Уарзондзинад у æрдзы диссаджы лæвар. Сылгоймагыл бирæ æнæмæлгæ уацмыстæ снывæстой дунейыл зындгонд фысджытæ, кæмæндæрты дзы амонд дæр æрхастой, фæлæ та Хетæгкаты Къостайы уымæй дæр амонд нæ фæцис. Йæ бирæ зонгæ сылгоймæгтæй йын иу дæр йæ хъысмæт йемæ не сбаста.

Зæгъæн ис, поэт сылгоймаджы тыххæй кæй сфæлдыста, уыцы æмдзæвгæтæй хъæлдзæг рæнхъытæ никуыцæй хъусынц. Æрмæстдæр сæ зæлы удмарæн, зæрдæсасты катай.

Чи зоны, – искуы æрæфта дæ зæрдыл

                Иунæджы сагъæс, мæгуыры бæллын…

                Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры,

                Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын…

«Хæрзбон»

Трагикон у йæ хъысмæт Къостайæн йе ʻмдзæвгæ «Чи дæ»-йы дæр. Мæгуыр сидзæр лæппу уæззау царды фæн-дагыл рацæугæйæ слæг ис. Бауарзта хъæздыг лæджы чызджы, æрцæттæ кодта ирæд дæр, фæлæ йæ чызджы фыд йæ сæрмæ нæ хæссы.

Дзырды бар кæй уадзы,

                            Кæй фæрсы фæндæй?..

Чызг æмæ мадæн сæ бон ницы у, се уæнгтæ баст сты рагон талынг æгъдæуттæй. Кæд æмдзæвгæйы лирикон хъайтар хъаруджын у, бæллы сæрибар цардмæ, уæддæр, хæххон адæмы уыцы æбардзинадмæ чи ʻркодта, уыцы æхсæнады ныхмæ йæ бон ницы бацис æмæ йæ уæззау царды таурæгъ фæцис ахæм ныхæстæй:

Фæрсыс ма мæ: «Чи дæ?»

                                    Уæд иунæг – мæ ном!

Бынтон трагикон у Фатимæйы хъысмæт. Къостайæн йæхиау æнамонд уарзты уацары бахаудтой йæ геройтæ Фатимæ, Дзамболат æмæ Ибрагим. Йæ мойаг Дзамболат æрæджиау хæстæй куы фæзынд, уæд домы Фатимæйæ, цæмæй Ибрагимы ныууадза æмæ йæм раздæха. Фæлæ уый сылгоймаджы ном нал фæчъизи кодта. Уæд Дзамболат сайдæй амардта Ибрагимы. Фатимæ сæрра.

Къоста йе стыр æнамонд уарзт æмæ зæрдæйы катæйттæ æвдыста йæ геройты хъысмæтты. Æнамонддзинад ын чи ʻрхаста, уыцы æнкъарæнтæй иу уыд Аннæ Поповайы бауарзт. Поэты зæрдæйы ссыгъди уарзондзинады арт, фæлæ Поповтæ сæ чызджы Къостайæн дæтгæ нæ, фæлæ хуымæтæг зонгæ уой, уый дæр нæ фæндыди. Йæ аххосаг та йын схуыдтой æндæр диныл хæст кæй уыдысты, уый. Аннæ дæр æнæуарзгæ нæ уыди Къостайы. Йæ бонæджы зæрдæрисгæйæ фыста: «Всю жизнь я жаждала встретить человека с высоким умом и с богатой душой. И вот на пути встречаю Къоста, который подходит тому типу друзей моего духовного идеала, которому так стремилась моя душа… Но не на радость не на счастье оказалась эта встреча… Нам не по пути».

Аннæйæн йæ бон нæ бацис, цы адæмимæ цард, цы æхсæнадмæ хауд, уыдоны зондыл йæ къух сисын, сæ сæрты ахизын, фæлæ басомы кодта, мой кæй никуы скæндзæн. Æмæ йæ ныхасæн хицау разынд: 80 аздзыд зæронд чызгæй амард, бынтон иунæгæй баззад, афтæмæй. Дзæуджыхъæуы цы хæдзары цард, уый та æрæджы нымад æрцыд республикæйы культурон бынтыл.

Нæ уыд йæ амонд иу поэтæн иннæ Аннæимæ дæр. Къоста Цæлыккатæм фатеры цард æмæ йæ уарзт сусæггаг никæмæнуал уыд. Фæлæ йын чызджы фыд бамбарын кодта, цæмæй сын сæ фатер суæгъд кæна. Къоста сæм барвыста минæвæрттæ дæр, фæлæ йын чызг дæр нæ бакуымдта. Къоста йæм йæ уаз æнкъарæнтæ равдыста йе ʻмдзæвгæ «Ногбон æхсæв»-ы:

Дæ къухмæ дын куы февналин

                         Куы зæгъин: «Гъей, чызгай»!

                         Йæ царды йас дæу чи уарзы,

                          Гъе уый, мæ хуры хай!

Къостайы хуызæн сыгъдæгуд, курдиатджын лæппу афтæ æнамонд цæмæ уыд, уыййас зонгæ чызджытæй йын амонд куыд ничи æрхаста. Уый тыххæй поэт Дауырæ уайдзæф кæны Аннæйæн йе ʻмдзæвгæ «Ныхас Цæлыккаты Аннæйы хуызистимæ»-йы:

Цы нæм кæсыс сæрыстырæй бæрзæндты?

Къостайы фырты нæ ауызтай, мыййаг…

Ныссуйтæ ис куырыхон лæг йæ фæндты…

Ирон адæмæй баззадтæ хъæстаг…

Дæ ном дын, Аннæ, зонæм мах йæ фæрцы,

Дæ фыды номмæ бафтыдтаид кад.

«Кæй чызг уыдис»-æй иунæг дæр нæ фæрсы –

«Къостайы уарзон» – афтæ дæ нымад.

Къостайы зæрдæйы уарзты арт ссыгътой дыууæ Аннæйы, дыууæ зæды, дыууæ ахуыргонд чызджы – ирон Аннæ æмæ сомихаг Аннæ, фæлæ йын дзы иу дæр амонд не ʻрхаста. Афтæ йæ иннæ музæ Хуырымты Лулу дæр…

Поэт Джыккайты Шамил фыста: «Къоста сыгъди цырагъау, йæ рухсмæ тахтысты гæлæбутау, æмбырдтæ йыл кодтой, фæлæ тарстысты йæ артæй æмæ дзы лыгъдысты дард, – куывтой йын æдас ранæй. Чызджытæ йæ уарзтой æнахуыр уарзтæй, куырдтой дзы æмдзæвгæтæ, æрвыстой йæм сæ къамтæ, фæлæ дзы иумæ дæр ахæм ныфс нæ разынд, цæмæй йæ хъысмæт хауæггаг поэтимæ сбæтта. Æмæ сыл худæн дæр нæй. Поэтмæ-иу хицауад куы фæхъызыд, уæд-иу ыл сæ дуар рахгæдтой йæ хæлæрттæ дæр».

Æвæццæгæн, генитæ æрмæст сæ адæмы хорздзинадæн райгуырынц, сæ цард уыдон амондæн снывонд кæнынц, сæхæдæг та фылдæр хатт мæгуыр æмæ æвæстагæй ацæуынц цардæй. Фæлæ нæ амæлы сæ фарн. Къоста йæ сыгъдæг уды фарн æмæ бæллицтæ поэтикон рæнхъытæй ныууагъта уæлæуыл æмæ йын уыдон кувыны цырæгътау рухс кæндзысты йæ ном.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.