Ацы ӕрыгон нӕлгоймаджы хъӕу ауызта йӕ хъарм хъӕбысы, ам байрӕзт ӕмӕ бахъомыл. Кӕд ныртӕккӕ горӕты ис йӕ куысты бынат, уӕддӕр арӕх бацӕуы йӕ райгуырӕн хъӕу Сатихъармӕ ӕмӕ дзы фӕисы уды ӕхцондзинад. Афтӕ йӕм фӕкӕсы, цыма ам йӕ уӕлдӕфӕй фылдӕр ӕмӕ рогдӕрӕн фӕулӕфы, райгӕйӕ ӕрзилы, чысылӕй фыццаг къахдзӕфтӕ цы зӕххыл акодта, уыцы бынӕттыл. Ӕнӕмӕнг, хъӕуы кӕй райгуырд ӕмӕ байрӕзт, царды фӕндагмӕ ардыгӕй кӕй абалц кодта, уымӕн ын сты Ирыстоны хъӕутӕ уӕлдай адджындӕр. Йӕ хъуыдыйы раджы сӕвзӕрд хъӕутӕм балцы цӕуын ӕмӕ йын уыцы фӕнд ӕххӕст кӕнын дӕр райдыдта. Хъӕутӕм кӕй афӕндараст вӕййы, уый фӕстиуӕгӕн бацӕттӕ кӕны телералӕвӕрд Хуссар Ирыстоны телеуынынады ӕмӕ йӕм ӕхсызгонӕй фӕкӕсынц нӕ телемӕкӕсджытӕ.

– «Аивадон балц» – афтӕ схуыдта Мамытаты Геннади Ирыстоны хъӕутӕм йӕ фӕндаджы ном. Уый балцы ацӕуыны агъоммӕ йӕ хъуыды бамбарын кӕны йӕ хорз зонгӕтӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕн, рахӕцынц йӕ фарс ӕмӕ фылдӕр хатт къордӕй ӕрзилынц иу кӕнӕ иннӕ хъӕуыл. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ фылдӕрӕй ацӕуын нымайы хуыздӕрыл, уӕд цӕрджытӕм бацӕугӕйӕ ӕмӕ семӕ фембӕлгӕйӕ, хъӕлдзӕгдӕр ӕмӕ мидисджындӕр рауайы сӕ балц. Цӕвиттон, ирон зарӕджы зӕлланггӕнӕг хъӕлӕс куы анӕры кӕмтты, ирон фӕндыры минмырон хъӕлӕс куы айзӕла уӕлдӕфы, кӕнӕ нӕ диссаджы кӕфтытӕ «Симд», «Хонгӕ» ӕххӕстгӕнджытӕ куы сӕххӕст кӕной, уӕд ма уыдонӕй хуыздӕр цӕмӕ байхъусдзӕн ӕмӕ бакӕсдзӕн адӕймаг! Ӕмӕ уал ахӕм ӕхцондзинад ӕрхастой сӕ аивадон балцӕй хъӕууон ӕмбӕстӕгтӕн, кӕд нымӕцӕй бирӕ нал сты, уӕддӕр. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ къорды уӕнгтӕ фылдӕр цӕуынц, иугай хӕдзӕрттӕ ма кӕм ис, стӕй бынтон чи федзӕрӕг, ахӕм бынӕттӕм дӕр. Абоны онг уал уыдысты ӕмӕ алӕвӕрдтӕ бацӕттӕ кодта Мамытайы фырт Ортъеу, Вилда, Гуынугъ, Нипарет, Шихантур, Църу, Едыс, Бендеры хъæуты ӕмӕ Хъелы цады тыххӕй.

Мамытайы фырты куы бафарстон, цы дӕ разӕнгард кӕны ахӕм балцыты цӕуынмӕ, зӕгъгӕ, уӕд мын дзуапп радта, Ирыстоны хъӕутӕ ӕмӕ йын йӕ адӕм тынг адджын кӕй сты. Уымӕ гӕсгӕ сын сӕ царды уавӕртимӕ куы базонгӕ вӕййын, уӕд мын вӕййы тынг ӕхсызгон. Иннӕмӕй та ракой кӕны, цы зындзинӕдтыл фембӕлынц, уыдон тыххӕй дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕйдӕрты ӕфхӕрыны тыххӕй сын нӕ фӕдзурын сӕ риссаг фарстатыл, фӕлӕ сын уӕддӕр кӕд исчи бамбарид сӕ зындзинӕдтӕ. Абоны онг уал цы хъӕутыл ӕрзылд, уыцы цӕрджыты тынгдӕр тыхсын кӕны дон, фӕндаг ӕмӕ электроэнергийы  цухдзинад.

Хъӕуты цӕрджытӕн сӕ бӕркады гуырӕнтӕ сӕйраджыдӕр сты зӕххы куыст ӕмӕ фосдард ӕмӕ сыл нӕ исынц сӕ къух.

Мамытайы фырт Ирыстоны хъӕутӕм фæцæуы бӕрӕгбонмӕ цæуæгау. Ацы балцӕн ис хъомыладон нысаниуӕг дӕр. Фыццаг уал уый, ӕмӕ кӕстӕр фӕлтӕр, уӕлдайдӕр та горӕты чи хъомыл кӕны, уыдон хуыздӕр базондзысты ӕмӕ банкъардзысты хъӕууон цард, йӕ цӕрджыты фыдӕбон ӕмӕ сын аргъ дӕр хуыздæр кӕндзысты.

Бацымыдис кодтон, Хуссар Ирыстоны хъӕутӕ ӕмӕ кӕмттыл ӕрзилгӕйӕ, «Аивадон балц» йӕ диссаджы ӕвӕрӕнтӕй куы фӕхайджын кӕна алкӕйы дӕр, уӕд кӕронбӕттӕны цавӕр хатдзӕгмӕ ӕрцӕуиккой. Геннади хъуыды дӕр нӕ акодта, афтӕ ӕвиппайд дзуапп дӕттынмӕ фӕци:

– Афтӕ ма банхъӕл, ӕмӕ Хуссар Ирыстон чысыл у. Нӕ, стыр у Ирыстон, дзӕвгар сты йӕ хъӕууон бынӕттӕ ӕмӕ уыдоныл ӕрзилын, афӕлгӕсынӕн дзӕвгар рӕстӕг хъӕуы ӕмӕ мын уый тынг ӕхсызгон у. Фӕлӕ «Аивадон балц» кæд ӕрзила нӕ республикӕйы ӕппӕт хъæутыл дæр, уӕд дзуапп ратдзысты рӕстӕг ӕмӕ балцы фӕстиужытӕ сæхæдæг.

Уӕдӕ хорзӕй ӕнтысӕд Мамытаты Геннадийӕн йӕ арфӕйаг хъуыддаджы, «Аивадон балц»-та Уастырджыйы фæдзæхст уæд æмæ сæ фæндæгтæ рог уæд.

                                                                                ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.