Кæддæр мын, Плиты Грисы мардыл хъынцъым кæнгæйæ, дзæнæтыбадинаг Джыккайты Шамил афтæ зæгъы, зæгъгæ, дам, Грисы хуызæттæн мæлæт нæй. Æмæ, уыцы ныхæстæ куыд рæстдзæвин уыдысты, уый фæстагмæ тынгдæр бамбæрстон. Бæргæ, нæ чысыл Ирыстонæн-иу, Грисы хуызæттæ сæдæ азæй къаддæр куынæ цæриккой, фæлæ хъысмæты раз лæууæн нæй.

Йæ ном рох кæй нæу, уый та рабæрæг ноджыдæр, йæ райгуырды 110 азы юбилейон мадзæлттæ йын куыд парахатæй бæрæг кæнынц, уымæй. Æрæджы дæр та уый фæдыл Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы сбæрæг кодтой Грисы номарæн изæр. Грисы ном зынаргъ æмæ табуйаг у Ирыстонæн. Уымæ гæсгæ, зал йæ тæккæ дзаг уыд адæмæй. Кадджын фыссæджы мысæн изæрмæ æрбацыдысты фысджытæ, æхсæнадон архайджытæ, Грисы сфæлдыстадæн табугæнджытæ, скъолаты ахуырдзаутæ, Плиты мыггаджы минæвæрттæ.

Юбилейон изæр арæзт æрцыд библиотекæйы хайады сæргълæуæг Мурасты Риммæйы хъæппæрисæй. Гом дæр æй йæ разныхасæй уый бакодта. Риммæ бæстон радзырдта фыссæджы стыр курдиат æмæ царды фæндæгтыл.

«Нæ фидæны фыссæг райгуырди 1913 азы Хуссар Ирыстоны, Ручъы хъæуы. 1920 азы йæ ныййарджытæ æрцардысты Ногиры хъæуы. Скъолайы фæстæ каст фæцис Дзæуджыхъæуы педтехникум, стæй та – Мæскуыйы Театралон аивады скъола. Хъазыд Ирон театры сценæйыл, фæстæдæр уыд йæ директор, уыд журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор. Уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты фæдыл ын лæвæрд æрцыд бирæ хæрзиуджытæ».

Уый фæстæ сценæйыл равдыстой Грисы зындгонд кадæг «Чермен»-æй скъуыддзаг. Тынг аив æй ахъазыдысты Ирон театры артисттæ Битарты Алыксандр æмæ Хъæцмæзты Лазыр. Йæ фæндыры зæлтæй изæры архайджыты зæрдæтæ барухс кодта Ирон театры артисткæ Зæнджиаты Ритæ.

«Абон ардæм цы адæм æрбацыд, уыдон Грисæн куынæ аргъ кодтаиккой, уæд сæ тыхæй ничи цæуын кодта. Цæйнæфæлтау дæ исчи афтæ зæгъа, раздæр куы амардаид, зæгъгæ, фæлтау Грисы кадимæ цыбыр цард дæр фæкæн, – загъта филологон зонæдты доктор, профессор Плиты Гацыр. – Æз Грисы мæ гыццылæй фæстæмæ зонын æмæ дзы «сызгъæрин фест»-æй дарддæр, тызмæг ныхас никуы фехъуыстон. Иссæимæ дæр мæ уый базонгæ кодта. Нафи йæ кæддæр Расул Гамзатовимæ абарста æмæ раст уыд. Грис æрмæст «Авд цухъхъайы» куы ныффыстаид, Шекспиры «Отелло» æмæ «Король Лир»-ы – йеддæмæ куы ницы ратæлмац кодтаид, уæддæр йæ ном ирон литературæйы баззадаид».

Ахуыргонд Цыбырты Людвиг куыд загъта, афтæмæй мыггаг лæгтæй кадджын у æмæ дзы Плитæй фылдæр никæмæ ис. «Æрмæст фысджытæ сæм ис иуæндæс. Грисы хуызæттæ та æрмæст сæ мыггаджы лæгтæ не сты, фæлæ Ирыстонæн иумæйаг æмæ дзы Хуыцау фылдæр раттæд», – банысан кодта Цыбыры фырт.

Зындгонд фыссæг Хуыгаты Сергей куыд банысан кодта, афтæмæй Грисы уацмыстæн ахæм кад уыди, æмæ сæ адæм уынгты дзургæ цыдысты. Сергей ма бакаст Грисы æмдзæвгæ “Салдат” дæр.

«Грис ирон сценæйæн бирæ хæрзты бацыд. Уымæ гæсгæ, абон театры коллектив ам хъуамæ уаиккой. Фæлæ, афтæ рауад æмæ абон æвдисæм Грисæн йæхи фыст драмæ «Чермен». Актертæ сты сæ тæккæ репетицийыл æмæ сын хатырæй уæд», – загъта Ирон театры режиссер Сæбанты Тамерлан. Уый ма радзырдта фыссæгимæ баст хъæлдзæг хабæрттæ.

Журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ батæхуды кодта Грисы æмдугонтæм, ахæм адæймаджы лæгæй-лæгмæ чи зыдта, уыдонмæ æмæ радзырдта фыссæджы стыр хайбавæрд журналы куыстмæ.

Грисы тыххæй ма сæ мысинæгтæ загътой Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн, фысджытæ Дзасохты Музафер, Гуырдзыбегты Иринæ, ирон филологон факультеты декан Гуыриаты Эльвирæ, журналист Гасанты Валери æмæ иннæтæ.

Изæры архайджытæ зæрдиагæй байхъуыстой экранæй Грисы раныхасмæ. Уый радзырдта, Иссæйыл фæндзай азы куы сæххæст, уæд æм Иссæйы мад Аминæтимæ Мæскуымæ ирон хуынимæ куыд фæцыдысты. Уым ын, Иссæ, стъолы уæлхъус бадгæйæ, йæ разы æвæрд бæхы цæфхадæй конд æртхутæгдоны истори куыд радзырдта. Уый уыд, хæсты заман йæ быны цы бирæ бæхтæ фæмард, уыдонæй фæстаджы цæфхад. Уымæ гæсгæ, Грис ныффыста йæ зындгонд æмдзæвгæ «Æртхутæгдон». Экранæй ма зæлыдысты Грисы зарджытæ дæр.

Мадзалы кæрон изæры архайджытæн æмæ организатортæн мыггаджы номæй зæрдæбын арфæ ракодта Плиты мыггаджы советы сæрдар Хаджумар, сæ номдзыд лæгæн сын ахæм аргъ кæй скодтой, уый тыххæй.

Изæры ма поэты æмдзæвгæтæ бакастысты скъолаты ахуырдзаутæ.

Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, Къостайы номыл премийы лауреат, драматург, публицист, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дыууæ ордены, Фæллойадон Сырх тырысайы, Сырх Стъалыйы æмæ «Кады нысан»-ы орденты кавалер Плиты Грис стыр æвæрæн бахаста ирон литературæ æмæ театралон аивадмæ. Йæ чингуытæ «Базырджын азтæ», «Атакæ», «Салдат», «Авд цухъхъайы», «Цард æмæ мæлæт», «Уæлахизы кадæг», «Мады фæдзæхст», йæ драмæтæ «Къоста», «Сослан Цæразон», «Чермен», «Æууæнк», «Тæрхоны лæгтæ» æмæ бирæ æндæртæ æнустæм цæрдзысты. Фæлæ йæ уæлдæр хæрзиуæг та ссис адæмы уарзондзинад.

«Æз кувын амонды бæрзæндтæм…»

Бафиппайын хъæуы уый æмæ уыцы хъæппæрис фылдæр Плиты æнгом, фæрнджын мыггагæн сæхицæй кæй цæуы. Грисы ингæн фæстаг рæстæг æдзæллагмæ æрцыд. Мыггаг сæ сæрмæ нæ бахастой уый ахæм хуызы уынын æмæ йæ æрæджы иумæйаг хъарутæй тынг аив сарæзтой. Уæдæ ацы мадзалмæ дæр сæ хайбавæрд бахастой æмæ арфæйаг уæд. Йæ хорз лæгты чи нымайы, мæрдтæм дæр сын йæ лæггады хай чи кæны, уый йæхицæн аргъ кæны. Уыдон Грисы нал хъæуынц, уыдон хъæуынц абоны фæлтæрты. Æмæ ахæм хъæппæрис цы кæстæртæ уыной, уыдон цæуылдæрты сахуыр уыдзысты. Грисы хуызæттæ та æрмæст Плитæм нæ, фæлæ Ирыстоны фылдæр куыд гуыра, ахæм арфæ нын Хуыцау ракæнæд.

Джусойты Нина

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.