Ацы бонты Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы æрцыдысты Женевæйы дунеон дискусситы æмсæрдæрттæ Евроцæдис, ЕÆÆО æмæ ИНО-йæ. Балцы нысан уыд дискусситы радон раунды боны фæткы фарстытыл æруынаффæ кæнын. Дунеон дискусситы минæвæрттæ фембæлдысты хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтимæ. Фембæлд уагъта Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин. Хуссар Ирыстонæй дзы хайад райстой Фæсконфликтон фарстытæ æрбæстон кæныны фæдыл РХИ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвары хæдивæг Коцты Егор æмæ адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл Президенты цур æххæстбарджын минæвар Тасойты Инал.

Коцты Константин куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ цы ахсджиаг ӕмӕ сӕйраг фарстытыл хъӕуы ӕруынаффӕ кӕнын, уыдон сты ӕдасдзинад, стабилондзинад ӕмӕ Гуырдзыстонимӕ арӕнты делимитаци ӕмӕ демаркацийы фæдыл. Уымӕн ӕмӕ уый у нысаниуӕгджын фактор регионы ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинад сфидар кӕнынӕн.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, женевӕйаг дискусситӕ сӕ раздӕры куысты уагыл уагъд кӕй цӕуынц ныр, уымӕн стыр нысаниуӕг ис, ӕмткӕй, регионы уавӕры фӕдыл.

«Женевӕйы фӕстаг фембӕлдӕй фӕстӕмӕ бирӕ цаутӕ ӕрцыд. Ӕмӕ нын ис, цӕуыл ӕруынаффӕ кӕнӕм ӕмӕ нӕ фидӕны пълӕнттӕ куыд бахынцӕм, уый», – банысан кодта уый.

Евроцӕдисӕй ӕмсӕрдар Тойво Клаары ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фембӕлд ахсджиаг у, цӕмӕй уынаффӕ кӕнӕм, ӕмӕ дарддӕр, ӕрӕджы цы трагикон цаутӕ ӕрцыд арӕнтӕм хӕстӕг, ахæмтæ мауал ӕрцӕуой. Уымӕн ахъазгӕнӕг уыдзӕн, зӕгъгӕ, нӕ абоны ӕмӕ Женевӕйы фембӕлд дӕр.

ИНО-йӕ ӕмсӕрдар Джихан Султаноглу банысан кодта, Женевӕйы дискусситы радон раунды хӕдразмӕ кӕй хъӕуы ӕруынаффӕ кӕнын ахсджиаг фарстатыл. Уымӕн ӕмӕ нын, зӕгъгӕ, бирӕ ахсджиаг темӕтӕ ис, кӕцытыл хъӕуы ӕрдзурын. Ныфс бавӕрдта, дискусситы мандаты фӕлгӕтты хъӕуӕг боны фӕткыл лӕмбынӕг уынаффӕ кӕй цӕудзӕн ӕмӕ радон фембӕлды кæй сараздзыстæм размӕ къахдзӕфтӕ.

ЕӔӔО-йӕ ӕмсӕрдар Виорел Мошануйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Кирбалийы хъӕуы цы инцидент ӕрцыд, уый фӕстӕ ацы фембӕлд рӕстӕгыл у. Ахсджиаг у, уавӕр кӕй ӕрсабыр ӕмӕ стабилон кӕй у.

 

Брифинг фембӕлды фӕстиуджыты тыххӕй

Женевӕйы дискусситӕм цӕттӕгӕнӕн фембӕлдӕн хатдзӕгтӕ аразгӕйӕ Евроцӕдисӕй ӕмсӕрдар Тойво Клаар куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женевӕйы дискусситы ахсджиаг хӕс у арӕнтыл цӕрджыты ӕдасдзинад ифтонг кӕнын.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фембӕлды хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ уынаффӕ цыд Женевӕйы радон раундмӕ бацӕттӕ кӕныны фарстытыл, ӕмӕ арӕнгӕрон территорийыл цы инцидент ӕрцыд, ууыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Кирбалы хъӕуы цы цау ӕрцыд, цӕй фӕстиуӕгӕн фӕмард адӕймаг, уый тыххӕй мах, куыд ӕмсӕрдӕрттӕ, афтæ тыхсӕм. Уымӕ гӕсгӕ иумӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, арӕнтæм хæстæг цӕрджыты ӕдасдзинад куыд ифтонг хъуамӕ цӕуа, уыцы ахсджиаг фарстыл. Женевӕйы дискусситы ахсджиаг хӕсыл банымадта цӕрджыты интерестӕ ӕмӕ домындзинӕдтӕм ӕмбӕлон хъусдард здахын.

Тойво Клаар ныфс бавӕрдта, Женевӕйы радон бадзырдтытӕ ӕнтыстджын кӕй уыдзысты, иумӕ кӕй уынаффӕ кӕндзысты, уымæй, ӕмӕ кæй ӕркӕсдзысты ӕрцӕугӕ ӕнгӕс цаутӕ цӕмӕй фӕлхатт мауал ӕрцӕуой. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, арӕнгӕрон территориты цӕрджытимӕ ӕрмӕст цавӕрдӕр фӕткойтыл дзурын нӕу ахсджиаг, фӕлӕ ма хынцыд хъуамӕ цӕуа уый дӕр, ӕмӕ бынӕттон цӕрджытӕн историон бастдзинӕдтӕ кӕй ис аргъуантӕ ӕмӕ дзуӕрттимӕ.

«Уыцы бастдзинӕдтӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм ӕмӕ иумӕ хъуыды кӕнӕм трагедитӕ аиуварс кӕныныл, цӕмӕй арӕнтӕм хӕстӕг цӕрӕг адӕмы цард бахъахъхъӕнӕм», – дзырдта Клаар.

ИНО-йӕ ӕмсӕрдар Джихан Султаноглуйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Женевӕйы дискусситы ӕмсӕрдӕртты куыст ма у, цӕмӕй аразой ӕппӕтдӕр, ӕмӕ регионы æрфидар уа  сабырад. Куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ 15 азы дӕргъы дискусситы боны фӕткмӕ цы фарстатӕ хауы, уыдонӕй бирӕтӕ биноныг не ‘рцыдысты абоны онг.

Бӕрӕг куыд у, уымӕ гӕсгӕ дискусситы иууыл сӕйраг фарстатӕ сты  – тыхӕй пайда кӕй нал ӕрцӕудзӕн, уый, ӕмӕ лигъдӕттӕ ӕмӕ æвӕндонӕй сӕ цӕрӕнбынӕттӕ чи фесӕфта, уыдон сӕ хӕдзӕрттӕм ӕрбаздахын. Уыцы домæн сӕххӕст кӕныны фӕдыл нӕ ныфс ма хъуамӕ асӕтта ӕмӕ арӕнгӕрон ӕрцӕугӕ инцидиденттӕ дарддӕр фӕлхатт мауал хъуамӕ ӕрцӕуой.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕуы кусын ууыл дӕр, цӕмӕй арӕнгӕрон зонӕйы цӕрджыты цард уа ӕдас ӕмӕ стабилон.

Ӕмсӕрдӕрттӕ куыд бауынаффӕ кодтой, уымӕ гӕсгӕ Женевӕйы дискусситы раунд уагъд ӕрцӕудзӕн ацы аз декабры мӕйы райдианы.

Къæбулты Марина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.