Нæ республикæйы ахуырдзау фæсивæд æмæ ныййарджытыл сæмбæлд  æхсызгон хабар. Организаци æрцыдысты сæрдыгон улæфæн лагертæ. Уыдонæй уал иу ныридæгæн байгом ис Цхинвалы скъола-интернаты базæйыл. 20 июны официалонæй уагъд æрцыдис лагерь байгом кæныны церемони сæрмагонд программæйы фæлгæтты, лагерь та йæ куыст райдыдта 18 июнæй.

Æвæццæгæн, скъолайы ахуыры фæстæ рæзгæ фæсивæдæн сæ иууыл зæрдиагдæр бæллиц у сæрдыгон каникулты рæстæджы хъæлдзæг рæстæг æрвитын. Уыдон æнæрхъæцæй, стыр цинимæ фенхъæлмæ кæсынц сæрдмæ. Сæ нанатæ æмæ дадатæ дæрддзæф кæмæн фæцæрынц, уыцы сывæллæттæн та хъæутæм ацæуын æмæ сатæг уæлдæф парахатæй сулæфын вæййы се стырдæр бæллиц.

Куыд ма фыстам нæ газеты фæрстыл, афтæмæй ацы аз дæр æндæр азтау нæ Хицауады хъæппæрисæй организацигонд æрцыдысты сæрдыгон лагертæ куыд Цхинвалы скъола-интернаты базæйыл, афтæ Къуайсайы скъолайы базæйыл дæр.

Сæрдыгон лагертæ организацигонд куыд æрцыдысты, кæмыты сæ байгом кæндзысты, афтæ ма цавæр программæтæм гæсгæ кусдзысты, æппæт уыдæтты тыххæй нын радзырдта РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады уæлæмхас хъомылады хайады гæс Джиоты Эльзæ.

– Ныртæккæ сæрд ис йæ тæмæны æмæ мах бацархайдтам, цæмæй нæ республикæйы ахуырдзау фæсивæдæн бакодтаиккам сæрдыгон улæфæн лагертæ. Лагерты сорганизаци кодта нæ министрад. Ныридæгæн уал мах байгом кодтам боныгон лагерь Цхинвалы скъола-интернаты базæйыл. Ацы ран баулæфдзысты сывæллæттæ æртæ фæлтæрæй, æмæ æдæппæтæй  уыдзысты 420 бæрц. Ам улæфдзысты фыццаг къласæй фæндзæм къласы онг кары ахуырдзаутæ. Ацы аз та фæфылдæр кодтам улæфджыты нымæц, уымæн æмæ нæм æрбахатынц бирæ адæм. Дарддæр ма мах фæнд кæнæм горæтæн æдтейæ – Къуайсайы астæуккаг скъолайы базæйыл бакæнын улæфæн лагерь. Уым та баулæфдзысты 120 сывæллоны дыууæ фæлтæрæй. Ацы лагермæ та арвитдзыстæм хистæр кълæсты ахуыргæнинæгты. Уымæй дарддæр ма нæм æрцыдис фыстæджытæ Донецк æмæ Луганскæй, цæмæй та куыд ивгъуыд аз, афтæ та ацы аз дæр сæ фæсивæд баулæфой нæ республикæйы. Мах сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, райсдзыстæм æмæ сæ суазæг кæндзыстæм. Махæн нæ зæрды ис, цæмæй сæм арвитæм 25 хонæн гæххæтты.

Фæнды ма мæ зæгъын уый, æмæ ныртæккæ кæй кусæм сывæллæтты Хъырыммæ улæ-фынмæ арвитыныл. Фæнд кæнæм 50 адæймаджы арвитын. Уыдонæй 45 уыдзысты сывæл-лæттæ æмæ фондзæй та, семæ чи ацæуа, ахæмтæ. Иу дзы æнæмæнг хъуамæ уа медицинон кусæг. Хъырыммæ сывæллæтты хъуамæ афæндараст кæнæм дыккæгæм июлы дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ. Хъырыммæ ацæуыны тыххæй фæндагон хæрдзтæ 30 сывæллонæн йæхимæ райста нæ министрад æмæ иннæ 20 адæймагæн та сæ фæндаджы хæрдзтæ фиды нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Хъырыммæ кæй æрвитæм, уыцы сывæллæтты категоритæм хауынц, скъолайы тынг хорз чи ахуыр кæны, æххуысхъуаг бинонтæй чи сты, афтæ ма бирæсывæллонджын бинонтæй дæр, – радзырдта министрады кусæг Джиоты Эльзæ.

Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй лагеры арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр. Сывæллæттæ сæ рæстæг цæмæй хъæлдзæгæй арвитой, уый тыххæй та сын развæлгъау бацæттæ кодтой цымыдисон хиирхæфсæн программæтæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.