Алы аз дæр нæ республикæйы банысан кæнынц æмæ æрымысынц, Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй чи нал æрыздæхт, афтæ ма инвалид чи систы, уыдоны.  Ӕмæ уый хорз хъуыддаг у, нæ кæстæртæ хъуамæ зоной, ивгъуыд æнусы цы тугкалæн хæст цыдис, уый тыххæй. Уыцы хæстмæ Цхинвалы районы Снекъы хъæуæй дæр, иу артдзæстæй араст сты Джиголаты бинонтæ  æхсæзæй. Уæвджыйæдæр, куыд диссаг у цард. Уый æнхъæл никуы уыдысты Джиголаты æфсымæртæ Реуаз, Карум, Гозо æмæ Гедзо æмæ цы хъæбулты фæхъомыл кодтой, уыдоны сæхæдæг афæндараст кæндзысты фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл.

Хæххон хъæу Снекъы цæргæйæ нывæзтой, сæ дарддæры царды фæндтæ.  Сæ цыппар дæр зæххы æмæ фосдарды куыст кодтой. Сæхи хъарутæй, сæхи фæллойæ арæзтой сæ цард. Ӕркодтой бинонтæ, фæзындис сын зæнæг. Уыцы амонд не ‘рхауд æфсымæртæй сæ иу – Реуазмæ. 1920 азы гуырдзиаг меньшевиктæ арт куы бафтыдтой æгас Хуссар Ирыстоныл, уæд 13 коммунаримæ уыдис уый дæр æмæ йæ Згъудеры къуылдымыл фехс-той йæ иннæ æмбæлттимæ. Тынг фæмаст кодтой æфсымæртæ сæ мадызæнæджы сæфтыл, фæлæ цы гæнæн уыд, адзалæн мадзал нæй æмæ та дарддæр кодтой сæ царды кой. Апарахат сты иннæ æртæ æфссымæрæн сæ зæнæг. Карумæн фæзынд дыууæ фырты. Гедзойæн дæр баисты дыууæ фырты æмæ Гозойæн та цыппар фырты.  Бинонты цинæн кæрон нæ уыд. Сæ тыхыл, цыма, ноджыдæр тых бафтыд, фылдæрæй-фылдæр кодтой сæ фос, сæ зæххытæ. Рæзтысты сæ зæнæг дæр æнæниз, æнæфыдбылызæй æмæ куы бахъомыл сты, сæ лæджы кармæ куы бацыдысты, уæд уыдон дæр æрлæууыдысты сæ цард аразыныл. Бирæ рæсугъд фæндтæ сæм уыд, фæлæ, куыд акæнынц, мæгуыр лæг, дам, фæндтæ кодта æмæ йыл Хуыцау та худæгæй мард. Ӕрбалæууыд 1941 аз æмæ æвыдæй нæ аирвæзтысты хæсты азарæй Карум, Гедзо æмæ Гозойы зæнæг дæр. Гозойæн уæдмæ цы 4 фырты рахъомыл, уыдонæй Дианоз бахауд Финаг хæстмæ æмæ уым фæцæф. Сахъатджын кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ нал æрфарстой Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ, фæлæ иннæ æфсымæртæ Арчил, Михел æмæ Уакке бахаудысты хæстæн йæ цæхæрмæ. Уыдонæй сæрыгасæй æрыздæхт Уакке, иннæ дыууæ Арчил æмæ Михел сæ цард радтой сæ адæмы сæрибардзинады сæрыл. Арчил фæмард 1943 азы марты мæйы, Михел та –   1944 азы майы мæйы.

Джиголаты Гедзойы дыууæ фырты – Ладимир æмæ Бетъре дæр фæцыдысты тугкалæн хæстмæ.  Фæлæ сæ дыууæ дæр фæцыдысты фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл. Бетъре кæд нырма хæстхъом дæр нæ уыд, хæрзæвзонг уыд, уæддæр йæхи фæндонмæ гæсгæ, ацыд. Уыдон службæ кодтой æндæр æмæ æндæр рæтты. Хæстмæ ацæугæйæ, фыццаг бонæй фæстæмæ уыдон æнустæм фæхицæн сты кæрæдзийæ æмæ сæ ныййарджытæй дæр. Бирæ сæм фæдзынæзтой æнамонд ныййарджытæ фæсхæст дæр, уæддæр сæ ныфс нæ састой, чизоны нын дзы, зæгъгæ, иу уæддæр аирвæзтис æмæ нæм æнæнхъæлæджы фæзына. Фæлæ нæй… Ничи сæ фæзындис… Афтæ афтидæй аззадысты сæ дыууæ фыртæй Гедзо æмæ йæ цардæмбал Кика. Æмæ сæ цард кæугæ –  ниугæйæ æрвыстой се ‘дзард хъæбултæм дзыназгæйæ.

Кæрæдзийы фæдыл ацыдысты Карумы дыууæ фырты Степан æмæ Захар дæр тугкалæн хæстмæ. Раджы ахицæн сты сæ цардæй Карум æмæ йæ бинойнаг Даро æмæ лæппуты хъомыл кодта сæ фыдыæфсымæры ус Кика. Куыстмæ, ахуырмæ æвзыгъд разындысты æфсымæртæ. Степан, Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд йæхи акæнын кодта хæстмæ.  Уыдис Славянск-Кировограды 29-æм æхсæг дивизийы 105 æхсæг полчъы дыккæгæм æхсæг батальоны командиры хæдивæг. Бирæ карз тохты иста хайад Степан. Знаджы ныхмæ тох кæнгæйæ Джиголайы фырт йæхи равдыста, куыд арæхстджын æмæ ныфсхаст политикон кусæг, афтæ. Уый рæхст уавæрæн раст аргъ скæнынмæ æмæ уæззау уавæрты разылæууæг хæстæ æнтысгæйæ æххæст кæнынмæ. Хи цæвиттонæй уый иннæ хæстонты дæр разæнгард кодта, знаг-иу кæм æрфидар, уыцы бынæтты штурмæй исынмæ. Йæ арæхстджын разамынады руаджы баталон партион æмæ фæскомцæдисон организацитæ разæнгардæй æххæст кодтой сæ разылæууæг хæстæ. Ахæм характеристикæ йын радта батальоны цы полчъы сконды уыдис, уый командир, йæ амæлæты фæстæ йæ «Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дыккаг къæпхæны» орденæй схорзæхджын кæнынмæ бавдисгæйæ.

Бир рæсугъд фæндтæ уыд Захармæ дæр. Скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд-иу йæ ахуыргæнджытæм кæсгæйæ батæхуды  кодта,  зæгъгæ,  тæхуды æмæ æз дæр искуы афтæ куы æрлæууин ахуыргæнинæгты раз. Æмæ скъола куы бакаст,  уæд каст фæцис Цхинвалы педтехникум. Ныр йæ бæллиц сæххæст. Куыста Дзауы районы ахуыргæнæгæй, стæй та Къуайсайы скъолайы директорæй. Хæсты размæ та раконд æрцыд Дзаумæ æмæ куыста Дзауы районы тæрхондоны. 1942 азы Захармæ дæр æрсидтысты Сырх Æфсады рæн-хъытæм. Райдианы уал æрвыст æрцыд Тбилисы æфсæддон ахуыргæнæн-донмæ æмæ йæ куыддæр бакаст, афтæ йын лæвæрд æрцыд лейтенанты чин æмæ йæ арвыстой Украинæмæ. Уым архайдта Украинæйы горæттæ æмæ хъæутæ ссæрибар кæныны тохты. Карз тохтæ сын бацайдагъ ис цæрæн пункт Рогочевмæ хæстæг. Джиголаты Захар йæхи равдыста æхсарджын æмæ фæндвидар командирæй. Йæ дæлбар æфсæддонтимæ знагæн хастой стыр зиæнттæ. Иу ахæмы та сын бацайдагъ карз тох. Знаг бырста размæ. Бæргæ лæууыдысты йæ ныхмæ, фæлæ уый разынд тыхджындæр æмæ фæцагъды сты, Захар цы ротæйæн командæ кодта, уыдон. Йæхæдæг дæр уæззау цæф фæцис. Йæхи куы æрæмбæрста, уæд зынтæй схæцыд йæ цæсты уæлтъы-фылтыл. Кæсы æмæ йæ гуыбынæй рафæрсыл сты йæ тъæнгтæ. Арæхстгай сæ бавæрдта æмæ йæ гуыбын тынг æрбалхъывта йæ цинелы фæччийæ, афтæмæй куыддæрты бабырыдис нæхи-уæттæм æввахс.  Уыдон æй куы федтой, уæд æй аластой госпиталмæ. Дохтыр æм куы æркаст, уæд бардзырд радта, цæмæй йæ аласой моргмæ, зæгъгæ, уымæй пайда нал ис. Дохтыримæ уыд æвзонг хирург дæр. Уый бар ракуырдта, зæгъгæ, кæд гæнæн ис, уæд бафæлварон операци йын скæныныл. Æрæв-нæлдта операцимæ æмæ йын йæ тъæнгтæй ралыгтæ кодта 50 сантиметры бæрц, стæй йæ бахуыдта. Уыцы карз тохты йæхи хъæбатырæй кæй æвдыста, уый тыххæй Захар хорзæхджын æрцы-дис «Хъæбатырдзинад»-ы тыххæй майданæй.

Нал сбæззыд хæстæн Джиголайы фырт. Лæвæрд ын æрцыд фыццаг къорды инвалиды ном æмæ йæ рарвыстой. Æрцыдис йæ райгуырæн уæзæгмæ. Уæдмæ йæ цардæмбал Зоя йæ сывæллæтты акодта Дзауæй, йæ цæгатæй, сæ райгуырæн хъæу Снекъмæ. Уым куыста ахуыргæнæгæй. Захары æрыздæхт стыр циндзинад æрхаста йæ хъæубæстæн, йе ‘ввахс хиуæттæн, уæлдайдæр та йæ фыдыфсымæртæн. Уымæн æмæ сæ артдзæстæй кæрæдзийы фæдыл цы æхсæз æйттмардзæ хæстоны арвыстой, уыдонæй ма сæрæгасæй, кæд сахъатджынæй, уæддæр æгас хæдзар ссардта Захар. Иннæтæ фондзæй бабын сты тугкалæн хæсты.

Джиголаты Захары кæд йе ‘нæниздзинад нæ амыдта, уæддæр æнцад нæ бадтис. Уайтагъд кусын райдыдта Снекъы скъолайы директорæй. Кодта хæдзары алыгъуызон куыстытæ дæр. «Уæвджийæдæр, æнæбоны æмгъуыд мæлæт нæй, æндæра æз цы дудгæ-бæтты бахаудтæн, уый фæстæ ма удæгасæй куыд баззадтæн», – йæ хæстон хабæрттыл дзургæйæ-иу арæх загъта ацы ныхас Захар.

Захар фæцардис 1992 азмæ. Сæххæст ыл 82 азы. Æмæ ма ноджыдæр ацардаид, фæлæ йын йæ царды бонтæ фæцыбырдæр кодта гуырдзиагирон хæст. Дменис æрхъулайы куы бахауд æмæ сæ знаг Ереды къуылдымæй бынмæ алыгъуызон хæцæнгæрзтæй куы æхста, уæд ын раласæн дæр нал уыдис æмæ сахъатджын, зæрдæнизджын лæг нал бафæрæзта уыцы хъизæмæрттæн…

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.