Ивгъуыд æнусы 20-30 азты цы фæсивæд рахъомыл, уыдонмæ амонд йæ мидбылты нæ бахудт. Иуæй дугивæнмæ æрхауд сæ цард, зæронд цардæвæрды ивта ног æмæ уый та баст уыдис тохимæ, гæвзыкдзинадимæ, бирæ хъизæмæрттимæ. Иннæмæй та сæм разæй æнхъæлмæ каст ноджы стырдæр фыдæвзарæн Стыр Фыдыбæстæйон хæст, кæцы мингæйттæй, милуангæйттæй нынныхъхъуырдта, цард аразынæн чи райгуырдысты, уыцы гъæйттмардзæ лæппутæ æмæ чызджыты.

Хæст йæ иувæрсты нæ ахызт Дзауы районы Хуымысæрты хъæуккаг цардæмбæлттæ Никъа æмæ Пенайæн дæр. Цалынмæ нæ райдыдта, уæдмæ уыдонæн сæ зæнæг конд уыдысты баисты аст сывæллоны мад æмæ фыд. Ныры рæстæджы махмæ диссаг фæкæсы, уыйбæрц сывæллæттæ искæмæн ис, уый куы фехъусæм, уæд. Уыцы рæстæджы та кæмæн ноджы фылдæр уыд, кæмæн та чысыл къаддæр. Æмæ алы хæдзары дæр уыйбæрц бинонты ’хсæн цы лæппутæ рахъомыл сты, уыдоны хæст ассывта…

Никъа æмæ Пенайæн æхсæз фырты уыдис. Уыдонæй сæ иу хæсты агъоммæ 17 аздзыдæй, йæ лæджы кары куы бацыд, уæд фæзиан. Бавзæрстой кæстæры рис æмæ ныр, хæст куы райдыдта, уæд сæ рыст зæрдæтæ ноджы ныккæрзыдтой. Хæсты туг кæлы, хæсты маргæ кæнынц, сæ хæдзары та хæстхъом лæппутæ ис…

Цыдысты Ирыстоны алы къуымтæй йæ равзаргæ фæсивæд цыфыддæр знаджы ныхмæ тохмæ. Семæ баиу сты Цхуырбаты æфсымæртæй дæр æртæйæ Лентъо, Александр æмæ Христофор. Уый уыдис хæстæн йæ тæккæ райдианы. Бонæй-бонмæ ныййарджытæ сæ байрæзтмæ кæмæн æнхъæлмæ кастысты, хæдзары æмæ колхозы уæззау куыстыты сæ фарсмæ се ’нцой чи балæууыдысты, уыдонæй æртæйы афæндараст кодтой тугкалæн хæстмæ. Уыцы хæстмæ, кæцымæ ацæуæн ис, фæлæ дзы ал-кæмæн æрыздæхгæйæ нал вæййы.

Цыдысты бонтæ, хæст карзæй-карздæр кодта. Знаг бырста размæ, скæсæнырдæм, бырста Кавказмæ. Æфцгуыты сæрты, цæмæй знаджы диверсанттæ Фæскавказмæ ма ирвæзтаиккой, уый тыххæй арæзт æрцыд куынæггæнæг баталон. Уырдæм бацыдис Цхуырбаты æфсымæртæй цыппæрæм Ефим æмæ уый дæр хæдзарæй фæиппæрд стæм ис хатт-иу ын фæцис йæ бинонты абæрæг кæныны фадат.

Никъа — зæрдæнизæй рынчын адæймаг, уыцы уæззау хабæрттæм кæсгæйæ, æнкъардта, бирæ цæ-рæнбон ын кæй нал ис, фæлæ æдзух йæ цардæмбалæн ныфсытæ æвæрдта, алцыдæр хорз кæй уы-дзæн, хæст тагъд кæй фæуыдзæн æмæ сæ фырттæ фæстæмæ уæлахизимæ кæй æрыздæхдзысты. Йæ кæстæр фырт Иваны та фæдзæхс-та, цæмæй кæса йæ мадмæ, йæ хотæм, кæцытæй сæ иу уыдис рынчын.

Фыд каст йæ фыртмæ æмæ уыдта, райсомæй хæдзары куыстытæ акæнгæйæ, скъоламæ куыд ацæуы, стæй скъолайæ æрбаздæхыны фæстæ куыд «æрбайсæфы». Фыд базыдта, Иван кæй ацæуы райцентрмæ, йæ хъустыл æрцыд, цавæрдæр «Æрыгон гварди», дам, дзы аразынц… фыд йæ хъæбулы нæ къуылымпы кодта…

Ныййарджыты зæрдæтæ рыстысты, сæ фондз фырты хæдзайраг кæй нал сты, тыхстысты, сæ зæрдæтæ æнкъардтой, хæст сæ æвыдæй кæй нæ ныууадздзæн. Сау гæххæт-тытæ цыдысты æмæ цыдысты райцентрмæ, уырдыгæй сæ хастой хъæутæм. Истой дзы Хуымысæрты хъæуы цæрджытæ дæр. Æмæ дзы кæддæр сæ хæдзармæ дæр кæй бадæтдзысты, уыцы хъуыды сын æнцой нæ лæвæрдта.

Æрбалæууыд уыцы сау бон дæр. Райстой сау гæххæтт, сержант Александр Керчы зæххыл кæй фæмард, уый тыххæй. Фæлæ уыцы сау хабар нал фæриссын кодта Никъайы рыст зæрдæйы йæ райсыны хæдразмæ банцад йæ кусынæй…

Иу ахæмы Иван йæ мад æмæ йæ хотæн раргом кодта, кæй йæ айстой фæскомцæдисы рæнхъытæм æмæ «Æрыгон гварди»-йы къорды рæн-хъытæм дæр. Хæдзары уæвынæн ын бирæ рæстæг нал зад æмæ куыстыты уæз, сæйраджыдæр, æрынцад йæ кæстæр хо Заирæйы æнахъом уæхсджытыл.

Уæззау сты уыцы азты мысинæг-тæ, фæлæ сæ абон дæр Иван йæ зæрдыл хорз дары. Адæм æххормаг цард кодтой, уæлдайдæр та горæты æмæ ма хъæутимæ бастдзинад кæмæн уыд, уыдон сæ сывæл-лæтты æрвыстой уырдæм. Хуымы-сæртæм дæр æрбацыдысты Цхуырбаты Вахтанг (фидæны ахуыргонд) æмæ йæ æмном Цхуырбаты Иван (фидæны фыссæг) æмæ уыдон дæр ахуыр кæнынмæ цæуын райдыдтой ацы хъæуы скъоламæ. Вахтанг цыбыр рæстæгмæ ссис йе ’мкарæнты раздзог æмæ хъæуы фæскомцæдисон организацийы секретарь Къадзты Хаджумарæн йæ фæндон раргом кодта, цæмæй знагыл тагъддæр фæуæлахизы хъуыддагæн чи ахъаз кодтаид ахæм къорд сарæзтаиккой. Уый тыххæй фехъусын кодтой фæскомцæдисы Дзауы райкомæн дæр. Афтæ арæзт æрцыд «Æрыгон гварди». Йæ командирæй йын равзæрстой Иваны. Къордмæ бæрцæй уыдис æртæ цуангæнæн хæцæнгарзы, æдæппæт дзы цыдис 25 адæймаджы, уыдонæй дыууæ уыдысты чызджытæ. Къорды уæнгтæ кæд знагимæ ныхæй-ныхмæ нæ хæцыдысты, уæддæр æххæст кодтой, фæскомцæдисы райком-иу сын цы хæстæ радта, уыдоны. Æхсæвыгон хъахъхъæд-той колхозон хуымтæ æмæ цæрæн бынæтты, радгæсæй лæууыдысты фæндæгтыл, цæмæй диверсанттæ ма æрбаивæрзтаиккой, æххуыс кодтой дезертиртæ æмæ къæрныхты ахсынæн, æфцгуытыл се службæ чи хастой, уыдонæн хастой хæлцадон продукттæ, хæстон æрмæджытæ. Уымæй дарддæр ма цыдысты горæтмæ, фронты уавæр куыд уыдис, уый тыххæй Совинформбюройы ха-бæрттæ базонынмæ æмæ-иу стæй хъæутыл зылдысты æмæ семæ зонгæ кодтой цæрджыты. Уæдмæ немыцаг тыхæйисджытæ тард æрцыдысты Цæгат Кавказæй, уыцы нымæцы Цæгат Ирыстонæй дæр æмæ æфцгуыты хъахъхъæныны сæр нал хъуыдис. Ефим æрцыд йæ хæдзармæ. Нал хъуыд хæстон фæ-сивæдон къорды сæр дæр, фæлæ пырх нæ ныццис, рацарæзтой йæ фæсивæдон фæллойадон бригадæмæ æмæ хъазуатонæй куыстой колхозон быдырты æмæ фермæты.

Цыдис хæст дæр йæ кæронмæ. Сырх Æфсад æгас дунейы фервæ-зын кодтой фашистон емынæйæ. Сæрæгасæй чи баззадысты, уыцы хæстонтæ фæстæмæ здæхтысты хæстдзагъдæй сæ райгуырæн уæзгуытæм. Хуымысæрты хъæуы 30 цæрæг хæдзарæй фылдæр уыд æмæ дзы иу хæдзар нæ аирвæзт, йæ бæлццонæй сау гæххæтт чи нæ райста. Уыимæ дзы бирæты иугæйттыл нæ баззадысты цалдæргæйттæй сæ сæртæ нывондæн æрхастой Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл.

Цымыдисон рауад Цхуырбаты æфсымæрты хъуыддаг. Æртæйæ лæгæй-лæгмæ хæцыдысты цы-фыддæр знаджы ныхмæ, цыппæ-рæм уыцы знагæй хъахъхъæдта æфцгуыты, фæндзæм иууыл кæстæрдæр, йæ æрыгон кармæ нæ кæсгæйæ, йæ бон цы уыд, уымæй архайдта знагыл тагъддæр фæуæлахиз уæвыныл.

Хæсты фæстæ Иван астæуккаг ахуырад райста, æмæ бацыд ахуыр кæнынмæ нæ уæды педиснститутмæ. Каст æй куы фæцис, уæд куыста ахуыргæнæгæй Дзауы районы æндæр æмæ æндæр хъæуты скъалаты, стæй партийы Дзауы райкомы инструкторæй, хъæууон фæлхасадон æхсæнады сæрдарæй, æндæр бæрнон бынæтты.

Ныртæккæ у пенсиисæг, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран. Кæд ыл азтæ сæ уæз æруагътой, уæддæр нырма у уæнгрог, фезмæ-лынхъом. Активон хайад исы республикæйы ветеранон змæлды, у РХИ-йы Ветеранты советы уæнг. Куыд ветеран æмæ йæ дæсныйадмæ гæсгæ та ахуыргæнæг, афтæ хайад исы рæзгæ фæлтæры нæ адæмы хæстон æмæ фæллойадон традицитыл хъомыл кæныны. 90-æм хæстон азты дæр æдзух уыд нæ фæсивæдимæ, горæты хуссар арæнты хъахъхъæнджытимæ.

Амондджын у Иван бинонты царды. Йæ цардæмбал, милицийы майор Болататы Тамарæимæ схъомыл кодтой фырт æмæ чызг. Уыдон сæхæдæг ныр бинонты, кæстæрты хицæуттæ сты. Ветераны бæллиц у, цæмæй нæ адæм, уæлдайдæр та рæзгæ фæсивæд макуыуал бавзарой хæсты хъизæмæрттæ æмæ цæрой амондджынæй сабыр арвы бын сæ уарзон Ирыстоны.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.