæмы намысджын историйæн. Хуссар Ирыстоны историйы фæрстæ фæлдахгæйæ, дисы бахауæм, нæ бирæхъизæмарджын Райгуырæн бæстæмæ цас фыдæвзарæнтæ æрхаудта, ууыл. Астæуккаг фæлтæры цхинвайлæгтæн сæ зæрдыл хорз лæууынц 1989 азы 23 ноябры цаутæ. Уæд Згъудеры къуылдымы бын байгом нæ фыдæлты зæххыл сæрибарæй цæрыны бары тыххæй бирææнусон тохы ног фарс», – банысан кодта скъолайы директор.

Уыцы бон 23-æм ноябры уыдис хъуынтъыз, уазал бон, раст цыма æрдз дæр Ирыстоны хъысмæтыл хъынцъым кодта, уыйау. Фæлæ нæ сахъ лæппутæ, Аланты фæдонтæ сæ риуты æмбæрц слæууыдысты знаджы ныхмæ. Уыцы бон Ирыстоны историмæ бацыд, куыд Хъæбатырдзинад æмæ адæмы иудзинады бон, афтæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.