1941-1945 азты уæззау хæстон рæстæг. Бирæ ирон лæппутæ фæцыдысты заргæ хæстмæ, бирæ туг ныккалдтой сæрибардзинады сæрыл тохы… Æмæ Стыр Уæлахизмæ бахастой сæ уæзгæ бавæрд. Хæстмæ чи фæцыд, уыдонæй бирæтæн нал бантыст фæстæмæ сæ ныййарджыты, сабиты, цардæмбæлтты, хæлæрттыл сæмбæлын  – сæ сæртæ нывондæн æрхастой сæрибардзинады сæрыл тохы, фæлæ уæддæр ничи æмæ ницы ферох – сæ ном æнустæм цæргæйæ баззад уæлæуыл.

Нæ ферох сты Ленингоры районы Захъоры хъæуккаг Музиаты Георги æмæ йæ цардæмбалы  цыппар зынгхуыст фырты рухс нæмттæ дæр. О, зын у уыдоны цардвæн-дагыл дзурын, фæлæ… хъæугæ та æнæмæнгæй кæны.

Хæсты агъоммæ хуымæтæг æнæхин лæппутæ цæсгомджынæй фæллой кодтой Захъоры колхозы. Хъæубæстæй алкæмæн дæр уыдысты уарзон адæймæгтæ, се стыр ныфсытæ. Чизоны сæм цы хорз фæндтæ уыд сæ дарддæры царды, фæлæ сын нал бантыст сæ рæсугъд фæндтæ сæххæст кæнын. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ советон адæмыл ныккодта уæззау рæстæджытæ.

Æфсымæртæ радгай ацыдысты фронтмæ. Фæндараст сæ кодтой сæ сидзæргæс мад (уæд сæ фыд Георги сæрæгас нал уыд) æмæ бинонтæ, хъæбултæ, сæ хъæубæстæ…

Беса хæсты агъоммæ дæр æфсады уыд æмæ 1941 азы йе ‘рцæуыны афон бæргæ уыд, фæлæ нал æрыздæхт, бахауд архайæг фронтмæ. Бинонтæ æркæнын дæр ын нæ бантыст. Иннæ æфсымæр Шакрийæн бинонтæ уыд, йæ фондз сывæллон æмæ йæ цардæмбалæн хæрзбон загъта æмæ фæцыд хæстмæ, ацыд фæцу æмæ марцуйы фæндагыл.

Æртыккаг æфсымæр Гришайæн уый фадат дæр нал фæцис æмæ чындзæхсæв скодтаид – йæ уарзон куырдуаты баззад, бæргæ йæм фенхъæлмæ каст, фæлæ…

Цыппæрæм æфсымæр Сережæн дæр нæма уыд бинонтæ. Афтæмæй уый дæр фæцыд хæстмæ. Фæцыдысты цыппар æфсымæры фронтмæ æмæ дæрæн кодтой цыфыддæр знаджы. Рох сæ нæ уыдысты, фæстейæ кæй ныууагътой, уыдон – фыстой сæм ныфсы фыс-тæджытæ, зæгъгæ, бафæразут ма иу чысыл æмæ уæдмæ знаг дæр дæрæн æрцæудзæн.

Рæстæг цыд. Знаг фæстæмæ алæууыд. Куыдфæстагмæ, лæппутæй ницыуал хабар хъуыст. Ныййарæг мад ма йæхицæн ныфсытæ бæргæ æвæрдта, зæгъгæ, хæст фæуыдзæн æмæ уæлахизимæ æрыздæхдзысты, фæлæ фыдæнхъæл фæцис, афтидæй абадт йæ цыппар хъæбулæй. 

Хæст фæцис, адæм хъæбыстæ кодтой кæрæдзийæн. Фронтæй чи здæхт, уыдоныл цин кодтой. Фæлæ Музиаты цыппар цæргæсы никуы-цæй нал разындысты…

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.